Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд Мæскуыйаг æмæ æппæт Уæрæсейы Патриарх Кириллимæ.

Фембæлды рæстæджы Уырыссаг аргъуаны сæргълæууæг хуссарирыстойнаг Президентæн салам дæтгæйæ, ныфсджынæй банысан кодта, зæгъгæ, бæрзонд паддзахадон бынаты Бибылты Анатолийы архайд фæахъаз уыдзæн æхсæнады консолидацийæн.

Уый бафæндыд дины фадыджы фарстатыл æруынаффæ кæнын, Хуссар Ирыстоны уавæры тыххæй Президенты хъуыды базонын.

«Монон цардыл баст сты хæрзæгъдаудзинад дæр æмæ  закъæттæ æххæст кæнын дæр æмæ ноджы бирæ æндæртæ,  уый тыххæй сыгъдæг монон цардæй дарддæр адæймæгты монон цардæн ис прикладон-социалон æмæ политикон нысаниуæг», – загъта Патриарх.

Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй «историйы мидæг ирон æмæ уырыссаг адæмтæн иумиаг сыфтæ æмæ чырыстон дины иумиаг ратæдзæнтæ  бирæ ис, æмæ абон Хуссар Ирыстон цæттæ у, уыцы æфсымæрон традицитæ адарддæр кæнынмæ».

Фембæлды уынаффæ цыд Цхинвалы Уырыссаг Чырыстон дины аргъуаны арæзтады фарстатыл, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты Уæрæсейы духовон семинариты æмæ академиты сахуыр кæныны фарстатыл.

РХИ-йы Президенты пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.