Юмористон радзырд

Ахæм ныв феныны амонд бирæтæм не ‘рхауд. Уый æцæг диссаг уыд. Æмæ æрцыдис нæ чысыл горæты. Уартæ ма советон дуг куы уыд, уæд. Иу лæг, æххæст ын йæ ном дæр зæгъæм – Гæбола хуындис – уынджы рацæйцыд. Цæугæ та кодта бангмæ. Æхца æфснайынмæ нæ. Йæ царды дыккаг æмбисы бацыд æмæ йæм иу уæлдай къапекк никуы разынд, цæмæй йæ бангы æрæвæрдтаид. Уæдæ бафæрсдзыстут, цæмæ цæуы уырдæм, кæд æм æхца æфснаинаг нæй, стæй дзы кæд никуы ницы бафснайдта, æмæ исынмæ дæр ницы хъавы, уæд? О, иу къапекк дæр дзы никуы æрыфснайдта, фæлæ ныр йæ афтид дзыппытæ хъуамæ байдзаг кæна æмæ дзы афтæмæй раздæха. Хъæуы йæ æрмæстдæр æртын къапеччы аргъ гæххæтт бавдисын. Уый та у лоторейон билет. Уыцы бон газеты мыхуыры рацыд лотореяйы тираж æмæ рамбылдта… машинæ! Уымæй дæр хуымæтæджы машинæ нæ – иууыл зынаргъдæр!

Гæбола рамбылдта, уæды рæстæджы алкæмæн дæр йæ бæллиц чи уыд, фæлæ стæмтæй дарддæр йæ балхæнын сæ бон кæмæн нæ уыд, ахæм машинæ!

 Стыр цины базыртыл куыстæй хæдзармæ нытахт, бинонтæн хабар радзырдта æмæ бакæс ды уыдонмæ – чи сæ заргæ кæны, чи кафгæ, чи худгæ.

Афтæмæй сæ ныууагъта æмæ, йæ лоторейон билет йæ костюмы мидæггаг дзыппы, афтæмæй рахызт хæдзарæй æмæ фæраст бангы ‘рдæм. Машинæйæн йæхи райсын дæр æй бæргæ фæндыд, фæлæ æгæр фæзæронд æмæ йе скъæрынмæ йæ ныфс нал хаста. Ныр хъуамæ райса машинæйæн йæ аргъ æхцатæй.

Гъе, фæлæ бангмæ фæндаг Гæболайæн лæгъз нæ рауад. Йæ рог мийы аххосæй. Рог ми йын уыд, уæдæ æндæр цы уыдис. Æндæра ма билеты дæ дзыппæй цæмæн исыс, ныууадз æй æмæ йæхицæн хъармы хуысса…

Уыд фæззыгон бон. Уазал нæ уыдис, фæлæ дымгæ æнæрынцойæ дымы æмæ цавта Гæболайы цæсгом, йæ пальтойы фæтджиты йын фæстæмæ ивазæгау кæны, галстукы уæхскы сæрты фæсонтæм æппары. Иу ныхасæй, йæ зæрдæйы фæндиаг æй размæ, стыр æхцатæм цæуын нæ уадзы. Фæлæ уæддæр йæ хъуыдытæ, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ билетыл уыдысты. Абæрæг æй кæнон, зæгъгæ, æмæ кæм уыд, йæ къух, уыцы дзыппы фæтъыста. Фелвæста  йæ. Бахудт йæ мидбылты. Йæ иу къухы æнгуылдзтæй йын йæ кæроныл хæцыд, иннæ къухы армæй та йæ лæгъзытæ систа…

 Æмæ дын… о, Хуыцау! Билет къухтæй феуæгъд æмæ йæ дымгæ аскъæфта. Лæг уысмæн фæсæццæ, фæлæ йæхимæ уадид æрцыд. Фæкаст фæстæмæ æмæ йæ дымгæ дæлæ асфальтыл йæ разæй фескъæфы.

Гæбола дын айтæ-уйтæ нал фæкодта, фæлæ йæхи ап-пæрста йæ лоторейон билеты фæстæ. Йæ иувæрсты цæуджытæй иу сылгоймаджы скъуырдта.

– Æнæхафт цыдæр, дæ размæ кæс! – стардзæгъдæн ыл кодта уый.

– Мæ машинæйы мын дымгæ фескъæфы! – йæхи растгæнгæ дарддæр лидзы лæг йæ билеты фæстæ.

– Æнæхсæст!

– Фидиссаг цыдæр! – йæ хъустыл уадысты, кæй ма скъуырдта, уыдоны мæсты хъæртæ, фæлæ йæ уыдон бынтондæр не ʻндæвтой уынгæ дæр сæ нæ кодта. Йæ цæстытæ сагъд уыдысты йæ билет-машинæйы æмæ йын, зæгъгæ, уымæй фæиртæстысты, уæд дæ балгъитæг афтæ – ацу æмæ уыцы чысыл гæххæтты гæбазы стæй агур.

Лоторейон билетæй та дымгæ йæхицæн хъазыд баиу æппæрст гæххæттытимæ, целлофанты скъуыддзæгтимæ, æндæр брæттимæ æмæ семæ хъазынтæ систа. Мæнæ сæ иу къуымы сæмбырд кодта æмæ, цыма, æрсабыр сты. Гæбола уыны йæ билет брæтты ‘хсæн куыд хуыссы. Зæрдæ цины хъыдзы скодта, ныр мын нал аивæрздзынæ, мæ къухты дæ, зæгъгæ, æмæ брæтты уæлхъус февзæрд. Фæлæ цалынмæ агæпп ласай, уæдмæ «опп» зæгъын не ‘мбæлы. Йæ билетмæ куыд хъуамæ фæгуыбыр кодтаид, йæ къухмæ йæ куыд хъуамæ фелвæстаид æмæ йæ цингæнгæ йæ дзыппы куыд хъуамæ фæцавтаид, афтæ дын кæцæйдæр æнæхайыры зилгæ-дымгæ куы фæзынид æмæ дын брæтты билетимæ йæ уæлныхты куы сисид. Асфальтыл дзы ницыуал аззад – Гæболайы цæстыты рæзты хæрдмæ стахтысты. Лæг билеты йæ дыууæ армы ‘хсæн ацахсынмæ хъавыд. Иу хатт райхъуыст æрмтты дзæхст, иннæ хатт, фæлæ – дзæгъæлы, не ‘рцахстой билеты. Билет та йæ сæрмæ стахт бæрзонд, раст цыма йæ хицауæн хæрзбон дзырд-та, стæй йæ уынджы дæлæмæ хæссынтæ систа дымгæ.

Гæбола та йæ фæстæ ныййарц æрмттæтыгъдæй, хæрдмæ, Хуыцауы ‘рдæм кæсгæйæ, раст, цыма уымæ куывта, цæмæй йын йæ билет йæ къухты бафтын кæна. Хæрдмæ кæсгæйæ та дæ развæндаг кæм уындзынæ æмæ та, чизоны, цал цæуæгыл скъуырдтаид йæхи, фæлæ йæ ахæм уавæры куы федтой, уæд сæ цæуынæй æрлæууыдысты æмæ дзы сæ цæст нал истой. Билет уынджы сæрты иннæ фарсæрдæм батахт, Гæбола дæр – йæ фæдыл, чысыл ма бахъæуа машинæ йæ скъуыра. Цæлхыты хъыррыст йæ тæккæ фарсмæ фæцыдис. Асæррæтт ласта уæддæр иннæ фарсмæ. Йæ хъустыл ма шофыры карз æлгъыстытæ ауадысты. Уыдонæн дзуаппæн Гæболайы хъæр-æрдиаг райхъуыст: «Мæ машинæ фæтæхы! Фæтæхы мæ машинæ!»

Уынджы цæуджытæ зонгæйæ æнæзонгæйæ кæрæдзимæ кæсынтыл фесты æмæ кæрæдзийы фарстой: «Цавæр машинæ фæтæхы?» Ахæм хъуыдыгæнджытæ дæр дзы разынд, кæцытæ æндæртæн уырнын кодтой, зæгъгæ, æвæццæгæн психикон рынчындонæй раирвæзт. Сæ дисæн бынтон кæрон нал уыд, лæг кæйдæр бæрзонд  дурын æмбонды сæрмæ куы сæррæтт ласта æмæ мидæгæй февзæргæйæ сæ цæстыты разæй куыд æрбатары.

– Кæс ма кæс, цæй бæрзонд æмбонды сæрты басæррæтт ласта!

– Æвæццæгæн спортсмен у!

– Хæрдмæ гæпп кæнынæй.

– Кæйдæр цæхæрадонмæ гæпп кæнынæй.

Хъуыстысты се ‘хсæнæй алыгъуызон ныхæстæ, стæй иутæ сæ фæндаг дарддæр кодтой, тынг чи сцыбæл сты лæгмæ, уыдон ма иуцасдæр алæууыдысты сæ тæлмæнтæ дзургæйæ æмæ уыдон дæр апырх сты.

 Мах та бакæсæм æмæ базонæм, цы бацис Гæбола, уымæ. Уый та, æмбонды сæрты йæ билеты фæстæ багæпп кæнгæйæ, æцæгæйдæр февзæрыд кæйдæр цæхæрадоны. Йæ цæст нæ исы уæлдæфы йæ билетæй. Ныфс æй уыд, ацы цæхæрадоны кæй æрбаддзæн æмæ йæ кæй æрцахсдзæн, фæлæ цæхæрадон дардыл нæ уыд æмæ йæм йæ арæнты сæрты куыд батахт, афтæ чысыл фæстæдæр атахт йæ арæнтæй дæр æмæ февзæрыд æндæр цæхæрадоны сæрмæ. Ам дæр се ‘хсæн – бæрзонд æмбонд. Æмæ дын уыцырдæм куыд ныййарц, афтæ хæдзары ‘рдыгæй куыдзы бæзджын, тасуадзæг хъæлæс куы райхъуысид. Уадид йæхæдæг дæр разынд – стыр, хъуынджын, хæмхудджын… Гæбола йæм уысмæн фæкаст æмæ уадид æмбондгæрон февзæрыд, йæ хæдфæстæ та – æмбонды сæрыл хуысгæйæ, хъуамæ иннæ цæхæрадонмæ аппæрстаид йæхи. Фæлæ йæ уæдмæ куыдз дæр басырдта, сгæпп кодта æмбондыл æмæ кæд Гæболайы онг нал сæххæссыд, уæддæр ын, чи æрзæбул, уыцы пальтойы фæдджийыл фæхæст æмæ дзы йæ дæндæгтæ фæсагъта. Фæсагъта сæ, фæлæ пальтойы лæг аивæзта иннæ цæхæрадоны ‘рдæм æмæ куыдзы дæндæгты алхъывта. Ныр куыдзы бæргæ фæнды пальтойы суæгъд кæнын, фæлæ йæ бон ницы цæуы.

Уæдмæ цæхæрадонмæ рахызт хæдзары хицау дæр æмæ сæ ахæм уавæры куы ауыдта, уæд лæгæн фидистыл схæцыд:

– Худинаг дæм нæ кæсы, дæ цахъхъæн лæг искæйы цæхæрадæтты хъуамæ рабыр-бабыр кæна! – Фæлæ Гæболайæн йæ цæсгом æндæрæрдæм здæхт у, йæ билеты фæдыл кæсы. Хæдзары хицауы ныхæстæн та сдзуапп кодта æрдæбоны ныхæстæй:

– Мæ машинæ фæтæхы! Фæтæхы мæ машинæ!

Гæболайы пальто уæззау куыдзы бирæ нæ баурæдта, йæ дæндæгтæ йæ  æрфастой æмæ куыдз сæхи цæхæрадоны ‘рдæм æрхауд, лæг та иннæ цæхæрадоны ‘рдæм æрхауд æмæ фæаууон. Афтæ куыдзы хицау дæр нæ базыдта, цавæр машинæ кæцæй æмæ кæдæм тæхы, уый.

«Хорз уыд æмæ уыцы цæхæрадоны не ‘рбадт мæ билет, æндæра мæ уыцы куыдз аскъуыдтæ кодтаид æмæ мæ билет дæр фесæфтаид», – уысмæн ахъуыды кодта Гæбола æмæ кæсы, йæ билет-машинæ йæ амондæн иу стыр, сыфтæртæ кæуыл нал уыд, ахæм бæласы къалиуты ‘хсæнмæ куыд батахт. Уæлæ иу къалиуыл тыхсæгау акодта, æрлæууыд йæ тæхынæй, уырдыгæй феуæгъд æмæ æрхауд дæлдæр къалиумæ. Афтæ дæлæмæ дæлæмæ хауд æмæ æввахсæй æввахсдæр кодта Гæболамæ. Гæболайæн та йæ зæрдæ хуры фарсмæ бадын райдыдта. «Рацу мæм, рацу, мæ зынаргъ», – лæгъзтæгæнæгау æм кæны бынæй.

Фæлæ фыдахин, æгæнон билет уæддæр йæ хицауы къухмæ нæ комы. Мæнæ та йæ иувæрсты æрхауд зæхмæ æмæ йæ дымгæ йæ къæхты цурæй аскъæфта. Асырдта та йæ Гæбола. Ныр тæхгæ нал кæны æмæ йæ ныфс ис, кæй йын нал аивæрздзæнис. Билет-машинæ та ныр бæлæсты хус сыфтæртимæ баиу æмæ сæ дымгæ йæ разæй ахаста. Ахаста æмæ сæ цæхæрадоны кæрон хызæмбонды рæбын анадта. Гæбола йæ баййæфта æмæ дын каурæбын хус сыфтæртыл дæргъæй дæргъмæ дæлгоммæ куы ныххуыссид æмæ зæрдиагæй ныххудт. Уыцы рæстæджы цæхæрадоны хицау кæрты цыдæртæ архайдта æмæ фисынгæронæй акаст цæхæрадоны ‘рдæм. Райдианы дзы ницы суыдта, фæлæ фæстагмæ йæ цæст схæцыд зæххыл фæлдæхт адæймагыл. Бадис кодта, чи уыдзæн, зæгъгæ, йæ куыст фæуагъта æмæ йæм хæстæг бацыд. Гæбола цы сыфтæртыл ныххуыссыд, уыдонæй йæ рахис къухæй раласы, йæ разы сæ апырх кæны æмæ билет уым куынæ разыны, уæд сæ йæхицæй ассоны, стæй та ногæй раласы йæ бынæй æндæр сыфтæртæ.

– Чи дæ, мæ цæхæрадоны цы аразыс! – схъæр ыл кодта цæхæрадоны хицау.

Гæболайæн йе ‘ргом фылдæр æмбонды ‘рдæм здæхт уыд, нæ бафиппайдта, лæг йæ цурмæ куыд æрбацыд æмæ фесхъиудта. Фесхъиудта, фæтарст, фæлæ йæ хъуыддаг дарддæр кодта – уый йæ тынг не ‘ндæвта.

– Дæумæ нæ дзурын, ам цы аразыс? – фæрсы та йæ.

– О, æз… Æз мæнæ мæ машинæйы агурын… – æхсгæ каст æм скодта афтæмæй дзуапп радта æмæ та дарддæр змæнтын райдыдта сыфтæрты.

– Уый та ма цавæр машинæ у, сыфтæрты бын чи фæцис? – бадис кодта хицау.

– Машинæ у, уæдæ цы у, цæттæ машинæ… Æмбулгæ йæ ракодтон… Билет мæ къухты уыд… дымгæ мын æй аскъæфта… ардæм æй æрбаскъæфта… ныр мын  нал аивæрз-дзæнис… мæ быны ис… – хъуыддаг цæй мидæг ис, уый йын æм-барын кодта Гæбола.

– А-гъа! Бамбæрстон дæ. Æз та афтæ фенхъæлдтон, мæ цæхæрадоны сыфтæрты мын нымайыс.

Зын зæгъæн у Гæбола лæджы ныхæстæ фехъуыста, æви нæ – йæ хъуыдытæ йæ билет- машинæйыл уыдысты.

– Кæд дæм, мыййаг, фæкæсын нæ хъæуы, хорз лæг?

Ацы хатт æй, æцæгæйдæр, нæ фехъуыста æмæ хъæрдæрæй сфæлхатт кодта йæ фарст.

– Нæ… нæ… мæхæдæг…

Хицау ма иучысыл алæууыд йæ цуры, стæй йæ ныууагъта, фæлæ йæм хæдзары кæртæй йæ хъус дардта – цымыдис кодта, цы бауыдзæн, уымæ.

Æмæ дын иу ахæмы куы райхъуысид йæ цины хъæр:

– Æрцахстон дæ! Ныр мæ къухты дæ! О, Хуыцау!..

Гæбола уайтагъд хъил алæууыд. Нымдзаст, чи нычъизи, нынцъылдтытæ, уыцы билетмæ, стæй йын цалдæр хатты ахъаззаг ныпъа кодта. афтæмæй йæ пальтойы дзыппы фæцавта. Къухы дæр уæлæмæ нал систа. Дзыппы уыд къух, къухы армы та – билет. Афтæ йын æдасдæр уыд.

Дарддæр архайын хъуыд Гæболайы. Хъуыд цæхæрадонæй горæты уынгмæ рахизын æмæ бацыд, кæцæй æрбагæпп кодта, уыцы бынатмæ. Скаст хæрдмæ. «Ау, ацы æмбонды сæрты æрбагæпп ластон? Диссаг!», – ахъуыды кодта йæхинымæр.

Гæболайæн фæстæмæ ууылты гæпгæнгæ нал уыд. Иуæй дзы нал агæпп кодтаид, иннæмæй та дзы кæдæм гæпп кæны, фæстæмæ уыцы куыдзы дзыхмæ? Æмæ фæраст, æрдæбон йæ уæлхъус чи лæууыд, уыцы лæджы хæдзары ‘рдæм. Уæдмæ йæм уый йæхæдæг дæр рахызт, бацин кодта лæджы циныл æмæ йæ йæ кæртыл ахизын кодта уынгмæ.

Цинæвдылд у Гæболайы зæрдæ. Йæ машинæ фæстæмæ йæ къухты бафтыд. Фæлæ йæ разы сæвзæрыд фарст: ахæм фадбарцимæ кæдæм ацæуа – бангмæ æви хæдзармæ? Банг æм хæстæг у, хæдзар – дарддæр. Æркæстытæ кодта йæхимæ. Йæ дарæс дзабырæй, хæлафæй, хæдонæй, пальтойæ – чъизитæ, æнцъылдтытæ. Йæ цæсгом, йæ къухтæ дæр. Пальтойы скъуыд æрзæбул. Галстукы баст йæ галиу уæхскмæ схæццæ. Йæ къухæй сæры асгæрста – цилиндр худ уым нал ис. Йæ зæрдыл æрбалæууыд, куыдз æй куы расырдта æмæ æмбонды сæрмæ куы гæпп кодта, уæд йæ сæрæй кæй атахт.

«Цы уа, уый уæт!» – аскъуыддзаг кодта Гæбола æмæ йæ чъизи ных бангы ‘рдæм сарæзта. Банджы бæстыхайы ссардта, кæцы рудзынджы раз балæууын хъæуы, уый æмæ йæ лоторейон билеты æд паспорт балæвæрдта, мидæгæй цы сылгоймаг бадт, уымæ.

Сылгоймаг билетмæ æркаст иуæрдыгæй, иннæрдыгæй, ракаст йæ хицаумæ дæр.

– Кæм брæтты йæ ссардтай ацы билеты? – фæрсы йæ сылгоймаг.

– Дæуæн цы уæлдай у. Æркæс тиражмæ æмæ йæ сбæлвырд кæн, æцæг рамбылдтон машинæ, æви нæ, – йæ нæразыдзинад равдыста Гæбола.

– Цы хабар у, цы? – сылгоймаджы фæрсы, мидæгæй ма чи бадт æндæр столы фарсмæ, уыцы æрыгон чызг.

– Мæнæ цавæрдæр галстукджын бомж машинæ рамбылдта…

Куыд, цы, фæлæ Гæбола бангæй здæхт, йæ дзыппытæ æхцатæй йедзаг, афтæмæй. Чи йыл æмбæлд уынджы, уыдонмæ йæ фадбарц худæгау каст æмæ-иу йæ фæстæ кæсгæйæ баззадысты. Фæлæ уый никæмæ каст, ничидæр æй æндавгæ кодта. Йæ хъуыдытæ баст уыдысты йе ‘хцатимæ. Уыцы æхцатимæ, кæцытæ гæнæн уыд æмæ ныртæккæ ма уыдаиккой йæ дзыппы. Иуæй уыцы амондджын лоторейон билеты куынæ балхæдтаид, уæд, иннæмæй та йæ, йæ къухтæй аивæрзгæйæ, фæстæмæ куынæ æрцахстаид, уæд. «Уæддæр хорз уаид æмæ йæ дымгæ дард нæ аскъæфта йæ разæй, æндæра дзы афтид абадтаин», – æхсызгонæн хъуыды кодта Гæбола æмæ та йæ дзыппытыл йæ къух æрхæссы.

Æрхъæцмæ нал лæууыдысты, афтæмæй йæм æнхъæлмæ кастысты хæдзары йæ бинонтæ æмæ къæсæрыл куы балæууыд, уæд ыл æрмттæтыгъдæй сæмбæлдысты. Фæлæ йæ    скъуыдтæ дарæсы, чъиллæттæй куы ауыдтой, уæд фæсæццæ сты. Сæ цины цæсгæмттæ ферхуым сты.

– Сау бонтæ мыл, мыййаг Хуыцау кæд де ‘хцаты ничи байста, – йæ лæгыл нæ, фæлæ æхцатыл мæтгæнæг йæхи скодта Фари.

– Гъехх, мæнæн æнæ фыдæбонæй дын ницы дæтты, – цыма йæ усы ныхас нæ фехъуыста, уыйау бакодта Гæбола, стæй бахызт мидæмæ æмæ столмæ йæ дзыппытæй кæрæдзийы фæдыл исын райдыдта æхцаты тыхтæтты. Бинонтæ та уадид сæ хъæлдзæг хуыз райстой æмæ иууылдæр цин кæнын райдыдтой æхцатыл. Бирæ сыл куы фæцин кодтой, æрмæстдæр уæд равдæлд бинонты, Гæболайыл цы ‘рцыд, уымæ бацымыдис кæнын. Æмæ сын уый дæр радзырдта, æз сымахæн цы радзырдтон, уый.

Дыккаг бон Гæбола йæ куыстмæ цыд ног дзабырты, ног костюмты ног галстукимæ, ног пальто æмæ ног шляпæйы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.