РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг, Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади Ялтæйаг æхсæнадæмон экономикон форумы хуссарирыстойнаг делегацийы хайадист схуыдта Республикæ Хуссар Ирыстонæн фадæтты ноджы иу фæрсаг.

«Ялтæйаг æхсæнадæмон экономикон форумы Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй нæ делегацийы хайадисты руаджы къухтæ фыст æрцыд ахсджиаг сразыдзинæдтыл, кæцытæ фадат ратдзысты Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Хъырымы æмахастытæ рæзын кæнынæн æрмæст базарадон-экономикон фадыджы нæ, фæлæ зонадон-техникон, культурон æмæ ахуырадон фадгуыты дæр.

Форумы фæзуæтты мах ныхас кодтам Донецкы æмæ Луганскы Адæмон Республикæты, Сирийы, афтæ ма Итали æмæ Африкæйы хъуыддагон æмæхсæнады минæ-вæрттимæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй экономикон æмкуысткæ-нынады фадыджы махæн уыдонимæ бирæ   иудзинад ис.

Уымæй дарддæр ма, форумы рæстæджы скъуыддзаг æрцыд Хъырымы хуссарирыстойнаг базарадон хæдзар саразын, цыран æвдыст æрцæудзæн æппæт нæ сæудæджерадон продукци.

Ялтæйаг æхсæнадæмон экономикон форумы  фæлгæтты къухыбафтгæ ахсджиаг æнтыстытæй ма иу  у Сириаг Арабаг Республикæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Экономикон рæзты министрадты ‘хсæн базарадон-экономикон æмæ культурон æмкуысткæнынады бадзырды тыххæй æхсæн-хицауадон къамис саразын. Тагъд рæстæджы мах бахъæудзæн нæхи фарсы æрдыгæй къамисы сконд  сфидар кæнын. Йæ сæргъ лæудзæн Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик», – фехъусын кодта Бекъойты Геннади.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, фаронимæ абаргæйæ, ацы аз форуммæ æрæмбырд 1,5 хатты фылдæр хайадисджытæ, уый та дзурæг у форумы авторитетыл.

«Мах фыццаг хатт нæ исæм хайад форумы, æмæ йæ хъуамæ банысан кæнон, алы аз дæр Ялтæйаг æхсæнадæмон экономикон форум престижонæй престижондæр кæй кæны, йæ хайадисджытæ та традицимæ гæсгæ æн-хъæлмæ фæкæсынц хорз фæстиуджытæм алы бæстæты амалиуæггæнджытæ æмæ эксперттимæ æмархайды руаджы. Мах федтам хæларзæрдæ, диалогæн æргом Хъырым, саргъ ын кодтам йæ бæрзонд экономикон  потенциалæн, нæ рады радзырдтам Хуссар Ирыстоны фадæтты тыххæй, банысан кодтам æмкуысткæнынады плантæ, кæцыты æрбиноныг кæнын хъæуы царды», – йæ ныхасы кæрон банысан кодта Бекъойты Геннади.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.