Ног азы РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли ауагъта фыццаг рауæрæхгонд æмбырд министрадтæ, ведомствотæ, горæт æмæ районты администрациты сæргълæуджытимæ.

Президент ног азы æрбалæуды сæраппонд æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта, загъта сын, ног æнтыстыты фæндиæгтæ. Ныфсимæ банысан кодта, зæгъгæ, алчи дæр йæ куысты дарддæр дæр бæрндзинад кæй æнкъардзæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыцы бæрндзинад рæстæгæй рæстæгмæ ма хъуамæ уа, фæлæ – æдзух. Бафæдзæхста сæ,  сæ алы архайд дæр баст кæй хъуамæ уа, эффективон къахдзæфтæ æмæ фæстиуджытæм сæм чи æнхъæлмæ кæсы, Хуссар Ирыстоны уыцы адæмы хæрзæбонимæ. Уыимæ иумæ сын бахæс кодта, цæмæй алы министр дæр хыгъд радта Хицауад æмæ Парламенты раз. Министртæй дарддæр депутатты раз хыгъд хъуамæ радта Генералон прокуратурæ дæр. Уымæй дарддæр 21 январмæ хъуамæ бацæттæ кæной, 2019 азы цы куыстытæ бакæнын хъæуы, уыдоны плæнттæ.

Бæстæйы сæргълæууæг сæрмагонд хъусдард аздæхта, районты цы куыстытæ бакæнын хъæуы, уыдонмæ æмæ æрсидт Хицауадмæ, цæмæй мадзæлттæ райса, ведомствотæн цы хæстæ ис, уыдон сæххæст кæныны фæдыл. Уыимæ ма сын бахæс кодта, цæмæй къуырийы æмгъуыдмæ бацæттæ кæной æмæ æрбавдисой ног Инвестпрограммæйы плæнттæ.

Президент æрсидт министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæг-гæнджытæм, цæмæй цалдæр бынаты чи кусы, уыдоны фарстмæ æркæсой бæрндзинадимæ. Уый тыххæй Бибылты Анатоли Президенты Администрацийы сæргълæууæг æмæ Хицауады Аппараты къухдариуæггæнæгæн бахæс кодта, цæ-мæй дæс боны æмгъуыдмæ бакусой фæллойадон бадзырдтæ саразыны фарстыл. Ацы фарст Президент банымадта принципиалоныл, уы-мæн æмæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, уый фæахъаз уыдзæн республикæйы кадрон фарстатæ аскъуыддзаг кæнынæн.

Æмбырды дзырд цыд парламентон æвзæрстытæм цæттæгæнæн куыстытыл дæр.

Президент бахæс кодта Централон æвзарæн къамисы сæрдар Плиты Беллæйæн, цæмæй къамис бацæттæ кæна организацион фарстатæ парламентон æвзæрстытæ ауадзыны фæдыл.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый у республикæйы нысаниуæгджын политикон цау æмæ йæ алы фарстыл дæр хъæуы лæмбынæг æмæ оперативонæй бакусын. Æвзæрстыты кампани та ауадзын хъæуы бæрзонд æмвæзадыл. ЦÆК-æн ныфс бавæрдта, зæгъгæ, цæмæй организацион фарстатæ скъуыддзаг кæныны тыххæй проблемæтæ ма уа, уый тыххæй сын сæ куыстæн баххуыс кæндзысты, иу кæнæ иннæ фарст кæцы ведомствомæ хауы, уым.

Цæрджытæй медицинон лæггæдты тыххæй дзургæйæ, Президент  куыд банысан кодта, афтæмæй Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрадæн медикаменттæ балхæныны тыххæй финанстæ 120 милуан сомæй фæфылдæр сты 150 милуан сомы онг. Цæрджытæн бæрзондтехнологион медицинон æххуыс бакæныны тыххæй финансон фæрæзтæ дæр схызтысты 20 милуан сомы онг, фæфылдæр сты сывæллæтты пособитæ æмæ сахъатдзинады тыххæй бафыстытæ дæр.

Паддзахады сæргълæууæг бахæс кодта Æнæниздзинад хъахъ-хъæныны министрад æмæ Хъалонты фæдыл комитетæн, цæмæй сæ хъус æрдарой, республикæмæ медикаменттæ чи ласы, уыдонмæ, кæцытæ нæ фидынц хъалон.

Президенты ныхæстæм гæсгæ, организациимæ бадзырд арæзт куы æрцæуа, уæддæр уыцы организаци паддзахадмæ хъуамæ фида хъалон.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй медикаменттæ ласджытæ «Фармлидер» æмæ «Мари-фарм» республикæйы бюджетмæ нæ бахастой иу сом дæр, кæд æмæ 2018 азы сæ æхцаæрзылд уыд 83,7 милуан сомы, уæддæр.

Президент куыд бамбарын кодта, афтæмæй хъалон хъуамæ фидой, цардæн тынг æнæмæнгхъæуæг цы препараттæ сты, уыдонæй дарддæр æппæт препаратты тыххæй дæр. Уымæй дарддæр ма сæ бафæдзæхста, цæмæй медикаменттæй ифтонг кæныны хъуыддаг æр-бæстон кæной. Бибылты Анатоли цæвиттонæн æрхаста препарат «Лантус» (Инсулин гларин). Ома хостæ чи ласы, уыдоны ныхæстæм гæсгæ, ацы препарат æрластой, цас сæм уыд закъаз, уыйас, фæлæ хос не сфаг æмæ йæ бахъуыд æндæр æнгæс хосæй баивын.

Паддзахады сæргълæууæг сæ ноджыдæр бафæдзæхста, цæмæй ацы фадыджы куыст æрбæстон кæной, уымæн æмæ уый тынг æндавы цæрджыты цардархайдыл.

Рауæрæхгонд æмбырды дзырд цыд республикæйы экономикæйы фадыджы райрæзтыл дæр.

Республикæйы Экономикон рæзты министрадæн Президент бахæс кодта, цæмæй цыбыр рæстæгмæ бакусой хатырон кредиттæ дæттыны фарстыл, уымæн æмæ адæмы кредиттæ хъæуы афæдзы кæрон нæ, фæлæ азы райдиан.

Республикæйы сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй цæрджытæн фехъусын кæнын хъæуы, куырдиæттæ æмæ проект-тæ исыны рæстæг кæй райдыдта, уый тыххæй. Уыимæ ма бакусын хъæуы, кредиттæ чи хъуамæ райса, уыцы адæймæгты æмæ фермерон хæдзарадты сбæрæг кæныныл.

Бæстæйы сæргълæууæг сæрмагондæй банысан кодта, чи кусынц, уыцы фермерон хæдзарадты, кæ-цытæ кредиттæ хъуамæ райсой фыццаг  рады.  Уыцы  фарст  ас-къуыддзаг кæныныл контроль кæнын бахæс кодта Хицауадæн.

Бибылты Анатоли ма Хицауады бæрны бакодта, хъалмыхъаг мыггаджы стуртæ цы адæймæгтæн радтой, уыдонæн баххуыс кæнын, уымæн æмæ Президенты ныхæс-тæм гæсгæ, уыцы адæймæгты йæ рæстæджы паддзахад фæсайдта.

Гуырдзыстоны H1N1-ы хуызы грипп кæй фæзынд, уый тыххæй Гуырдзыстонимæ арæныл рахизæн пунктты сæрмагонд контроль æмæ дзы профилактикон мадзæлттæ ауадзын  Бибылты Анатоли бакодта Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георгийы бæрны. Бахæс ма йын кодта, цæмæй бабæрæг кæна, хъæууон фельдшерон пункттæ куыд цæттæ сты фыццаградон æнæмæнгхъæ-уæг вирусы ныхмæ препараттæй, уыцы нымæцы «Тамифлю»-йæ.

Тотчиты Георги куыд загъта, афтæмæй йæ дæлбар ведомство контроль кæны уавæрыл æмæ æппæт мадзæлттæ дæр исы афтæхуыйнæг «хуыты грипп»-ы профилактикæйы тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, алы районы медицинон уагдæттæм дæр арвыстæуыд æмбæлон рекомендацитæ. Куы бахъæуа, уæд цæттæ сты æмбæлон медикаменттæ самал кæнынмæ.

Министр банысан кодта, абоны бонмæ йæ дæлбар ведомство цæттæ кæй у ацы гриппæй рынчынтæн хос кæнынмæ.

Фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны фæдыл комитеты сæргълæууæг Коцты Маринæ куыд бамбарын кодта, афтæмæй ныры этапыл тыхсын нæ хъæуы ацы гриппæй фæрынчыны тыххæй.  Уымæн æмæ абоны онг нæ республикæйы территорийыл нæ уыд H1N1-ы хуызы гриппæй рынчыны иунæг цау дæр.

Рабадты дзырд цыд цæрæнуат дих кæныны фарстайыл дæр.

Президент банысан кодта, ацы фарсты фæдыл цы къамис кусы, уый æргомдзинад æмæ принципиалондзинад. Куыд загъта, афтæмæй тагъд райстæуыдзæн уынаффæ цæрæнуат дих кæныны фæдыл.

Республикæйы районты газæй сифтонг кæныны фæдыл æппæт фарстатæ бацæттæ кæнын рабадты Бибылты Анатоли бахæс кодта Хицауадæн.

Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Бекъойты Геннади куыд радзырдта, афтæмæй январы кæрон Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы кусæгон къордтæн ауагъдæуыдзæн æмбырд, цыран уынаффæ цæудзæн ацы проектыл.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй планмæ гæсгæ сæйраг пункттæ æххæст æрцыдысты, дыууæ мæймæ кæронмæ æххæст æрцæудзысты техникон ма-дзæлттæ дæр. Арæзтадон куыстытæм та æрæвналдзысты афæдзы дыккаг æмбисы райдианы.

Ацы проекты Бибылты Анатоли банымадта иууыл ахсджиагдæр æмæ æнæ-мæнгхъæуæгдæрыл, кæцы бирæбæрцæй фæхуыздæр кæндзæн республикæйы районты цæрджыты царды уаг. Уыимæ ма æвæрццагæй бандавдзæн республикæйы экологийы уавæрыл.

Мадзалы æнæхъусдард нæ баззад фæсивæдон политикæйы фарст дæр.

Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй æрвылаз дæр рæзгæ фæсивæды монон-хæрзæгъдауон хъомылады фæдыл рахицæн æрцæуы финансон фæрæзтæ. Уый Хицауады Сæрдар  Пухаты Эрикæн бахæс кодта, цæмæй ацы фарсты фæдыл æмбырд ауадза профилон ведомствоты къухдариуæггæнджытимæ, афтæ ма иу мæйы æмгъуыдмæ бакуыстæуа план рахицæнгонд финансон фæрæзтæ нысанмæздæхтæй куыд хардз цæуынц, уый тыххæй.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, рæзгæ фæл-тæры хъомылады ис æвæрццаг тенденци, фæлæ йæ ныууадзын нæ хъæуы, ныр цы æмвæзадыл ис, ууыл.

Барадхъахъхъæнæг органты æмæ тыхон структурæты куыстыл дзургæйæ, Президент банысан кодта, зæгъгæ,  сæ куысты эффективондзинад баст у æппæт тыхон структурæты æнгом архайдыл, кæцытæ сты Хуссар Ирыстоны территорийыл.

Генералон прокуратурæйæн бахæс æрцыд, цæмæй дарддæр дæр куса тыхон структурæты архайды координацийыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.