4 ноябры Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федарацийы Минæварад банысан кодтой Адæмон иудзинады бæрæгбон. Бæрæгбон  æнæ уазæг кæй нæ фидауы, уый бахынцгæйæ, минæварад бæрæгбонон мадзалмæ фæхуыдта Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы, Парламенты спикер Гасситы Петры, РХИ-йы Хицауады, æхсæнады æмæ интеллигенцийы минæвæртты.

Æмбырды адæмæн бæрæгбонон арфæ ракодта Республикæ Хуссар Ирыстоны «Россотрудничество»-йы минæварады къухдариуæггæнæг Михаил Степанов.

Минæвар куыд банысан кодта, афтæмæй Адæмон иудзинады бæрæгбонæн ис æнусон истори. «Хъысмæт скъуыддзаггæнæн рæстæджыты-иу адæмон иудзинад фæуæлахиз, бахъахъхъæдта-иу Уæрæсейы паддзахады сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад. Æрмæстдæр æхсæнадон æмæ националон иудзинады уавæрты къухы бафты реалон æнтыстытæ», – загъта Степанов.

Дарддæр ныхасы рацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны  Президент Бибылты Анатоли. Уый раарфæ кодта æмбырды хайадисджытæн æмæ Уæрæсейы Федерацийы æппæт адæмтæн нысаниуæгджын бæрæгбон – Адæмон иудзинады боны цы-тæн. Президент куыд банысан кодта, афтæмæй кæддæрид-дæр иудзинад фæахъаз вæййы цыфæнды вазыгджын уавæрæй дæр уæлахиздзауæй рахизы-нæн. Уый бæлвырд æрцыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы дæр, æвдыст æр-цыд Республикæ Хуссар Ирыстоны  ногдæр историйы дæр.

«Уæрæсе иудзинад æмæ æмархайд кæныны принципыл æнцойгæнгæйæ, баххуыс кодта Республикæ Хуссар Ирыстонæн, фæстæдæр ын йæ хæдбардзинад банымайгæйæ», – загъта Аланийы паддзахады сæргълæууæг æмæ ма банысан кодта, ацы хæлардзинады бæрæгбон Уæрæсейы Федерацийы куыд у, афтæ Хуссар Ирыстоны бæрæгбон дæр кæй у. Уый фæндвидарæй банысан кодта зæгъгæ, дыууæ бæстæйы ‘хсæн æмахастытæ дарддæр дæр фидар кæндзысты иудзинад æмæ кæрæдзийæн æххуысы бындурыл.

«Мæн фæнды, цæмæй 1774 азы нæ фыдæлтæ бындур цы ахастытæн æрæвæрдтой, уыдон схизой ноджы бæрзонддæр æмæ гъæдджындæр æмвæзадмæ», – загъта уый.

Йæ раныхасы кæрон Бибылты Анатоли Михаил Степановы схорзæхджын кодта Хæлардзинады орденæй, «адæмты ‘хсæн хæларадон ахастытæ фидар кæнынмæ йе стыр хайбавæрды, уырыссаг æвзаг, культурæ æмæ ахуырад парахат кæнын,  афтæ ма Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл зонадон æмæ культурон акцитæ уадзынмæ йæхи сæрмагонд хайбавæрды тыххæй». Хуссар Ирыстоны «Россотрудничество»-йы Минæварады хистæр референт Нина Степанова та хорзæхджын æрцыд «Республикæ Хуссар Ирыстоныл 25 азы сæххæсты цытæн» майданæй.

Мадзалы раныхас кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы  Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов. Уый банысан кодта, зæгъгæ,  Адæмон иудзинады бон бирæ азты дæргъы иу кæны Уæрæсейы бирæнацион адæмы.

«Нæ фыдæлтæ цы стыр хæстон æмæ фæллойадон хъуыддæгтæ сарæзтой, уыдон сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцæудзысты историйы. Уыдон нæ размæ кæнынц дарддæры архайдмæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, нырыккон Уæрæсейы  фидæн ис иудзинады», – банысан кодта Кулахметов.

Бацæттæ йæ кодта Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.