РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли кусæгон балцы ис Мæскуыйы. Уый фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Генералон прокурор Юри Чайкаимæ.

Фембæлды рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы Генералон прокуратурæйы ‘хсæн къухтæ æрфыстæуыд 2018-2019 азты уголовон хъуыддæгты фæдыл барадон æххуысы къабазы дыууæфарсон æмгуысткæнынады программæйыл, кæцыйы нысан ис æхсæнведомствæйон æмархайды алыгъуызон категориты фæдыл иумæйаг мадзæлттæ уадзыны план.

Æмгуысткæнынады тыххæй меморандумыл хуссарирыстойнаг фарсæрдыгæй йæ къух æрфыста РХИ-йы Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг, уæрæсейаг фарсæрдыгæй та – УФ-йы Генералон прокурор Юри Чайка.

Бибылты Анатоли райгондæй банысан кодта, уæрæсейаг коллегæтæм РХИ-йы Генералон прокуратурæ кæй арвыста, уыцы уголовон хъуыддæгтæ æвзарыны æвæрццаг фæстиуджытæ. Уыцы уголовон хъуыддæгтæ баконд æрцыдысты, Хуссар Ирыстоны территорийыл фыдракæндтæ чи сарæзтой, уыдоныл.

Ацы здæхты къорд уголовон хъуыддаджы фæдыл Уæрæсейы фæдагурæг органтæ ахæст сæвæрдтой аххосджынты исадыл, цæмæй баххæст æрцæуа РХИ-йы бюджетæн ракæнгæ зиан.

Фембæлды хайад иста Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр.

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли йæ кусæгон балцы рæстæджы æмбæлдзæнис УФ-йы министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытимæ æмæ уынаффæ кæндзысты æмархайды æмæ æмгуыстады фарстытыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.