Цхинвалы Кады аллеяйы уыд хуссарирыстойнаг курсантты хæстон ардбахæрдмæ æркæныны цытджын церемони. Уыдон ахуырмæ бацыдысты Уæрæсейы Федерацийы ахуырадон уагдæттæм.

Мадзалы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты сæйраг командæгæнæг Президент Бибылты Анатоли, Æдасдзинады Советы нымæрдар Уалыты Валери, Ветеранты советы сæрдар Бесаты Вячеслав, Хъахъхъæнынады министрады къухдариуæгад, ног æрсидтонты хиуæттæ.

Курсантты раз арфæйы ныхасимæ ралæууыд бæстæйы сæргълæууæг.

«Абон сымах ардбахæрд дæттут уæ фыдæлты раз, сымах сомы кæнут, Ирыстоны хæрзæбонæн сæ цард чи радта, уыцы хъайтарты раз, сæ риуæмбæрц сæ фыдыбæстæ чи хахъхъæдта æмæ йын абон дæр ма чи лæггад кæны, уыцы хъайтарты раз. Ахуыры дæр æмæ уæ службæйон хæстæ æххæстгæнгæйæ дæр сымах хъуамæ уый дарат уæ зæрдыл», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, ныртæккæ æрыгон курсанттæн ис æппæт уавæртæ дæр, цæмæй сæхи равдисой иттæг хорз æмæ банысан кодта, зæгъгæ, кæмфæнды ма уой, уыдон хъуамæ намысджынæй хъахъхъæной ирон лæджы ном, уой хъæбатыр, аккаг æмæ ныфсджын.

«Æз уын зæрдиагæй арфæтæ кæнын ардбахæрд райсыны сæраппонд. Сымах стут уыцы адæм, Хуссар Ирыстонæй рацæугæтæ цавæр адæм сты, уымæн æвдисæн чи у. Æмæ мæн фидарæй уырны, сымах бæрзæндты кæй хæсдзыстут Ирыстоны тырыса æмæ уæхи кæй равдисдзыстут иууыл хуыздæр æр-дыгæй. Мах ныфс ис сымахæй», – загъта кæронбæттæны Президент.

Дарддæр курсанттæн раарфæ кодта Ветеранты советы сæрдар Бесаты Вячслав æмæ цытджын церемони фæци Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон гимн æмæ цытджын маршæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.