25 январы РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли йæхимæ райста Луганскы Адæмон Республикæйы делегацийы Луганскы Адæмон Республикæйы Адæмон Советы Сæрдар Владимир Декгтяренкойы сæргълæудæй. Делегаци Хуссар Ирыстонмæ æрцыд политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы V-æм съезды хайад райсыны тыххæй. Фембæлды хайад райстой Парламенты спикеры хæдивджытæ Тасойты Димитр æмæ Тедеты Руслан.

Уазджытæн салам зæгъгæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, дыууæ республикæйы закъондæттæг органты ‘хсæн ахастытæ рæзынц æмæ дарддæр дæр уæрæхдæр кæндзысты. «Уе ‘рцыд дзурæг у, Луганскы Адæмон Республикæ Хуссар Ирыстонæн бирæ ахастыты стратегион партнер кæй у, ууыл. Нæ бастдзинæдты тыххæй документтæ нырма  закъондæттынады æмвæзадыл арæзт не сты, фæлæ уый рæстæгмæ у. Мах сымахимæ сарæзтам Меморандум æмкуысткæнынады  тыххæй æмæ уыцы документы фæлгæтты  нæ куыст кæндзыстæм. Тагъд рæстæджы нæ республикæты ‘хсæн æхсæнпаддзахадон сразыдзинæдтæ саразыны фæстæ мах сараздзыстæм сразыдзинад æхсæнпарламентон æмкуысткæнынады тыххæй, кæцы бæрæг кæндзæн дарддæры архайды здæхт», – загъта Бибылты Анатоли.

Йæ рады Луганскы Адæмон Республикæйы Адæмон Советы Сæрдар Владимир Дегтяренко бузныг загъта Бибылты Анатолийæн, кæй сæ фæхуыдта æмæ сыл зæрдиагæй кæй фембæлд, уый тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ,  Луганскы Адæмон Республикæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн æмкуысткæнынадæн ис динамикон характер, арæзт цæуынц активон контакттæ куыд æххæстгæнæн органты хаххыл, афтæ хисæрмагонд хæларадон ахастыты æмвæзадыл дæр.

«Абоны бон Республикæ Хуссар Ирыстон у иунæг паддзахад, кæцы нын банымадта нæ хæдбардзинад. Нæ экономикæ æнгом баст у Хуссар Ирыстоны экономикæимæ, Хуссар Ирыстоны бангон системæ та  æппæт дæр аразы, цæмæй нæ бизнес æмæ куыстуæттæ хъахъхъæд æрцæуой, уый тыххæй. Нæ алы балц æмæ фембæлд дæр сты радон къахдзæф кæцыдæр радон проблемæ аскъуыддзаг кæнынмæ. Хуссар Ирыстонæн ахæм ахсджиаг рæстæджы, куыд æвзæрстыты размæ, нæ кæй фæхуыдтат, уый махæн æхсызгон у. Ацы процессмæ мах нæ хъус дардзыстæм, ныхас кæндзыстæм нæ хæлæрттимæ æмæ нæ партнертимæ, уымæн æмæ уæ адæмы хъысмæт баст кæуыл у, уыцы ахсджиаг процесстæй иуварс лæууын нæ бон нæу», – загъта Владимир Дегтяренко.

Фембæлды рæстæджы æвзæрстыты тематикæйыл дзургæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны развæлгъау æппæт дæр арæзт цæуы сæрибар демократон æвзæрстытæ ауадзыны нысанæн.

«Æппæт дæр арæзт æрцæудзæн, цæмæй процесстæ уагъд æрцæуой карзæй барадон нормæтæм гæсгæ. Адæм ныридæгæн зонынц хъæлæс кæмæн ратдзысты, æмæ  уый фæстиуæгæн æндыгъд уавæр ма хъуамæ уа æвзæрстыты агъоммæйы кампанийы рæстæджы. Фæсарæйнаг хъусдарджытыл куы дзурæм, уæд уыдон та бынаты фендзысты, æвзæрстытæ демократон барадон нормæтæм гæсгæ цæуынц, æви нæ, æмæ саргъ кæндзысты хъæлæсдæттыны процессæн», – банысан кодта РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.