РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли йæхимæ райста «Уæлдай тæссагдзинады ирвæзынгæнæн операцитæ уадзыны фæдыл центры «Лидер»-ы къухдариуæггæнæг булкъон Игорь Кутровскийы. Фембæлды ма хайад райстой УФ-йы Уæлвæткон министрады дунеон архайды департаменты уæлвæткон, гуманитарон бæстонкæнынады хайады хистæры хæдивæг Тихон Баздырев æмæ минæтæй сæрибар кæныны фæдыл отряды командир Анатолий Савины.

Спикер банысан кодта «Уæлдай тæссагдзинады ирвæзынгæнæн операцитæ уадзыны фæдыл центры «Лидер» Хуссар Ирыстоны территорийыл кæй æххæст кæны, уыцы куысты ахсджиагдзинад. «Республикæйæн сымах цы куыстытæ æххæст кæндзыстут, уыдон махæн сты иттæг ахсджиаг, уымæн æмæ бирæ территоритæ абоны бонмæ нырма сыгъдæг не сты минæтæй æмæ тæссагдзинад æвзæрын кæнынц бынæттон цæрджытæн. Æз бузныг зæгъын Уæлвæткон уавæрты министрадæн, ахæм уынаффæ кæй райстой æмæ йын кæй æххуыс кæнынц, уый тыххæй. Уæлвæткон уавæрты министрадæн фидар æмархайд кæй ис, уымæн æцæгæйдæр зын саргъгæнæн у, бузныг уын уæ куысты тыххæй», – загъта Бибылты Анатоли.

Йæ рады Игорь Кутровский банысан кодта, зæгъгæ, «Уæлдай тæссагдзинады ирвæзынгæнæн операцитæ уадзыны фæдыл центры «Лидер» бирæ цыдæртæ бæтты Ирыстонимæ. «Махæн æхсызгон у Ирыстоны уæвын, уымæн нæ нæ къорды сты, 2008 азы августы цауты хайад чи истой, ахæмтæ.

Уымæй уæлдай ма 2008 азы ам командировкæйы чи уыд, уыцы майор ракуырдта ирон чызджы. Æцæгæйдæр, мах цы куыст кæнæм, уый у тынг серьезон, уæззау æмæ адæй-маджы цард æмæ æнæниздзинадæн тæссаг. Фæнды мæ зæгъын, Хуссар Ирыстонмæ кæй æрцыдысты нæ центры хуыздæр кусджытæ. Мах сæххæст кæндзыстæм, махæй аразгæ цы у, æппæт уыдон, цæмæй гæнæнуæвгæйæ фылдæр территоритæ минæтæй сæрибар æрцæуой 80 бонмæ», – ныфс бавæрдта уый.

Фембæлды рæстæджы ма уынаффæ цыд æндæр фарстатыл.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.