ÆНÆНХЪÆЛÆДЖЫ ИХУАРД ÆМÆ ÆНÆНХЪÆЛÆДЖЫ ХЫЛ

– Кæс-ма, нæ лæг, нæ цæхæрадонмæ, нæ хъæдуры æмæ нартхоры æвзартæ куыд хорз схæцыдысты сæхиуыл, цæй рæз хæссынц, – бадзырдта Сона йæ лæг Дзæрæхмæ, цæхæрадонæй кæртмæ каудуар йæ фæстæ æхгæнгæйæ.

Дзæрæх æмбондгæрон къуыдырыл уисхъæд бæласы фаст лыггаг амадта фæрæты хъæдæн æмæ бар-æнæбары дæр фæкаст йæ цардæмбалмæ. Ногæй йын уый ницы загъта – иумæ сæ рывтой, стæй æдзух йæ цæстыты раз сты æмæ нæ зоны, сæ байтыдтытæ куыд схæцыдысты, уый? Фæлæ уæддæр йæ амайынæй æрлæууыд, фæрæты бырынкъ къуыдыры æрсагъта, йæ астæу сраст кодта, йæ нымæтхудыл къæбутæрдæм ахæцыд æмæ æмбонды сæрты акаст йæ цæхæрадонмæ. Йæ цæст ыл ахаста. Армы тъæпæныл æвæрдау æм зыны. Æмæ йæ зæрдæ байрад Дзæрæхæн дæр. Фæлæ лæг хиуыл хæцын зыдта. Цины æнкъарæнтæ  дасинаг цæсгомыл нæ разындысты, æрмæст хъуыддаггъуызæй бакодта:

– Нæ фæззæджы бæркад мæгуырау хъуамæ ма уа, – стæй йæ æфсæддон хæдоны риуы дзыппæй сигаретты къопп систа, иу дзы сласта, аууæрстытæ йæ кодта, йæ иу кæрон ын йæ тæнæг былты хсæн фæкодта, иннæ кæроныл та арт бафтыдта. Йæ галиу къух галифе хæлафы арф дзыппы ауагъта, рахис къухæй та, сигаретыл хæцгæйæ, æхсызгонæй сулæфыд фæздæг æмæ йæ афтæ æхсызгонæй рауагъта йе ‘вдайаздзыд гуыбыр фындзы хуынчъытæй  фæздæгдзыд рихитыл.

Фæллойгæнæг лæгæн йæ фыдæбонæй йæ зæрдæ куы рухс кæна, уæд уымæй хуыздæр цы ис! Сæ фыдæбонæй райгонд уыдысты Сона æмæ Дзæрæх дæр. Сона йæ цин æргомæй æвдыста, Дзæрæх та йын йе мбæхсын зыдта.

Гъе, фæлæ!.. Адæймаг, дам, фæндтæй, бæллицтæй цæры, тæрхон та, дам, Хуыцау рахæссы. Дыууæ цардæмбалы æдыхст зымæг арвитын сæ тыллæджы æркондимæ бæргæ бастой, фæлæ раст, цыма фыдæнæнгæнæгау, уыйау уыцы бон, æнхъæл ничи уыд, афтæмæй ирд арвыл мигътæ куы фæзыниккой. Уыдон фылдæрæй фылдæр, тарæй тардæр кодтой æмæ дын фæссихæртты къæвда куы наккалид! Æмæ ма къæвдайæн цы у, уадз тæрккъæвда дæр уæт, фæлæ дын ихуардмæ куы рахизид! Райдианы чысыл нæмгуытæй уарыд арвнæрдтыты бын, стæй ставдæй ставддæр кодтой. Æмæ кæс ды – уæлхæдзæртты къæрцц-къæрццæй хъустæ къуырма кодтой, бæлæсты ногдзыд сыфтæртæ скъуыдтæй згъæл-дысты зæхмæ, байтыдтытæ цæф хæстонау хъæрзыдысты ихы ставд нæмгуыты бын…

Дыууæ зæронд адæймаджы кастысты хæдзары рудзынгæй æмæ уынынц, их куыд  цъæгъдæнтæ кæны байтыдты, уымæ. Сона фæсæццæ. Къулыл ауыгъд зонтичъы скъуынæгау ракодта æмæ феттæдуар. Айтыгъта йæ æмæ йæ быны цæхæрадоны фæмидæг. Лæмбынæгдæр кæсы, йæ нартхоры æмæ хъæдуры æвзарты  йын ихуард зæххыл куыд хуыссын кæны, йæ иу къухæй зонтикыл хæцы, иннæмæй та йæ  уæрджытæ хойы, хъарæгау кæны…

Ихуард бирæ нæ аххæссы. Æрлæууыд ныр дæр, фæлæ йæ кæнон бакодта. Куы æрлæууыд, уæд Дзæрæх дæр байгом кодта йæ хæдзары дуар æмæ кæртмæ рахызт. Бацыд каугæронмæ, райсом кæм лæууыд, уыцы бынатмæ. Кæсы, йæ цæст хæссы йæ цæхæрадоныл. Райсом ма цъæх-цъæхид чи дардта, уый ныр адардта урс-урсид. Дзæрæх та йæ сигареттæй иу сласта къоппæй  æмæ йыл арт бафтыдта. Йæ галиу къух та райсомау йæ галифе хæлафы арф дзыппы ауагъта. Сулæфыд фæздæг. Иу хатт, дыууæ хатт.

– Фесæфтыстæм, нæ фыдæбæттæ нын дон йæ бынмæ аласта, куыд цæрдзыстæм, нæ зымæг куыд æрвитдзыстæм… – хъуыстысты Дзæрæхмæ йæ цардæмбалы хъарæг – кæуыны ныхæстæ. Уый кæрты дыууæрдæм рауай-бауай кодта æмæ цы сарæзтаид, уымæн ницы зыдта. Дзæрæхыл йæ цæст куы скъуырдта, уæд ыл йæ маст ныпырх кодта:

– Нæ цæхæрадон ихы бын фæцис, ды та слæууыдтæ æмæ дæхицæн тамако пъæртт кæныс. Нæ уыныс, не скаст кæмæ уыд, уыцы цæхæрадон гæныстон кæй фæци?

– Уынын æй, уынын, не ‘фсин, – æдыхстæй дзуапп радта лæг.

– Цæй дурзæрдæ дæ, ахæм дзы никуыма федтон. Ды та иучысыл уæддæр бамæт кæн, – йæ къухтæ йыл стылдта Сона.

– Æмæ куы мæт кæнын, кæсын мæ цæхæрадонмæ æмæ мæт кæнын, – йæ хъæлæсы уаг нæ фæивгæйæ, ныхас адарддæр кодта Дзæрæх. Сылгоймагмæ афтæ фæкаст, цыма йын йæ мастыл цæхх зæры æмæ йыл ныххуырста:

– Цæмæн хъуамæ бамæт кæнай, æз дын зæгъон цæттæйæ алцыдæр дæ хæдзармæ машинæйыл æрбаласдзынæ…

– Машинæйыл цы у, машинæтыл, машинæтыл, – йæ нуæрттæ хъыдзы кæнын райдыдтой Дзæрæхæн.

– Мæ сæр дын амæлæт, уыдæттæн лæг хъæуы, лæг!

– Æмæ уæдæ æз цы дæн? Зæгъ ма йæ, цы дæн? – рамæсты Дзæрæх, афтæмæй йæ усы раз балæууыд. –  Цы мæ домыс, цы бакæнон, цæмæй нæ цæхæрадон куыд уыд, афтæ ногæй феста?

Цы дзуапп хъуамæ радтаид сылгоймаг? Ницы. Æмæ хыл ууыл ахицæн.

 

КЪÆПХÆНТÆ

Чысыл Бало скъоламæ нырма фарон бацыдис. Йæ чингуыты хызын йе ‘ккой, афтæмæй йæм уад хъазгæ-худгæйæ.

Йе ‘мцахъхъæнтæй бирæтæн уыд велосипедтæ æмæ-иу сæ фæсурокты фæсвæд рæтты ратæр-батæр кодтой.

Бало сæм хæлæг кодта æмæ иу бон йæ фыд Пирузæн балæгъстæ кодта:

– Баба, мæнæн дæр ма велосипд балхæн, о…

– Балхæндзынæн дын, балхæндзынæн, мæ хъæбул.

Æмæ йын балхæдта. Йе ‘мцахъхъæнтæн цахæмтæ уыдысты, уыдонæй рæсугъддæр.

 

***

Цыд рæстæг, згъордтой азтæ. Балойæн велосипедыл хъазыны азтæ фæстейæ баззадысты. Æмæ бахатыд йæ фыдмæ:

– Мотоциклет мæ хъæуы!

– Уыдзæн дын мотоциклет, – ныфс та йын баввæрдта фыд. Æмæ йын балхæдта. Фæлæ мотоциклетыл хъазыны дуг цы-быр рауад.

***

Цыд та рæстæг азгъордтой ноджыдæр цалдæр азы. Кæсы йæ алыварс Бало æмæ йе ‘мбæлттæй чидæртæ рог машинæтыл бабадтысты. Æмæ уый дæр йæ фыдæй æрдомдта:

– Мæ фыд, рог автомашинæ мын балхæн…

– Балхæндзынæн дын, мæ фырт, рог автомашинæ, – сразы ис фыд.

Æмæ йын балхæдта. Ног нæ уыд, стæй импортон дæр нæ уыд, фæлæ дзы уæддæр райгонд уыд Бало.

 

***

Нæй æрлæууæн рæстæгæн, дарддæр йæ цыды хай кодта. Балойæн йæ машинæ бонæй бонмæ æнаддæр кодта, фыд та – зæрондæй зæронддæр. Фыдæн цы кодтаид, азты цыды ныхмæ кæм æрлæууыдаид, фæлæ йæ зæронд маши-нæ фæивынæн амал уыд. Йæ алыварс йе ‘мцахъхъæнтæ импортон машинæтыл тезгъъо кодтой, уый та… Æмæ тызмæгæй æрлæууыд йæ фыды раз:

– Зæронд, кæд мын балхæндзынæ импортон машинæ? Мæ цæсгом нал хъæцы ацы ихсыд, хæлæццаг машинæйыл цæуын!

– Балхæндзынæн дын, æрмæст мæ чысыл бауадз, бамбырд кæнон мæ пенсийы къапеччытæ.

Бамбырд кодта фыд куыддæрты æхцатæ æмæ йын балхæдта импортон машинæ. Ног уагъд нæ уыд, фæлæ ногы хуызæн у.

***

…Балойæн ныр йæхи бинонтæ ис. Æртæ сывæллоны хицау у. Йæ хистæр лæппу ныр æртыккаг къласмæ цæуы. Æрæджы йын балæгъзтæ кодта, цæмæй йын велосипед балхæна. Æмæ йын балхæдта. Хуымæтæджы нæ! Фæтæн цæлхытимæ у, стæй тагъд лидзы. Æмæ ахæм велосипед дæр, гъа, фæлæ йæ фыды импортон машинæмæ дæр бакæс-бакæс кæны, йæ зæрдæ йæм хъазы. Фадат ын куы вæййы, уæд рулы фарсмæ абады, æрзылдтытæ йæ кæны. Фæлæ лæппу æмбары, ахæм машинæ скъæрынæн ын раджы кæй у æмæ нырма ницы дзуры йæ фыдæн. Мотоциклеты кой йæ хъуыдыйы дæр нæй. Велосипедæй – комкоммæ машинæмæ! Фæлæ диссаг у, куы байрæза, импортон машинæ йæ къухты куы бафта, уый фæстæ та цы æрдомдзæн йæ фыдæй? Вертолет? Стæй та хæдтæхæг?

ЧИНЫГ АЛЦЫДÆР ЗОНЫ

Нырма чысыл саби у Гæппи. Æхсæз азы йедтæмæ йыл нæма цæуы. Скъолайы къæсæрæй дæр нырма никуы бахызт, ахуыргæнæджы раз партæйы фарсмæ никуы æрбадт æмæ йæ чиныг никуы рафæлдæхта. Цы дунемæ рантыст Гæппи,  уым ын алцыдæр æнæмбæрст у æмæ сæ цæмæй базона, бамбара сæ, уый тыххæй йæхицæй хистæртæм арæх радты фарстатæ. Афтæ фæкæны алы саби дæр.

Гæппи иууыл фылдæр фарстатæ кæмæ радты, уый йæ дада у. Заводы кусы. Иууыл хистæр нæу, фæлæ дзы стыр бынаты кæй кусы, уый йæ уырны, уымæн æмæ æрвылрайсом дæр куыстмæ куы фæцæуы, уæд йæ хъуырыл галстук бакæны. Галстук чи дары, уыдон та йе ‘мбарынадмæ гæсгæ, стыр адæймæгтæ сты, алцы дæр чи зонынц, ахæмтæ.

Æмæ, æцæгæйдæр, Гæппи бирæ фарстатæн райсы дзуапп йæ дадайæ. Фæлæ дзы разыны ахæмтæ дæр, кæцытæн не сфæразы дзуапп радтын, гъе та сабийы зондмæ куыд фæхæццæ уой, афтæ сæ бамбарын кæнын.

Цæвиттон, иу ахæмы, Гæппийы сывæллæтты рæвдауæн-донмæ куы кодта, уæд сæ сæрты, тынг бæрзæндты рацæйтахт хæдтæхæг. Хæдтæхæг цы у, цæйас у, уый  саби хорз зыдта, фарон ыл йæ фыдимæ тæхгæ дæр кодта æмæ йæ дадайы афарста:

– Дада, уа-а-лæ уыцы хæдтæхæг уæлдæфы куыд тæхы? Зæхмæ цæуылнæ хауы?

Цы дзуапп хъуамæ радтаид сабийæн йæ дада, кæд æмæ нæ зоны, хæдтæхæджы зæххæй уæлдæфмæ цы тых сисы, куыд тæхы размæ æмæ йæ кæм хъæуы, уым куыд æрбады, афтæ ма тæхгæйæ зæхмæ куыд нæ хауы. Иуцасдæр ницы сдзырдта дада, стæй сабийы сæрхъуынтыл йæ арм æруагъта æмæ йын зæгъы.

– Зоныс, цы, хъæбул? Цæмæй уыдæттæ базонай, уый тыххæй нырма хъуамæ скъоламæ бацæуой, чиныг кæсын сахуыр кæнай. Уым фыст ис алцыдæр æмæ йæ куы кæсай, уæд дæ цы цымыдис кæны, уый базондзынæ…

Гæппийы ма йæ дадамæ цавæрдæр фарст радтын фæндыд, фæлæ уæдмæ бахæццæ сты рæвдауæндоны размæ æмæ кæрæдзийæ фæхицæн сты.

Бирæ уарзы йæ дадайы Гæппи. Сæрдыгон бонты йæ арæх акæны йæ машинæйыл хъæумæ. Дада кæм райгуырд, кæм схъомыл, уыцы хъæумæ. Иу ахæмы та йæ уырдæм куы акодта æмæ фæсхъæумæ тезгъо кæнынмæ куы ацыдысты, уæд нæууыл æрхуыссыдысты. Гæппи кæсы æмæ чысыл æттæдæр мæлдзгуытæ кæрæдзийы фæстæ размæ, кæдæмдæр лидзæгау кæнынц. Уымæйдæр афтидæй нæ – алкæмæн дæр сæ йе ‘ккой уыд чысыл урс-бур фæрдыджы хуызæн хæссинаг.

– Дада, кæс-ма кæс, мæнæ ацы мæлдзгуытæм, кæрæдзийы фæстæ куыд ныххал сты, – дисгæнгæйæ дзуры Гæппи йæ дадамæ.

Дада рабадт æмæ сæм кæсынтыл фæцис, стæй сыстад æмæ йæ къæхтæ сабыргай размæ иста, мæлдзгуытæ кæцæй цыдысты, уыцырдæм. Иу – дæс  къахдзæфы бæрц куы акодта, уæд æрлæууыд æмæ Гæппимæ радзырдта:

– Кæсыс, мæнæ ардыгæй лидзынц мæлдзгуытæ.

Гæппи уайтагъд йæ уæлхъус балæууыд æмæ нымдзаст мæлдзгуытæм. Уыдон сыджыты губаккæй бырыдысты хæрдмæ æмæ сæ фæндаг дардтой иуæрдæм.

– Ацы губакк сæ цæрæн бынат у, – бамбарын кодта сабийæн йæ дада.

– Æмæ ныр кæдæм цæуынц?

– Æвæццæгæн æндæр ранмæ лидзынц цæрынмæ.

– Æмæ цæмæн лидзынц?

– Чи йæ зоны, хъæбул, гæнæн ис æмæ сæм исты бабырста. Уыдонæн дæр знæгтæ уыдзæн.

– Æмæ се ‘ккæйтты та цы хæссынц?

– Цы дын зæгъон, хъæбул, цæмæй уыдæттæ базонай, мæлдзыджыты цардуагимæ базонгæ уай, уый тыххæй скъоламæ хъуамæ бацæуай, чиныджы хъуамæ сахуыр кæнай. Уый дын сæ бацамондзæн.

Гæппи йæ дадайы дзуаппæй райгондæй нæ баззад, фæлæ дарддæр цымыдисæй каст мæлдзыджыты змæлдмæ. Лæгъз нæ уыд уыдонæн сæ фæндаг. Сæхицæй стырдæр уæргътимæ иу кæрдæджы халæй хызтысты иннæмæ, афтæмæй тагъд кодтой размæ…

– … Дада, уыйбæрц дон уалæ уæлæмæ чи систа æмæ йæ зæхмæ чи калы? – уый та, рудзынджы раз куы бадтысты, уæд афарста Гæппи йæ дадайы. Рудзынгæн æдтейæ уарыд къæвда.

Ацы фарстæн дзуапп зоны дада æмæ йæ райхæлдтаид, радзырдтаид ын, фурдтæй, денджызтæй, зæххы уæлцъарæй дон кæй сысы æмæ мигъы хуызы арвмæ йæхи кæй сисы, уыдон иу ран æгæр куы стымбыл вæййынц, уæд сæ дон нал бауромынц æмæ къæвдайы хуызы сæ дон кæй фæуары. Фæлæ сабийы зонд нырма уыдæттæ кæй нæ бамбардзæн, уымæ гæсгæ та чиныгмæ æрыздæхт.

– Хъæбул, куы байрæзай, чиныг куы сахуыр кæнай, уæд дæ фарстæн дæхæдæг дзуапп ссардзынæ.

– Ау, чиныг дæуæй фылдæр зоны?

– Зоны, зоны, мæ хъæбул. Мæнæй дæр фылдæр зоны æмæ алкæмæй дæр фылдæр зоны. Чиныг алцыдæр зоны.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.