2004 азы сентябры райдианы дунейыл ахъæр æвирхъау хабар: æгъатыр террористтæ бацахстой Беслæны 1-æм скъола æмæ дзы байсæфт бирæ адæм. Ахæм террористон трагеди никуыма уыд зæххыл.

Джыккайты Шамил – Ирыстоны стыр патриот æмæ фыссæг   фæдисы хъæр кодта:

Беслæнæй абон судзаг марой хъуысы,

Мæрдон фæздæгæй баталынг и бон.

Нæ тæригъæдæй арвы къæй æнкъуысы,

Цæрдудæй мах куыд æвзарæм зындон.

О, чи ныййардта арвы бын лæгсырдтæ,

Йæ марг æхсырæй чи схаста лæгмар,

Фæуæнт хæсгæмард уыдонæн сæ фырттæ,

Сæ уæзæгыл сын ма рæзæд бындар!

Æртæ боны дæргъы (1-3 сентябры) Ирыстоны знæгтæ удхарæй мардтой скъоладзау-сабиты, фæсивæды, сæ ныййарджыты, ахуыргæнджыты…

Куыд æмæ цы æгъдауæй æрбаирвæзтысты сæркъуыр 32 террористы Ирыстоны арæнтæй мидæмæ, Беслæны 1-æм скъоламæ, уымæн абон дæр бæстон дзуапп ничи радта, фæлæ æрцыд стыр фыдбылыз: террористтæ æрцахстой, амынæты систой 1127 адæймаджы, амардтой 333 адæймаджы – уыдоны нымæцы – 186 сывæллоны, 17 ахуыргæнæджы, уыдонæн сæ 111 хæстæджы, 19 – тыхон структурæты кусджытæ æмæ ирвæзынгæнджытæ.

Теракты фæцæфтæ 783 адæймаджы, уыдонæй 728 уыдысты амынæттæ.

Ахæм митæ нын бакодтой фыдгæнджытæ уыцы аз фæззæджы райдианы.

О,æрцыд фыдбылыз, фæлæ абоны онг дæр аххосджынтæй бирæтæ не сбæрæг сты, дзуаппдæтджытæ – нæй. Фарстатæ бирæ ис. Беслæны теракты æнæаххосæй чи бабын, уыдоны тæригъæд знæгты фæдыл æфтыд фæуæд!

Куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр террористон акты амæттæгтæн сæ рухс нæмттæ ссардзысты. Алыхуызон хъыггæнæг мадзæлттæ ацæудзæн Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, Уæрæсейы регионты, фæсарæнты. Ирыстоны ног ахуыры азы скъолаты 1-аг уроктæ уыдзысты терроризмы ныхмæ тох кæныны тыххæй, æхсардзинады охыл. 3-æм сентябрь Уæрæсейы у Терроризмы ныхмæ тох кæныны æмзæрдæдзинады бон.

Рухсаг уæнт, уыцы уæззау бонты æнæаххосæй чи бабын, уыдон иууылдæр! Сæ рухс нæмттæ цæрдзысты æнусты.

Дзæнæты – сæ бынат!

ГАССИТЫ Моисей

ХЪОДАЛАТЫ Герсан

БЕСЛÆНЫ ТРАГЕДИ

Беслæны трагеди… Беслæны трагеди…

Æвирхъаудæр мигонд дунейы нæ фенд и.

Освенцим, Голгоф дæр нæ зынынц йæ цуры,

Кæд ма – Хиросимæ, арт чи суагъта хурыл?..

О, уый кой дæр нал кæнынц уадиссаг арæх,-

Ивгъуыды дæлвæдджи сындæггай ыстаурæгъ…

Беслæны трагеди та – хъарджыты хъарæг,

Йæ бафæндгæнджытыл цы тæригъæд хъарæм,

Уый Хъарсы мæсыг дæр – æгайнæг, мæстæгдур –

Æфсæйнаг дзæккорау ныккæнид лыстæгмур.

Ныччынд и сæлгæ дон ысуинæгты зынгыл,

Нæуæг куывд фæзынди нæ хæрнæджы фынгыл…

Æбуалгъы фыдракæнд ныхъхъæр и кæуылты! –

Дунейы дзыллæты фæкодта кæуынтыл…

Нылгъæд та ис сау мæр сырх туджы æртæхтæй,

Сæхимид фæкæнынц иронвæндаг хæхтæ.

Чи, телеэкранмæ кæсгæйæ, зæрдæниз

Ыссардта йæхицæн, адзалмæ хъæрздзæнис…

Кæйдæр та йæ хъуырмæ ыскæнынц фыдфынтæ,

Нæдæр æй рæвдауынц сæууон хуры тынтæ…

Ыскарста сынт-кæлмæрзæн Иры Гыццийæн,

Мæрдты бирæгъау нын лæбуры нæ цинмæ…

Мæнæн дæр æмбойны мæ удæн ысфысым,

Ныр дæр мæ нæ уадзы æмдзæвгæ ныффыссын.

Ыздыйы къуылдых мын ныббаста мæ сисыл,

Мæ бон æй мæ къухмæ нæ бавæййы сисын.

Æмæ та мæ гæххæтт æнæвнæлд лæгъзсурсæй –

Мæ фынгыл, – дыккаджы цъæх арвыл фæлурс мæй.

Беслæны хъæбултæ – Чырыстийы рухсаг,

Сæ уæззау хъизæмар у махæн æнусваг.

Нæ къæбæр хæрын нын нæ уадздзысты адæн,

Уæддæр сæ, хъынцъымгæнгæ, мысдзысты н’ адæм…

АБАЙТЫ Созыр

БЕСЛÆНЫ ТРАГЕДИ

Беслæны трагеди, Беслæны саубонтæ

Тугхъулон дардтой.

Холыхор бирæгътæ, хъæды сау сынтытæ

Скъола æрцахстой.

Сабитæ цин кодтой скъолайы ног ахуырыл,

Дидинтæ хастой.

Лæгмар хъæддаг сырдтæ скъолайыдзаг адæмы

Амынæтты райстой.

Адæмы кæуынæй, ныййарджыты цъæхастæй

Хох дæр æнкъуысти.

Ныттардтой сæ спортзалмæ, мардтой сæ тухийæ

Маст сæм æхсысти…

Цалдæр бон амынæттæ æххормаг, æнæ донæй

Залы ныккалдысты.

Тугмондаг лæгмартæ, холыхор сынтытæ

Худæгæй мардысты.

Фыццæгæм сентябрь, зонынады бæрæгбон

Басыгъд æмбойны.

Лæгхортæ хъæддаг сырдтæ, амынæтты сырх тугæй

Уагътой сæ дойны.

Беслæны трагеди, Беслæны сау бонтæй

Дуне нынкъуысти.

Дунейы адæмтæн дæр æбуалгъ  хабарæй

Сæ зæрдæ фæрысти

Иумæ æфсымæртау, иумæ æмзондæй

Фидар фæлæууын – нæ хæс.

Беслæны трагеди, адæмы стыр мастæн

Ныффæраз, Ирыстон, ныхъхъæц!!!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.