РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли ауагъта æмбырд, цыран дзырд цыд, Комаровы уынджы цы арæзтадон куыстытæ цæуынц, уыдоны тыххæй. Æм-бырды куысты хайад райстой Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæстæ æх-хæстгæнæг Зæгъойты Эдуард, афтæ ма подрядон организациты къухдариуæггæнджытæ.

Аразджытæ паддзахады сæргълæууæгæн радзырдтой  бакæнгæ куыстыты тыххæй æмæ, цы проблемæтыл сæмбæлынц, уыдоны тыххæй дæр.

Подрядон Бестауты Сергей куыд радзырдта, афтæмæй йæ организаци цы проблемæтыл сæмбæлд, уыдонæй иу у, проектон-сметæйон документацийы рæдыдтытæ кæй ис, уый, кæцыты сраст кæныны тыххæй хъæуы уæлæмхас финанскæнынад.

Проблемæтæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй цы хъæуы саразын, уый тыххæй Бибылты Анатоли бафарста Зæгъойты Эдуарды.

Министры хæстæ æххæстгæнæг банысан кодта, зæгъгæ, уæлæмхас финансон фæрæзтæ цæмæй рахицæнгонд æрцæуой, уый тыххæй сæ подрядонтæ хъуамæ  банысан кæной документты. Паддзахады сæргълæууæг æрсидт подрядонтæ æмæ заказгæнджытæм, цæмæй кусой  æнгом æмархайдæй.

«Рæдыдтытæ дæр вæййы, фæлæ сæйраг хæс уый мидæг ис, цæмæй сын сæ фæстиуджы-тæ оперативонæй иуварс кæной. Махæн алы бон дæр зынаргъ у. Уый тыххæй сидын æппæт кусджытæм дæр, цæмæй æмгуыст æмæ фæстиуæгджын куыст кæной», – загъта уый.

Министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуарды хъуыдымæ гæсгæ, сæйраг проблемæ у, документаци бафæстиатимæ арæзт кæй цæуы, уый.

«Подрядоны кæд фæнды проекты исты фæивын, уæд хъуамæ бавдисой документтæ æмбæлон ведомствомæ æрæмных кæныны тыххæй. Фæлæ уый арæзт нæ цæуы», – загъта Зæгъойты Эдуард.

Президент æрдомдта подрядон организацитæй, цæмæй рæстæгыл аразой сæ документаци æмæ сæ бавдисой республикæйы Арæзтады министрадмæ.

«Гæнæн нæй, æмæ проектон-сметæйон документацийы мацæмæ дарай æмæ алцы, куыд дæ фæнда, афтæ аразай,  æгæрыстæмæй, дæм афтæ хуыздæр куы кæса, уæддæр. Алцæмæн дæр хъуамæ уа бындур  æмæ æмбæлон органтæм бавдыст æрцæуой документтæ дарддæр сæ æрæмных кæныны тыххæй», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Уыимæ иумæ уый æрсидт арæзтады хайадисæг æппæт фæрстæм дæр, цæмæй рацæуой объекттæм æмæ бынаты ба-бæрæг кæной куыстыты дарддæры плæнттæ.

Президент Хицауады Сæрдарæн бахæс кодта, цæмæй хуыздæр контроль кæна бакæнгæ куыстытыл.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.