Æмбæстæгты радон химæрайсты рæстæджы Хуссар Ирыстоны районты цæрджыты цæрæнуатон проблемæтæ уыдысты паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатолийы хъусдарды  астæу.

Хуссар Ирыстоны Президент æмæ Хицауады пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй цæрæнуатон фарсты тыххæй Президентмæ чи бахатыд, уыдонæй фыццаг уыд Ленингоры районы Орчъосаны хъæуы цæрæг Дриаты Руизана. Уый йæ дыууæ фыртимæ, сæ цардæмбæлттæ æмæ сывæллæттимæ цæры чысыл хæдзары.

«Курæг дæ стæм, цæмæй нын баххуыс кæнай нæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæныны хъуыддаджы. Мах фæндыд чысыл нæ хæдзармæ бафтауын, уым æд бинонтæ æрцæрит нæ фырттæй сæ иу»,  – загъта уый.

Бибылты Анатоли сын ныфс бавæрдта арæзтадон æрмæгæй сын баххуыс кæныны тыххæй.

«Ахæм проблемæтимæ республикæйы бирæ бинонтæ ис. Мах цæттæ стæм уыдонæн баххуыс кæнынмæ, фæлæ уыдон дæр хъуамæ баххуыс кæной сæхицæн. Мах уын рахицæн кæндзыстæм хъæуæг арæзтадон æрмæджытæ фундаментæй агъуысты онг. Арæзтады тыххæй та сæхи батыхсын кæнæт уæ бинонты нæлгоймæгтæ», – загъта Президент.

Цæрæнуат сæндидзын кæныны проблемæйы тыххæй Президентмæ бахатыд Чертхъоты Лианæ дæр. Уый та цæры Цхинвалы районы Сатихъары хъæуы аварион хæдзары. Уый куыд фехъусын кодта, афтæмæй йæ хæдзар бахъыгдард 2008 азы хæстон агрессийы рæстæджы, æмæ йæ хисæрмагонд тыхтæй саразын йæ бон нæу.

Президент бахæс кодта Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Плиты Аланæн, цæмæй аразджытимæ иумæ феной хæдзар, сбæрæг кæной цас пырх у, æмæ йын сæндидзынгæнæн ис, æви нæ, уый.

Къуайсайы цæрæг Зассеты Ритæ дæр æрцыд Президенты химæрайстмæ йæ цæрæнуаты агъуыст раивыны æмæ йын йæ цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæныны домæнимæ.

«Мах мæ цардæмбал æмæ æртæ сывæллонимæ цæрæм  дыууæуæладзыгон хæдзары, кæцы бахъыгдард зæххæнкъуысты рæстæджы. Дыккаг уæладзыг цæрынæн нæ бæззы, мах фæнды йæ райхалын æмæ йæ афтæмæй сагъуындын», – радзырдта Зассеты Ритæ.

Бибылты Анатоли уымæн дæр фæндвидарæй загъта, республикæйы къухдариуæгад ын кæй рахицæн кæндзæн æхцайы фæрæзтæ арæзтадон æрмæджытæ балхæныны тыххæй.

Цæрæнуаты æмбæрзт раивыны тыххæй Президентмæ бахатыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран, 95-аздзыд Джиоты Лидияйы чызг Тедеты Аидæ дæр. Уымæн дæр Президент ныфс бавæрдта, цыбыр рæстæджы йын кæй баххуыс кæндзæн уыцы проблемæ аскъуыддзаг кæнынæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.