20-æм июны ауагъдæуыд Æхсæнхицауадон къамисы хуссарирыстойнаг хайы рабадт. Мадзал уагъта Президент Бибылты Анатоли.

Рабадты уынаффæ цыд 2018-2019 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы проекты сæйраг мадзæлттыл. Мадзалы куысты хайад иста РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр дæр.

Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй йæ рекомендацимæ гæсгæ рабадты куысты форматмæ хаст æрцыдысты ивындзинæдтæ.

Паддзахады сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй Æхсæнхицауадон къамисы рабадты хайад хъуамæ исой Парламенты минæвæрттæ дæр.

«Инвестицион программæ у Хуссар Ирыстоны райрæзты программæ. Уый хауы, æрмæст æххæстгæнæн хицауиуæгадмæ нæ, фæлæ Парламентмæ дæр. Уый тыххæй æз æнæмæнгхъæуæгыл нымайын Æхсæнхицауадон къамисы рабадтыты закъондæттæг органы минæвæртты хайадист. Уыдон дæр æм хæсдзысты сæ фæндæттæ», – банысан кодта уый.

Дарддæр ныхасы рацыд Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик. Уый æрæмбырдуæвджытæн радзырдта, зæгъгæ, «2018-2019 азты Республикæ Хуссар Ирыстоны бюджетон инвестицитæ сæххæст кæнынæн æмæ инвестицион архайдæн баххуыс кæныны тыххæй цы финансон æххуыс цæуы, уымæй цæмæй эффективондæрæй спайдачындæуа, уый тыххæй Æхсæнхицауадон къамисы 17-æм рабадты уынаффæйæ хуссарирыстойнаг хайæн бахæс æрцыд, цæмæй 2017 азы 30 мартмæ бакуыст æрцæуа 2018-2019 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы проект, финанскæнынады иумæйаг гуырахст та хъуамæ уа 3 миллиард 37 милуан 200 мин сомы бæрц, уыдонæй 2018 азæн – 1 миллиард 518 милуан 600 мин сомы, 2019 азæн дæр – 1 миллиард 518 милуан 600 мин сомы, уыимæ иумæ ма бахынцын хъæуы ахæм фæткойтæ:

– республикæйы социалон-экономикон рæзты тыххæй аиуварс кæнын хъæуы инфраструктурон къуындæгдзинæдты, уыцы нымæцы экономикæйы реалон секторы райрæзты, сæрмагонд инвестициты æр-бакæныны хъуыддаджы, энергетикон æмæ инженерон инфраструктурæйы объектты арæзтады, реконструкци, капиталон цалцæг кæныны;

– экономикæйы реалон секторы инвестпрограммæтæн паддзахадон æххуыс бакæнын, афтæ ма хисæрмагонд инвестицитæ æрбакæныны, чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады рæзты, уæлæмхас кусæгон бынæттæ саразыны тыххæй хæрзвадат инвестицион уавæр-тæ саразыны фæдыл механизмты реализаци;

– объектты арæзтад кæронмæ бахæццæ кæнын, уыцы нымæцы республикæйы социалон инфраструктурæйы объектты, кæцыты проектон документаци саразын æмæ финанскæнынад æххæст цыдысты 2015-2017 азтæн Инвестицион программæйы фæрæзты хыгъдæй», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Хицауады Сæрдары ныхæстæм гæсгæ, республикæйы ведомствотæ Хицауадмæ æрбалæвæрдтой фæндæттæ 5 миллиард сомы аргъ, уыдонæй Цæгат Кавказы хъуыд-дæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министрадимæ иумæ равзæрстæуыд приоритетондæр объекттæ фæкъуындæгуæвæг лимитимæ æмæ банысангонд фæткойтæм гæсгæ.

«Сымахмæ бавдыст æрцыд 2018-2019 азтæн Инвестицион программæйы проект, кæцыйы сты 16 ног æмæ 6 та – 2015-2017 азтæн Инвестпрограммæйæ рахизæг мадзалы», – загъта Пухаты Эрик.

Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй  2018-2019 азтæн Инвестицион программæ арæзт хъуамæ æрцæуа абоны реалитæм гæсгæ.

«Нæ разы ис хæслæвæрд, цæмæй фæуд æрцæуой 2017 азмæ рахастæрцæуæг объектты куыстытæ. Банысан кæнын ма мæ фæнды уый дæр, æмæ нын уæрæсейаг коллегæтимæ ис принципиалон разыдзинад, цæмæй Гаглойы фырты уынгыл плангонд цы цæрæн хæдзæртты арæзтад уыд, уый хаст æрцæуа Комаровы уынгмæ. Уым профтехахуыргæнæндонæн цы хæлæтдзаг арæзтадтæ ис, уыдон сыгъдæг æрцæудзысты æмæ сæ бынаты та арæзт хъуамæ æрцæуа цæрæн комплекс.  Абон уым ивд цæуынц инженерон коммуникацитæ. Коммуникацитæ ивд куы æрцæуой, уый фæстæ та райдайдзысты уынджы хæрзарæзт кæныны куыстытæ. Мах ацы хъуыдымæ уымæн æрцыдыстæм, æмæ горæты рауæрæх кæнын хъæуы, центр хæрзарæзт куы уа, уæд. Уымæ гæсгæ раст уыдзæн горæты кæрæттæй нæ, фæлæ центрæй хæрзарæзт кæнын. Уавæртæ саразын хъæ-уы, æвзæр уавæрты цы адæм цæрынц, уы-донæн», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Дарддæр рабадт цыд æнæ информацион фæрæзты минæвæрттæй.

Осиаты И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.