Республикæйы æддагведомствæйы куыст æмæ архайды, фæсарæйнаг бæстæтæм кусæгон балцты æмæ æндæрты фæдыл Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр радзырдта брифинджы рæстæджы.

Æддагведомствæйон уагдоны сæргълæууæг дыууæ европæйаг бæстæмæ – Бельги æмæ Францмæ æрæджыйы балцыты тыххæй афтæ радзырдта:

«Бельгимæ мæн фæхуыдтой Европæйаг парламенты депутаттæ. Уый фæлгæтты уагъд æрцыдысты тымбыл фынгтæ æмæ Уырыссаг революцийыл 100 азы сæххæсты цытæн стыр дунеон конференци. XI Европæйаг уырыссаг форумы фæлгæтты конференцитæ махæн цымыдисон уыдысты. Сæ нысан уыд, куыд биноныг цæуынц, сæдæ азы размæ цы æмбарынæдтæ фæзынд, уыдон – Европæйы ног паддзахадты сырæзт, 20-æм æнусы Африкæ æмæ Азийы иуæй-иу регионты ног паддзахадты дунеон аренæйыл банымады процесс куыд цыд, уый.

Мах Хуссар Ирыстоны дæнцæгæй бацархайдтам фенын кæнын нациты хæдуагæвæрды бар, референдумы нысаниуæг æмæ уыимæ, махæн стыр фæлтæрддзинад кæй ис сæ уадзынæн, уый», – дзырдта Медойты Димитр.

Европарламенты форумы хуссар-ирыстойнаг æддагведомствæйон министрады къухдариуæггæнæг доклад сарæзта ахæм темæйыл: «Хуссар Ирыстон – Уæрæсе: дыууæ æмæ æрдæг æнусы дæргъы иумиаг истори». Ацы конференци уагъд æрцыд бæрзонд æмвæзадыл, хайад дзы райстой Европæйаг парламенты архайæг депутаттæ алы бæстæтæй. Йæ доклады Медойты Димитр куыд дзырдта, уымæ гæсгæ, уый банысан кодта, Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны фæдыл 2008 азы августы Уæрæсейы къухдариуæгады райсгæ уынаффæйы нысаниуæг.

«Европæйаг хъусæгæн мах бамбарын кодтам, Хуссар Ирыстонæн кæй ис тынг рагон бастдзинæдтæ Уæрæсеимæ, æмæ нын нæ бæстæйы кæй банымадта, уымæн фидар историон æмæ политикон бындур кæй ис.

Уæрæсейы уæды уæлдæр къухдариуæгады уынаффæтæ фæахъаз сты нæ республикæйы адæмы са-быр цардæн, фадат нын ис рæзы-нæн æмæ нæ паддзахаддзинад аразынæн. Хорз перспективæтæ нын ис нæ экономикæ сæндидзын кæ-нынæн æмæ нæ цард фæхуыздæр кæнынæн», – дзырдта Димитр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, форумы хайадисджыты сæйраг хъусдард здæхт æрцыд ныртæккæ Хуссар Ирыстоны алфæмблай сæвзæргæ уавæрмæ, кæцы баст у сыхаг Гуырдзыстоны политикæимæ. Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ ацы бæстæйæн йæ æмгуыстад уæрæх кæны Цæгат-атлантикон блокимæ, алыгъуызон æфсæддон ахуыртæ дзы уагъд цæуы, йæ гарзджын тыхтæ æппынæдзух гæрзифтонг цæуынц.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры ныхæстæм гæсгæ, афтæ уыд 2008-æм азы размæ дæр æмæ йæ хорз зонæм, цы фæстиуæг ын уыд, уый. Уымæ гæсгæ, зæгъгæ, тыхстдзинад равдыстам уыцы процесстæ сабырадмæ кæй не ‘ркæндзысты, фæлæ уавæр кæй æндыгъд кæнынц, уый тыххæй. Форумы депутаттæ дæр иттæг хорз бамбæрстой хуссарирыстойнаг фарсы тыхстдзинад ацы фарсты фæдыл, дзырд цæуыл цæуы æмæ агрессор чи у, уый.

Медойты Димитр куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ гуырдзиаг пропагандæ афтæ уырнын кæны, ома, Европæ æххæстæй хæцы Гуырдзыстоны позицийы фарс. Фæлæ хъуыддаджы уавæр æндæргъуызон у.

«Уый бынтон афтæ нæу. Гуырдзиаг информацион фæрæзты тыхстдзинад ацы мадзалы нæ хайадисты фæдыл баст у уыимæ, æмæ мах æндæр Европæ кæй федтам. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон нæ фæндыд, æмæ йæ мах ахæмæй федтаиккам», – банысан кодта уый. Уый ма йæ ныхасмæ куыд бафтыдта, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны хайадист Европарламенты форумы у нæ бæстæйы дарддæры архайдтыты райдиан.

Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр ма кусæгон балцы уыд Францы дæр. Уым фембæлд францаг Националон æмбырды раздæры депутат æмæ президент Саркозийы раздæры уынаффæгæнæг, 2008 азы Уæрæсейы фæдыл францаг президенты сæрмагонд минæвар Жан Пьер Томаимæ. Жан Пьер Тома ацы аз ноябры æвзæрст æрцыд Дунеон ассоциаци «Хъырымы хæлæрттæ»-йы президентæй. Медойты Димитры ныхæстæм гæсгæ, ацы адæймагимæ базонгæ Хъырымы дунеон конференцийы, ацы ассоциаци арæзт куы æрцыд, уæд. Йæ сæрдарæй дæр æвзæрст æрцыд Жан Пьер.

Димитры ныхæстæм гæсгæ, уæд дæр уынаффæ кодтой гæнæнуæвæг иумиаг проекттыл. Жан Пьер хорз зонгæ у Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны алфæмблай цы процесстæ цæуы, уыдонимæ. «Уый цымыдис кæны æмæ лæмбынæг хъуыста, ныртæккæ æндидзынады процесстæ куыд цæуынц, уый фæдыл ныхасмæ», – банысан кодта ныхасгæнæг, æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, ассоциацийы фæлгæтты Жан Пьеримæ кæй æруынаффæ кодтой æмархайды фарстытыл. Гæнæн ис, æмæ, зæгъгæ,арæзт æрцæуа ассоциаци кæцы хуындзæн «Кавказ-Хъырым», цыран, кæй зæгъын æй хъæуы, Хуссар Ирыстонæн дæр уыдзæн йæхи бынат. Димитр куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ адон сты развæлгъау дзырд кæуыл цæуы, фæлæ перспективон чи сты, ахæм къахдзæфтæ.

«Францы цæры хуссайраг æмæ цæгаттаг ирæттæ, сириаг æмæ туркаг ирæттæ. Уыдон æрмæст Парижы нæ тымбыл кæнынц, фæлæ Францы æндæр горæтты æмæ иу сты ассоциаци «Алантæ»-йы, нæ рох кæнынц сæ фыдыбæстæ, сæ хиуæтты, арæх уадзынц мысæн мадзæлттæ. Æмбæлынц ирон традицион бæрæгбонты, зæгъæм, Уастырджийы бон æмæ адджын ныхас фæкæнынц», – дзырдта Димитр

Францы ирон æхсæнад «Алантæ»-йы президент Дзанайты-Айрис Лораимæ фембæлды рæстæджы уынаффæ цыд æмгуыстады перспективон фарстатыл. Банысан кодтой къорд проекты, кæцытыл куыст цæудзæн ирон æхсæнады æх-хуысæй. Ацы æхсæнад ахъаз у Европæ æмæ Ирыстоны ‘хсæн ахастытæ сфидар æмæ райтынг кæнынæн, йæ архайд здæхт у бæстæйы авторитет æмæ имидж бæрзонддæр кæнынмæ. Уыдон зæрдиаг салæмттæ æмæ ногазон арфæтæ се ‘мтуг адæмæн æрæрвыстой Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæн.

Францмæ йæ балцы рæстæджы Медойты Димитр фембæлд зындгонд æхсæнадон архайæг, меценат граф Петр Шереметевимæ.

Граф Петр у Парижы Уæрæсейаг музыкалон æхсæнады сæрдар, Парижы уырыссаг консерваторийы ректор æмæ уæрæсейаг æмфыды-бæстæйонты дунеон советы президиумы сæрдар. Петр Шереметевимæ Медойты Димитр бабæрæг кодта Сергей Рахманиновы номыл Парижы уырыссаг консерватори. Ныхаскæныны рæстæджы министр цыбыртæй базонгæ кодта Петры Хуссар Ирыстоны историимæ, ирæтты традицион культурæйы æууæл-тимæ. Граф Шереметев та йын радзырдта уырыссаг консерваторийы сырæзты истори, йæ традицитæ æмæ ныры архайдыл. Дзырд ма цыд Парижы уырыссаг консерваторийы Хуссар Ирыстонæй студенттæ ахуыр кæныны гæнæнтыл. Димитры ныхæстæм гæсгæ, ацы фарстыл бакусдзысты республикæйы Культурæйы министрад æмæ æмбæлон организацитимæ.

«Сергей Рахманиновы номыл консерватори тынг популярон у Францы. Йæ ахуыргæнинæгты 20 проценты сты уырыссæгтæ, иннæтæ сты францæгтæ, италиæгтæ æмæ æн-дæр нациты минæвæрттæ», – дзырдта ныхасгæнæг.

Фембæлды рæстæджы ма дзырд цыд  æмфыдыбæстæйонты фæдыл координацион архайды фарстытыл. Æмфыдыбæстæйонты дунеон советы хаххыл цы проекттæ реализаци цæудзысты, уыдон хаудзысты Хуссар Ирыстонмæ дæр.

Уæрæсейы Ираны минæвар Мехди Синаийы хъусынгæнинаджы фæдыл, зæгъгæ, уыцы бæстæ цымыдис кæны зонад æмæ ахуырады фадыджы æмгуыстад кæнынмæ,  уый тыххæй Медойты Димитр афтæ дзырдта: «Кæд æмæ Ираны æрды-гæй æмгуыстады фæндондзинад уа гуманитарон кæнæ культурон проектты фæдыл, уæд мах цæттæ стæм æмæ сæм æркæсæм».

Зæрдыл æрлæууын кодта, йæ рæстæджы Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагонон университетæн лæвар кæй æрцыд бирæ ахуыргæнæн литературæ Иранæй. Ирайнаг делегаци 2009 азы нæ республикæйы куы уыд, уæд бабæрæг кодтой университет æмæ сын тынг æхсызгон уыд, кæй дзы уæвынад кæны ирон-ирайнаг æвзæгты факультет. Уый фæстæ балæвар кодтой чингуытæ дæр. Министры ныхæстæм гæсгæ, хъусдард здæхт æрцыд ирæттæ æмæ ирайнæгты менталитеты æмхуызондзинадмæ. Уымæйдæр, сты æргом æмæ хæларзæрдæ адæм.

Димитры ныхæстæм гæсгæ, Иран у алыфарсонæй размæдзыд бæстæ, уый слæууыд йæ къæхтыл. Америкæ æмæ дунеон æмæхсæнады ‘рдыгæй санкцитæм нæ кæсгæйæ, уый бирæ экономикон бæрæггæнæнтæм гæсгæ ис разæй æмæ, дæнцæг у, санкцитæ бæстæйæн йæ къахыл слæу-уынæн куыд фæахъаз сты, уымæн.

Журналистты цымыдисгæнæг фарстаты ‘хсæн уыд Хуссар Ирыстонæн йæ паддзахадон хæдбардзинады банымайыны процесс. Уый, зæгъгæ, не ‘рлæудзæн никуы. Нæ паддзахады къухдариуæгадæн ис уыцы принцип æмæ йыл кусдзæн Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад. Уый стыр куыст кæны фæсарæнты ирон æхсæнадтимæ, уыдоны руаджы бæрæг паддзахадтæ зонгæ кæнынц Ирыстон æмæ йæ уавæр-тимæ.

Брифинджы кæрон Медойты Димитр раарфæ кодта газеткæсджытæн, телекæсджытæн, интернеты хызæджы сайттæй пайдагæнджы-тæн æмæ æмткæй Хуссар Ирыстоны адæмæн Ног, æрлæугæ азы цытæн.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.