Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы бирæ уыд фыдохы бонтæ, уыдонæй сæ иу у 1991 азы 28 апрель, уыцы бон Цъинагары хъæуккаг авд лæппуйы сæ фосы хизæнуæттæ хъахъхъæнгæйæ, фæмард сты гуырдзиаг агрессорты къухæй. Уыцы трагикон бонæй рацыд 26 азы. Алы аз дæр цъинагайрæгтæ æмæ æввахс хъæуты цæрджытæ, уыцы нымæцы ахуырдзаутæ æмæ сывæллæтты рæвдауæндоны сабитæ æрæмбырд вæййынц, сæ цард Хуссар Ирыстоны сæрибардзинады тыххæй чи радта, уыцы авд лæппуйы мемориалон цырты цурмæ æмæ уым ауадзынц траурон митинг. Афтæ уыд ацы аз дæр. 28 апрелы та радон хатт Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад, Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй æрбацыдысты Цъинагары хъæумæ æмæ хайад райстой траурон мадзалы. Мадзалмæ æрбацыдысты фæмардуæвджыты бинонтæ, хиуæттæ æмæ хæстæджытæ.

Мадзалы райдиан республикæйы Президент Бибылты Анатоли дидинджытæ сæвæрдта фæмардуæвджыты цырты раз. Цырты раз дидинджытæ сæвæрдтой фыдохы мадзалы иннæ хайадисджытæ дæр. Уый фæстæ райдыдта мысæн мадзал, уагъта йæ Ленингоры районы администрацийы культурæйы хайады Цъинагары зонæйы сæйраг специалист Уалыты Зоя.

Уый цыбыртæй радзырдта, Ленингоры районæй гуырдзиæгты къухæй чи фæмард, уыдоны тыххæй.

«26 азы размæ 28 апрелы боны цыппар сахатыл, гуырдзиаг тугмондаг гæрзифтонг абырджытæ Гуры районы Бершуеты хъæуы ‘рдыгæй æрбацыдысты Цъинагары хъæуы сæрвæттæм, цæмæй атардтаиккой цъинагайрæгты фос, æмæ  фыййауы куы фехстой. Мигæнæны хъæрмæ хъæуы фæсивæд абадтысты уæзласæн машинæйыл æмæ атындзыдтой, æхст кæцæй фæцыд, уырдæм. Гуырдзиаг абырджытæ сæ куы ауыдтой, уæд сыл нæмыг нызгъæлстой машинæйы гуыффæмæ. Фæдисонтæй чи цæф фæцис, авдæй та мæлгæ акодтой. Авд цæргæсы, авд зынгхуысты сæ цард радтой сæ райгуырæн къуымы сæрвæлтау. Фæмардуæвджытæ уыдысты Бибылты Гиви, Хуыбылты Отар, Мæргъиты Отар, Хуыбылты Зауыр, Чертхъоты Славик, Дудайты Тенгиз æмæ Хуыбылты Таймураз. Рæстæг иу ран нæ лæууы, бон ивы боны, къуыри – къуырийы, аз – азы, фæлæ цасфæнды рæстæг ма рацæуа, уæддæр мах уыцы цардмондаг æмæ райгуырæн зæххуарзаг лæппуты рухс нæмттæ никуы ферох кæндзыстæм, цæрæнбонæм цæрдзысты нæ зæрдæты.

Гуырдзиаг фашисттæн уый фаг нæ уыд æмæ та бацыдысты сыхаг Монастъеры хъæумæ æмæ уырдыгæй дæр ракодтой фондз адæймаджы æмæ уыдон дæр бабын сты, уыцы нымæцы Уалыты Дзамбол, кæцы йе ‘мбæстагон хæс бафыста райгуырæн бæстæйы раз,  баслужбæ кодта Советон æфсады рæнхъыты æмæ дыууæ боны размæ æрыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ», – загъта мадзаламонæг.

Дарддæр уый радзырдта, Ленингоры районæй ма знæгты къухæй ноджы чи фæмард, уыдоны тыххæй дæр. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй районы цæрджытæй гуырдзиæгты къухæй æдæппæтæй фæмард 24 адæймаджы.

Йæ ныхасы кæрон Уалыты Зоя бахатыд Бибылты Анатолимæ, зæгъгæ, уал азы рацыд ацы цардхъуаг лæппуты амæлæтæй, фæлæ сын абон дæр ницы кад счындæуыд республикæйы къухдариуæгады ‘рдыгæй. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, уыдон сты иууыл бæрзонддæр паддзахадон хорзæхты аккаг.

Йæ ныхасы кæрон уый йæхи æмæ Цъинагары хъæуы цæрджыты номæй арфæйы æмæ бузныджы ныхæстæ загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны ног Президент Бибылты Анатолийæн. Уый бузныджы ныхæстæ загъта Стыр Уæрæсейæн, уырыссаг хæстонтæн, кæцыты фæрцы абон Хуссар Ирыстоны зæххыл уæвынад кæны сабыр æмæ стабилон цард.

Уый фæстæ раныхас кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли.

Уый куыд загъта, афтæмæй ацы фæмардуæвæг лæппутæ сæ цард балæвар кодтой сæ адæмæн, æнæхъæн Ирыстоны адæмæн.

«Ирыстоныл бирæ сау бонтæ æркодта, бирæ фыдæбæттæ баййæфтой Ирыстоны адæм, фæлæ уыцы æфхæрдæй нæ адæм тыхджындæр кодтой», – банысан кодта Президент.

Уый куыд загъта  афтæмæй ацы хъæуты цæрджытæ 90-æм азтæй 2008 азмæ кæд цардысты уæззау уавæрты, знаджы дзыхмæ, уæддæр фидар фæлæууыдысты, фенын кодтой фидар удыгъæд æмæ бахъахъхъæдтой сæ адæймагдзинад, ирондзинад, сæйраджыдæр та – Ирыстоны ацы къуым. Уый бахатыд æрæмбыр-дуæвджытæм, цæмæй иу уысм æдзæ-мæй алæугæйæ ссарой фæмардуæвджыты рухс нæмттæ.

«Махæн нæй бар, цæмæй сæ ферох кæнæм, махæн нæй бар, цæмæй сын ма аргъ кæнæм! Махæн нæй бар, цæмæй мæнæ ацы сабитæ ма зоной сæ хъайтарты! Махæн нæй бар, цæмæй сын алы аз дæр сæ ном ма арæм! Махæн нæй бар, цæмæй сын сæ бинонты ферох кæнæм! Махæн нæй бар, цæмæй тохы быдыры чи фæмард, уыдонæн ма саргъ кæнæм! Уый у махæй алкæйы хæс дæр. Мах æппæтдæр хъуамæ аразæм уыдоны тыххæй, цæмæй сæ ном æнустæм баззайа, цæмæй сæ хъайтардзинад нæ кæстæрты туджы уа, æмæ йæ зонæм чи у знаг æмæ чи у хæлар. Хуыцау нын уыцы амонд радтæд æмæ æнæрæстæджы зиан макуыуал фенæм, макуыуал феной хæст нæ кæстæртæ, мауал хъарæг кæной нæ сылгоймæгтæ. Хуыцау нын уыцы амонд радтæд, цæмæй фæмардуæвджыты хæстæджыты, мæдты хъарæг зардмæ раива, цæмæй хъыджы цæссыг цины цæссыгæй раива. Чи фæмард, уыдонмæ та уымы бæстæм хъуысæд Ирыстоны хорздзинæдтæ.

Мæн фæнды, цæмæй афтæ саразæм, цæмæй уыдонæн сæ зæрдæ ма ‘хсайа, уæлæуыл кæй ныууагътой, сæ уыцы бинонтæм. Сæ ном сæфт макуы уæт, махæн та ахæм тых уæт, цæмæй сын сæ рухс ном бæрзонд исæм», – йæ раныхасы кæрон загъта Бибылты Анатоли.

Мадзалы раныхас кодта фæмардуæвджыты горæтон комитеты хистæр Тедеты Залинæ. Уый дæр ныфсы æмæ фарс-хæцынады ныхæстæ загъта фæмард-уæвджыты бинонтæ æмæ хæстæджытæн.

Траурон мадзалы раныхас кодта Ленингоры районы Администрацийы рæстæгмæ сæргълæууæг Гулиты Владимир.

Уый бузныг загъта æрæмбырдуæвджытæн, рæстæг кæй ссардтой æмæ абон ацы бынатмæ кæй æрбамбырд сты, уый тыххæй. Бузныг загъта уазджытæн дæр, фæмардуæвджыты бинонтæ, хæстæджытæн кæй скад кодтой æмæ абон сæ фарсмæ кæй æрбалæууыдысты, уый тыххæй.

«Хуыцау нын уыцы амонд радтæм, æмæ Ирыстоны зæххыл тугкалд куыд никуыуал уа. Цы хъæбултæ дзы рæзы, уыдон та сæ номыл дзæбæхæй цы схъомыл уой, сæ кад сын бæрзонд цы хæссой, уыцы амонд нæ уæт», – загъта Гулиты Владимир æмæ ма банысан кодта, зæгъгæ, мах нæ æдзард адæймæгтæн куыд кад кæнæм, афтæ махæн дæр кад кæндзысты нæ кæстæртæ.

Уый ма бахахх кодта, зæгъгæ, Ленингоры район рох никуы уыдис, никуы дæр уыдзæ-нис, æмæ йæ хъæуы фæрæсугъддæр кæнын.

Фæмардуæвджыты бинонты номæй раныхас кодта Чертхъоты Фаризæт, кæцыйæн знаджы нæмыгæй бабын йæ хъæбул. Уый раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн, ацы трагикон цауы мысæн бон кæй æрæмбырд сты æмæ сын се ‘дзард хъæбулты нæмттæ кæй æрымысыдысты, уый тыххæй.

Мадзалы кæрон æмдзæвгæтæ бакастысты скъоладзаутæ æмæ сывæллæтты рæвдауæндоны сабитæ.

 

***

Бибылты Анатоли Цъинагары хъæуæй раздæхгæйæ, æрлæууыд Цхинвалы районы Сатихъары хъæуы, аныхас кодта хъæуы цæрджытимæ. Сатихъары цæрджытæ йын радзырдтой, цы сæ тыхсын кæны, уыдоны тыххæй. Уый дæр сын ныфс бавæрдта, кæй сын æркæсдзæн сæ проблемæтæм æмæ, куыд гæнæн уа, афтæ сæ кæй аскъуыддзаг кæндзæн.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.