РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фембæлд, Цхинвалы «ТЭК»-ы базары территорийыл нозт æмæ тамакотæ чи уæй кæнынц, уыцы чысыл æмæ астæуккаг бизнесы минæвæрттимæ. Амалиуæггæнджытæ равдыстой сæ тыхстдзинад, паддзахады сæргълæууæг раздæр уый фæдыл цы хæслæвæрд радта, ома, дæлакцизон товартæ уæй кæныны нормæтæ æнæ-мæнгæй æххæст кæныны тыххæй, уый фæдыл.

Фембæлды ма хайад райстой Экономикон рæзты министр Кокойты Геннади, Паддзахадон таможнæйон комитеты сæрдар Цхуырбаты Мурат, Хъалонтæ æмæ фиддонты комитеты сæрдар Кадзты Владимир, Кондад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты сæрдар Бекъойты Геннади æмæ Республикæйы Генералон прокуроры хæдивæг Битеты Сергей.

Тамакойы акцизты аргъ у 3 сом æмæ 60 къапеччы, нозты акцизты аргъ та у  25 соммæ хæстæг, куыд карздæр сты, уымæ гæсгæ. Хъалонтæ æмæ фиддонты комитеты сæрдар Къадзты Владимир банысан кодта, зæгъгæ, ивгъуыд аз алкоголон продукцийы акцизтæ уæй æрцыд 100 мин сомы аргъæй къад-дæр, тамакойы акцизтæ та – 6 милуан сомы аргъ.

Президент амалиуæггæнджытæм байхъусгæйæ, уыдонæн бацамыдта райсгæ мадзæлтты æнæмæнгхъæуындзинад, уымæн æмæ акцизтæ сты цыфæнды паддзахады бюджетæн дæр йæ сæйраг æфтиаг, уæлдайдæр та, акцизтæ нымад сты хъалоныл æмæ сæ аргъ нымад цæуы уæййаг товары аргъимæ.

«Кæд æмæ амалиуæггæнджытæ хъалонты службæ æмæ, таможнæйон службæмæ цы фæдзæхстытæ æмæ домæнтæ ис, æмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл архайæг закъоны до-мындзинæдтæ не ‘ххæст кæной, уæд бахъæудзæн æмбæлон мадзæлттæ райсын. Ацыран амалиуæггæнджыты ахæм категоритæ нæй, нозт æмæ тамакойы акцизты аргъ фидын кæмæ не ‘мбæлы, закъон хъуамæ æххæст кæной се ‘ппæт дæр. Мах хъуамæ æрæвæрæм фæтк ацы фадыджы, уæлдайдæр та уымæн, æмæ ацы товартæ не сты æнæмæнгхъæуæг», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый зæрдæ бавæрдта амалиуæг-гæнджытæн, уыцы хъуыддаг сæ куыстыл тынг кæй нæ бандавдзæн, уымæн æмæ карз нозтытæ æмæ тамако уæй кæныны хъуыддагмæ лæмбынæг хъусдард цæудзæн æппæт æмвæзадтыл дæр – се ‘рбаласджытæй райдай æмæ дуканиты онг.

«Сымах уе ‘мгуыстад нывыл кæндзыстут, товар кæмæй ласут, уыдонимæ, æвæрдзыстут сын уæхи уавæртæ, уыдон та уын товар уæй кæн-дзысты зынаргъдæрæй акцизтимæ, кæннод та æнæ акцизтæй хъалонтæ æнæ-хынцгæйæ. Хицæнæй товарласджытыл кæнæ амалиуæггæнджытыл æндавын ницы ахадгæ у æмæ афтæмæй нæ къухты ницы фæстиуджытæ бафтдзæн, фæлæ ацы проблемæмæ мах бавналдзыстæм иумæйагæй. Уыимæ иумæ мах карз тох кæндзыстæм ацы фадыджы коррупциимæ, науæд мах «нæ хæдзары» фæтк не ‘рывæрдзыстæм», – банысан кодта Президент.

Амалиуæггæнджыты акцизтæ балхæнынæн бæлвырд рæстæг кæй хъæудзæн, уый æмбаргæйæ республикæйы къухдариуæгад снысан кодта фыццæгæм июлмæйы æмгъуыд, уый фæстæ та уагъд цæудзысты комиссион рейдтæ æмæ ацы закъонхалджыты кæндзысты ивар, дыккаг хатт та ист цæудзысты сæ уæййæгтæ.

Фембæлды кæронбæттæны уынаффæ цыд чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады хатырон кредиткæнынады фарстыл. Ахæм амалæй амалиуæг-гæнджытæ цы процент фидой, уый уыдзæн бангы кредитæй дыууæ хатты къаддæр. Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, уый уыдзæн бæлвырд æххуыс чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн паддзахады ‘рдыгæй æмæ ацы закъоныл къух фыст æрцæудзæн æввахс рæстæджыты.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.