Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли хъæуæг службæтæн бахæс кодта РХИ-йы Президенты Æхсæнадон исæнмæ куырдиæттæ чи бахаста, уыцы æмбæстæгты химæрайсты фæстиуджытæм гæсгæ, – хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

Дыууæ бонмæ – 4 декабрæй 6 декабрмæ паддзахады сæргълæууæг æркаст æмбæстæгты 30 куырдиатæй фылдæрмæ, уыдонæн сæ фылдæр уыдысты цæрæнуат сæндидзын кæныны фæдыл.

Горæт Цхинвалы цæрæг Дзиццойты Сергей радзырдта Президентæн, йæхæдæг куыд архайдта Плиты Ароны фырты уынджы йæ хæдзар сцалцæг кæныныл, кæцы бахъыгдард хæсты рæстæджы, фæлæ йын æхцайы фæрæзтæ цалцæг кæнынæн не сфаг сты. Ныртæккæ уый йæ бинонтмæ цæры тынг æвзæр уавæрты.

Бибылты Анатоли ныфс бавæрдта, иннæ аз хæдзар цалцæг кæй æрцæудзæн, уымæй.

Ахæм куырдиатимæ ма Президентмæ бахатыд  Къуылыхты Владимир. Хæсты фæстæ уымæн йæ хæдзар аразын райдыдтой. Кусджытæ æмбæрзт систой, ссыгъдæг æй кодтой брæттæй æмæ ацыдысты.

«Уыдон загътой, зæгъгæ, махæн æхца нæ фидынц. Ныр хæдзар афтид къоппау лæууы», – загъта уый.

Къуылыхты Владимиры хæдзар дæр хаст æрцæудзæн 2019 азы æндидзын кæныны планмæ.

Президент ма хæслæвæрдтæ радта, Знауыры районы Бехъмары хъæуы цæрæг Джергаты Александры, Дзауы районы Гуфтайы хъæуы цæрæг Джиоты Ильвæйы, Терегуаны хъæуы Хуссар Ирыстоны хъайтар Джиоты Владиславы (Басмач) бинонтæ кæм цæрынц, уыцы хæдзæртты тыххæй.

Горæт Цхинвалы бирæуæладзыгон хæдзæртты фатертæ сцалцæг кæныныл архайы горæты администраци. Ацы аз цалцæг æрцыд 15 фатеры. Бибылты Анатоли бахæс кодта иннæ азы планмæ бахæссын Гафезы уынджы Тъотъоты Зурабы фатер æмæ Джиоты Аланы проспекты Æрсойты Зариффæйы фатер дæр.

«Цалынмæ сымах бахатыдыстут, уæдмæ скъуыддзаг æрцыд арæзтады æнæмæнгхъæуындзинад кæй ис, æз бахæс кодтон æмæ фатер ног азы уыдзæн цæттæ», – загъта Президент Æрсойты Зариффæйæн.

Президент ма бахæс кодта, Æрсойты чызг кæм цæры, уыцы 9 уæладзыгон хæдзары лифт раивыны тыххæй дæр.

«Æдæппæтæй Цхинвалы раивын хъуыд 15 лифты.  Ацы аз ма сæвæрдтам дыууæ ног лифты. Ног азы план кæнæм ноджы цыппар лифты сæвæрын. Уыдонæй сæ иу раивын хъæуы Джиоты Аланы проспекты бирæуæладзыгон хæдзары», – загъта республикæйы сæргълæууæг.

Президентмæ бахатыдысты Коцойы фырты уынджы бирæуæладзыгон хæдзары цæрджытæ дæр.

Бибылты Анатоли загъта, зæгъгæ, ацы фарсты фæдыл бахæс кодта Цхинвалы администрацийы сæргълæууæгæн.

«Фатертæ райсынмæ рады чи лæууы, уыдон тагъдрæстæджы райсдзысты ног фатертæ. Иннæтæ та хъуамæ райсой микрорайон «Северный»-йы», – банысан кодта Президент.

Бибылты Анатоли ма йæхимæ райста Цхинвалы цæрæг Мæргъиты Фатимæйы, кæцы хъаст кодта РХИ-йы Национ бангы къухдариуæгадыл.

Мæргъийы чызджы ныхæстæм гæсгæ, йæ бинонтæн кредит цы 1 милуан 500 мин сомы лæвæрд æрцыд, уый уыд æнæзакъонон, зæгъгæ, «Национ бангæн» уый бар нæй, æмæ кредитон архайд кæна. Уыимæ иумæ, уый РХИ-йы

Конституцийæ æмæ закъондæттæн акттæй дæнцæг хаста. Фарстмæ æркæсгæйæ, Президент банысан кодта, зæгъгæ, РХИ-йы закъондæттынад нæ къуындæг кæны Нацбангы бартæ кредиттæ радтыны хъуыддажы, республикæйы Конституцийы та æппындæр нæй ахæм статьятæ.

Президент банысан кодта, æмбæстаг йæ къух бадзырдыл куы æрфыссы, уæд сразы вæййы, цы фыст дзы вæййы, уыдонимæ æмæ йæхимæ райсы æппæт хæстæ, кредит фæстæмæ радтыны хъуыддаджы. Уыимæ Бибылты Анатоли бахатыд бангы къухдариуæгадмæ, цæмæй ахæм фадат ссарой кредит æнцондæртæй радтыны тыххæй, цæмæй баххуыс кæной бинонтæн.

Президентмæ ма бахатыд №10 сабидоны къухдариуæггæнæг Цхуырбаты Людмилæ, цæмæй скъолайы агъоммæйы уагдоны территори хæрзарæзт æрцæуа.

«Ленины уынджы сабидоны 2015 азы бакодтой мидæггагон куыстытæ. Махæн ныфс бавæрдтой, йæ алыварс территори дæр хæрзарæзт кæй æрцæудзæн, фæлæ уый нырма æххæст не ‘рцыд. Уымæ гæсгæ бæстыхайы фасад дæр баззад æвзæр хуызы æмæ сывæллæтæн   фадат нæй, цæмæй сыгъдæг уæлдæфы хъазой», – загъта Цхуырбаты чызг.

Бибылты Анатоли бахæс кодта Цхинвалы администрацийæн, цæ-мæй куыстытæ райдайой 2019 азы райдианы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.