РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фембæлд Дзæуджыхъæуы æмæ Алайнаг Епископ Леонидимæ. Аргъуаны сæргълæууæг æрцыд Цхинвалмæ Хуссар Ирыстоны Президенты æрхуындмæ гæсгæ.

Уый бабæрæг кодта Уæрæсейы Чырыстон аргъуан Цхинвалы æмæ Президентæн радзырта, йæ арæзтад куыд цæуы, уый тыххæй.

«Абон мæнæн уыди аргъуан бабæрæг кæныны фадат, æрдынагъуыст у æмбæрзт, дзæнгæрæгдон æвæрд у, цæуы ма дзы фæлындзæн куыстытæ. Кæд нын Хуыцау раарфæ кæна, уæд октябры фæудмæ арæзт фæуыдзæн», – загъта Епископ.

Епископ бузныг загъта, арæзтады чи кусынц, «æппæт куыстытæ дæр афоныл æмæ намысджынæй æххæстгæн-гæйæ», æппæт уыцы адæмæн.

«Кувæндон хаудзæн 58-æм æфсадмæ, æмæ йæм цæудзысты уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæ, арæнхъахъхъæнджытæ æмæ Уæрæсейы минæварады кусджытæ. Кувæндоны дуæрттæ, кæй згъын æй хъæуы, гом уыдзысты Хуссар Ирыстоны æппæт цæрджытæн дæр», – загъта Дзæуджыхъæуы æмæ Алайнаг Епископ.

Уый равдыста йе ‘ууæнк, чырыстонадæн Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад алывæрсыгæй дæр йæ фарс кæй хæцдзысты.

«Æз уынын дæ хорз фæндон, дæ фæлмæн зæрдæ, æмæ йæ сæргъы кæмæн лæууыс, уыцы зæхмæ хæрзиуæг, фарн æмæ æнæниз уаг æрхæссынмæ кæй хъавыс, уый», – аздæхта уый йæ ныхас Президентмæ.

Бибылты Анатоли йæхи ‘рдыгæй банысан кодта Епископ Леониды стыр хайбавæрд кувæндоны арæзтады æмæ Хуссар Ирыстоны чырыстонад æрфидар кæныны  хъуыддагмæ.

«Фæнды мæ ноджыдæр дын зæгъон стыр бузныг ам дæ архайды тыххæй, сæрмагондæй та Цхинвалы Чырыстон аргъуаны арæзтады сæраппонд. Мæнмæ гæсгæ, ацы кувæдоны цы куывдтытæ цæуа, уыдоны фехъусдзæн Хуыцау, æмæ Хуссар Ирыстон уыдзæн дидинæфтыд æмæ размæцыды фæндагыл лæуд», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, чырыстонад у Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы монон æгъдауæй иугæнæг тых. Уый ма æрымысыд, зæгъ-гæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы фыст ис, чырыстонад кæй у нæ паддзахады сæйраг дин.

«Æмæ мах тынг фæнды, цæмæй чырыстонад Хуссар Ирыстоны уа, нæ республикæйы æндидзынгæнгæйæ, Хуыцау æмæ уырнынадимæ размæ цæимæ цæудзыстæм, уыцы бындур», – загъта Президент.

РХИ-йы Президенты

пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.