Адæймаджы  цард  æмæ  дуг  кæрæдзийыл  æнгом  баст сты.  Цардмæ  ивындзинæдтæ  дуг  хæссы.  Советон дуджы дæ,  кæдæм бафæндыдаид, уырдæм цыдтæ æдасæй, куыстыл  ничи  тыхст,  алцы  аслам,  æрмæст  зивæг  ма кæн. Фæлæ  уыцы  дугмæ  дæр  уыд  хъæндзинæдтæ.  Уыцы  цухдзинæдтæ   æвæрдтой  кусæг  адæмы  раз  алыхуызон цæлхдуртæ.  Фæлæ   дыууынæм  æнусы  кæрон  90-æм азты  Советон  хъомысджын  цæдисыл  ауагътой Балсæджы  цалх,  ауагътой  адæмыл  туджы  зæйтæ, нал  æмбæрстой  адæм  кæрæдзи,  нал  зыдтой,  чердæм  цæуынц,  уый,  фесæфт  æдасдзинад, сæрибардзинад,  æууæнкдзинад.     Ацы  дугивæнтæ   уæлдай  тынгдæр æвзæрырдæм  фæзындысты  чысыл  адæмы хаттытыл,  уыимæ иумæ  нæ  чысыл  Ирыстоныл дæр.

Нæ  «хорз»  сыхæгтæ   ныл  уагътой  туджы  зæйтæ дыууын  азы  дæргъы. Æниу  уый  размæ  дæр  цух  нæ  уыдыстæм  туджы  зæйтæй. Фæлæ дзы  фæстаг  рæстæджы  цы  туджы  зæйтæ  рацыд  нæ  чысыл  Ирыстоныл, уымæн  æмбал  нæй.

Мæ  ныхасы  сæр  у,  ацы  дуджы  амæттаг  чи  фæцис, царды  рæсугъд  бæрзæндтæм  чи  тырныдта, йæ  тæккæ  лæджы  кармæ  чи  бахæццæ  ис, рæсугъд   цардвæндтæ  кæмæ уыд,  Райгуырæн  бæстæйы  сæрвæлтау  йæ  цард  чи  снывонд  кодта,  зындзинæдтæй  чи  нæ  тарсти,  æхсæв  æмæ  бон  кæмæн  нæ  уыд  йæ райгуырæн  зæхх  бахъахъхъæны сæрвæлтау,  уыцы   мызыхъытæ  конд,  цæхæрцæст,  хъæддых  лæппу  Джиголаты  Вали-къойыл (Валерийыл).

Валикъо,  цардбæллон  лæппу,  райгуырд   1957  азы  Цхинвалы, кусæг бинонты ‘хсæн.  Йæ фыд  Роман  Хурионимæ  хъомыл  кодтой дыууæ  лæппу  æмæ  иу  чызджы. Роман  æмæ   Хурион  куыстуарзаг, адæмы,   сыхæгты  уарзаг  уыдысты,  ирон  æгъдæуттыл,  уæздандзинæдтыл фидар  чи  хæцыд,  ахæм  æмкъæйттæ. Афтæ  хъомыл  кодтой  сæ  сывæллæтты  дæр. Уæлдай  хицæн  кодта  зæнæджы  хистæр  Валикъо  йæ  хæрзæгъдаудзинадæй. Æппæтмæ – æнæзивæг,  феххуысмæ –  цæрдæг,  уæлдай  митæй – хи  хизæг.  Фыдæбон  кодтой Валикъойы  ныййарджытæ  æхсæвæй-бонæй, цæмæй  сæ  сывæллæттæ  хъуаг мацæмæй  æййæфтаиккой. Валикъо  сын  уыдта сæ  фыдæбон  æмæ сын  тæригъæд  дæр кодта. Уымæ  гæсгæ  йын  гæнæн  цы  уыдис,  уымæй  æххуыс  кодта  йæ  ныййарджытæн. Афтæмæй  чысылæй  фæцайдагъ  ис  куыстыл.  Ирон  æмбисонд  куыд  зæгъы: «Мæгуыр  лæгæн, дам, йæ  рæуæд  дæр – гал». Валикъо-иу  уроктæй  куы  æрбацыд,  уæд  та-иу  йæ  фыды  уæлхъус  балæууыд,  æххуыс  ын  кодта,  цы  йæ  бон  уыд,  уымæй.

Валикъо  ахуырмæ  бацыд  Цхинвалы  дыккæгæм  астæуккаг  скъоламæ.  Æвзыгъд  уыд  ахуырмæ  дæр.  Ахуыргæнджытæ  дзы  райгонд  уыдысты  куыд  йæ  ахуырæй, афтæ  йе  ‘гъдауæй  дæр.  Дзырдтой-иу, зæгъгæ, ацы  лæппуйæ  исты  рацæудзæнис. Фæлæ  йæ  куыст  йæ  фæстæ  асайдта,  нал  адарддæр  кодта  йæ  ахуыр. Фæцис  шофыры  курсытæ.  Уый  фæстæ  йæм  æрсидтысты  Советон  Æфсады  рæнхъытæм. Ам дæр  йе  службæ  æххæст  кодта  цæсгомджынæй.  Йæ хорз  службæйы  тыххæй  иу  æмæ  дыууæ  хатты  нæ  райста  командæкæнынадæй  арфæйы  ныхæстæ  æмæ  грамотæтæ.  Службæйы  фæстæ  бацыд  хуыйæн  фабрикæмæ  æмæ  куыста   уæзласæн  машинæйыл.

Иуахæмы  йæ  йе  ‘мбæлттæй  чидæр   фæхуыдта  Дзуары  бонмæ  Ожорайы  хъæумæ  йæ  хæстæг   Хъæцмæзты  Софроны  хæдзармæ.  Софрон  уазæгуарзаг у. Дзæвгар  уазджытæ  сæм  æрæмбырд  ис,  уыдонимæ  Валикъо  дæр. Софрон  нымад  у  ирон  куырыхон  æмæ  уæздандæр  лæгтæй  сæ  иуыл.  Куыстуарзаг,  бинонтæ  уарзаг,  сыхæгты, адæмы уарзаг. Йæ  дзæнæттаг  æмкъай  Гуыбионимæ  схъомыл  кодтой  дыууæ  лæппу  æмæ  дыууæ  чызджы, сæхиау  уæздан  æмæ  æгъдауджын,  ирон  рæсугъд  æгъдæуттыл  фидархæцджытæ,  æууæнкджын  æмæ  рæстдзинадыл  хæцджытæ. Зæнæджы  хистæр, бæрзонд,  рæхснæг, рæсугъд  чызг  Дзуары  боны  тыртынайау зылд  фынгты  алыварс   æмæ  лæггад  кодта  уазджытæн.  Валикъойы  цæстытæ  дзы  ныссагъдысты  æмæ  атонын  нал  куымдтой. Æгæрыстæмæй  йæм  кувæджы  куывд  дæр  нал  хъуысти. Æрæджиау  æй  Жужунæ  дæр  фæхатыд,  бакаст  æм    æмæ  йæм мидбылты бахудт.  Уый  фенгæйæ,  Валикъойы  зæрдæ  уæрыккау  скафыд, нал  ардта  бынтон  æнцойад,  хъуыды  кодта,  цы  хуызы  йыл  фембæла  æмæ  йын  йæ  уарзондзинад  куыд  раргом  кæна, ууыл, фæлæ  йæ  ирон  æфсæрмдзинад  урæдта.  Хъуыддаг  афтæ рауад,  æмæ  Жужунæ  æрцыд  горæтмæ,  бацыд Хуссар  Ирыстоны  паддзахадон  институтмæ, ирон  æвзаг  æмæ литературæйы факультеты  фæсаууонмæ хайадмæ. Бацыд  кусынмæ  хуыйæн  фабрикæмæ дæр.  Ам    Валикъойæн  фæцис  фадат Жужунæимæ  фембæлынæн, кæрæдзи  хуыздæр  базонынæн. Фæцыдысты  кæрæдзийы  зæрдæмæ  æмæ  сæ  цард  баиу  кодтой. Ныллæууыдысты  ног  цард  аразыныл.  Сæ  дыууæ  дæр –  куыстуарзаг. Самал  кодтой  сæхицæн  фатер  Гафезы  уынджы,  райгуырд  сын лæппу  æмæ  чызг –  Коля  æмæ  Наташæ. Сæ  цинæн  кæрон  дæр  нал  уыд,  сæ  зæрдæ  рухс  кодта  сæ  цардæй,  арæзтой  царды  ног нывæзт, нæ  зыдтой  фæллад.  Фæлæ  ирон  æмбисонд  куыд  зæгъы :  «Адæймаг – фæндгæнæг, Хуыцау – æвзарæг».  Валикъо  ма  федта,  йæ  хъæбултæ  нæ  университетмæ  ахуырмæ  куыд  бацыдысты,  фæлæ  йын  нал  бантыст  фенын, йæ  хъæбултæ  университет  куыд  фесты,  сæ  амæндтæ  куыд  ссардтой,  хъæбулты хицæуттæ  куыд  систы  æмæ  амондджын  цард  куыд  кæнынц, уый. Æвæццæгæн  куы федтаид,  йæ  фырт  Коля  уæздан,  цахæм  чындзыл  хъуыды  кодта,  ахæм  уды  хай,   Плиты  Настяимæ  йæ  цард  куыд  сиу  кодта,  кæй  хъомыл  кæнынц  диссаджы  дзæбæх лæппу  æмæ  чызг;  куы  федтаид  йæ  чызг  Наташæ  диссаджы  хорз  уды  хай – Битеты  Леваимæ  йæ  цард  куыд  баиу  кодта,  кæй  хъомыл  кæнынц  лæппу  æмæ  чызг,  уæд  йæ  царды  бонтæ  фæдаргъдæр  уыдаиккой,  йæ  уæззау  низ  та  фæрогдæр  уыдаид.  Фæлæ æрбалæууыд «рацарæзт æмæ демократийы» дуг. Уымæй  спайда  кодтой  Гуырдзыстоны  фашистон  къухдариуæгад  æмæ  Хуссар  Ирыстоны  ныхмæ  скодтой  сæ  хæцæнгæрзтæ. Нырма  уал  райдыдтой  информацион  тохæй.  Уымæй  сын  куы  ницы  цыд,  уæд  райстой  сæ  къухмæ  алыгъуызон  хæцæнгæрзтæ  æмæ  райдыдтой  сындæггай  ирæтты  цæгъдын. Рауагътой  ахæстæттæй  сæ  фыдгæнджыты, лæгмарты  æмæ  сæ  æрбакалдтой  Хуссар  Иры  гуырдзиаг  хъæутæм  æмæ цынæ  фыдмитæ  кодтой, ирæттæй  сæ  къухты  чи  æфтыд, уыдонæн.  Æниу  сын  фыдмитæ,  цъаммар  митæ  амонын хъуыд, æви  цы.

Сыстадысты  ирон  адæм  чысылæй – стырæй, усæй, лæгæй  сæ  сæрибардзинад  хъахъхъæнынмæ.

Джиголаты  Валикъо  дæр  йе  ‘мбæлттæй  скодта  иу  егъау  къорд,  æмæ  кæд  хæцæнгарзæй  рæвдз  нæ  уыдысты,  уæддæр  хъахъхъæдтой  сæ  Райгуырæн  бæстæ. Иу  рæстæджы  сæм  æрбайхъуыст, зæгъгæ,  гуырдзыйы  æнæформалтæ  æрбахызтысты  Цхинвалы  цæгатварсмæ, Дыргуисмæ.  Валикъо  йæ  къордæй  цалдæримæ  фæдисы  цыд  акодта  уырдæм. Æцæг,  уым  гуырдзиаг  хæдзæрттæй иуæй-иуты  æмбæхст  уыдысты гуырдзиаг  æнæформалтæ.  Валикъо  йе  ‘мбæлттимæ  хъавгæ  цыдысты  8-æм  июны  уынгыл.  Уырдæм  сæ  райдыдтой  æхсын.  Уым  Валикъо  фæцæф  ис,  иу  хъæр  ма  фæкодта:  «Мæ  астæу  ахицæн  ис»!..  Æрчъицыдта  рынчындоны,  фæлæ  астæуæй  дæлæмæ йæ  буары  нал  хатыдта, знаджы  нæмыг  баззад  астæуымагъзы.  Нæ  бахастой  нæ  фæлтæрд  дохтыртæ  сæ  ныфс  нæмыг  сисынмæ  æмæ  рынчыны  арвыстой   Цæгат  Ирыстонмæ.  Уым  дæр  сæ  ныфс  нæ  бахастой  йæ  сисынмæ.  Чысыл  куы  фæфидардæр  ис  рынчын,  уæд  æй  аластой  Мæскуымæ. Уым  сбæлвырд  кодтой,  зæгъгæ, нæмыг  сисын  тынг тæссаг  у  йæ цардæн.  Ахæм  ран æрбынат  кодта  астæумагъзы,  æмæ  йæм  февналæн  нæ  уыд.  Цы  гæнæн  ма  уыд, мæгуыр,  Валикъойæн,  уæззау  низ  æй  ныббаста  йæ  уатмæ,  каляскæмæ.

Жужуна  бамбæрста,  царды  уæз  йе  рыгон  уæхсчытыл  кæй  æрынцад,  фæлæ  ма  цы  гæнæн  уыдис,  æхсæвæй –  бонæй,  сусæгæй – æргомæй  йæ  цæссыгтæй  йæхи  æхсадта.  Уæды  онг  ма  йæ  ныфс  уыд,  Валикъо  йæ  къæхтыл  кæй  слæудзæн,  фæлæ  ныр  йæ  зæрдæмæ  рухсы  цъыртт  никæцæйуал  каст. Йæ  цард  æрвыста  зæрдæдзургæйæ  æмæ  кæугæйæ.  Йæ  зæрдæ дардта  йæ  дыууæ  хъæбулыл,  кæд  нырма  чысылтæ  уыдысты, уæддæр. Ныфсытæ  йын æвæрдтой  йæ  ныййарджытæ,  йе  ‘фсымæртæ  æмæ  хо.  Уыцы  ныфсытæ йын  йæ зæрдæ  фидар  кодтой. Рæстæгæй  рæстæгмæ – иу  æм  цыдысты  куы  Валикъойы  ныййарджытæ,  куы  йæхи  ныййарджытæ  æмæ  иу-ын  æххуыс  кодтой.  Фæлæ  уыдонæй  алкæмæн  дæр уыд  йæхи  цард.  Иу  амонд  ма  йæ  уыд, æмæ йæ  хо  Джульеттæ  æрцард  йæ  цуры  æмæ йын  уый  йæ  къух  рог  кодта. Уæдмæ  йæ  фырт  Коля  æмæ  йæ  чызг  Наташæ  дæр  æххуысхъом  фесты  æмæ  Жужунæйæн  бæрæг  фенцондæр  ис.

Ничи  уыд  æнхъæл,  æмæ  Жужунæйæн  йæ  бон  бауыдаид  ахæм  уæззау  рынчын-мæ  зилын,  фæлæ  тыхджын  сылгоймаг  разынд.  Кæм  æххæссыд  Жужунæ  йæ  хъуыд-дæгтыл æмæ йæ ахуыр ныууагъта.  Валикъо  уый  куы  базыдта,  уæд  æй  сразæнгард  кодта  йæ  ахуырмæ  æмæ  йæ  æнтыстджынæй  фæцис.

Валикъо  цадæггай  фæцайдагъ  ис  йæ  низы  хаттыл,  нал  æнкъард  кодта.  Цыдис  коляскайыл  уынгмæ, йæхи   ифхæрста  йе  ‘мбæлттыл, сыхæгтыл.  Фæцайдагъ  ис  Жужуна  дæр  йæ  фыдæбæттыл,  уæдæ  цы.   Лæгыл  цы  бон  æркæны,  уымæй  архайы,  сылгоймаг  уæвгæйæ,  йæ  хæдзары  хабæрттæ  кæнæг  йæхæдæг  сси.  Ныры  дуджы  та  уыдон  сылгоймагæн  æгæр  уæззау  сты. Æмæ хъæцыдаид йæ фыдæбæттыл,  æрмæст  ын  Валикъо  удæгас  куы  уыдаид, фæлæ…

Ахæм  хъизæмæртты,  ахæм  уæззау  ни-зимæ  ма  Валикъо  фæцард 2000  азмæ. Æвæццæгæн,  низ  низæй  нæ  фæтæрсы. Низ  æнæниздзинадимæ  хæлар  никуы  уыд, тохы  мидæг  вæййынц.  Фæзынд ыл  æндæр  низ  дæр  æмæ  йæ  уый  уæгъд  нал  суагъта.

Фæхаста  Валикъо  знаджы  судзгæ  нæмыг  йæ  астæумагъзы  дæс  азы  дæргъы,  нæ  йæ  суагъта  уæгъд,  мæрдтæм  дæр  æй  йемæ  ахаста.

Рухсаг  у, Валикъо.

Хуыгаты  Илья

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.