Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадыл 25 азы кæй сæххæст, уый цытæн РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кодта дипломатон ведомствойы къорд кусæджы.

Бæстæйы сæргълæууæг куыд радзырдта, афтæмæй 25 азы дæргъы Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæ бирæ бакуыстой республикæйы кад фæбæрзонддæр кæныныл. Бирæ бакуыстой республикæйы партнертимæ, бирæ сарæзтæуыд уыдонимæ бадзырдтæ саразыныл, бакуыстой фæсарæйнаг бæстæтимæ, кæцытæ фæстæдæр банымадтой нæ республикæйы хæдбардзинад. Дипломатон ведомствойы кусджытæ куыстой, республикæмæ европæйаг бæстæтæй цы делегацитæ цыд, уыдонимæ, афтæ ма кусынц Женевæйаг дискусситы хайадисæг бæстæты минæвæрттимæ.

Бæстæйы сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстонмæ æрыздæхдзысты, не студенттæй Уæрæсейы Федерацийы дипломатон ахуыргæнæндæттæ каст чи фæцис, уыдон дæр, æмæ уыдоны дæр хъæуы куыстæй сифтонг кæнын æмæ сын дипломатон кусæджы дæсныйад бауарзын кæнын.

Бибылты Анатоли куыд загъта, афтæмæй йæ ныфс ис, куыд министрады кусджытæй, афтæ ног снысангонд министр Медойты Димитрæй дæр, дарддæр дæр кæй кусдзысты Паддзахад Аланийы бастдзинæдтæ, æрмæст Уæрæсейы Федерациимæ нæ, фæлæ ма Латинаг Америкæйы бæстæтимæ, Донецкы Адæмон Республикæ, Луганскы Адæмон Республикæимæ сфидар кæныныл.

Президент куыд банысан кодта, афтæмæй, «Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæтæ абон уæззау уавæры сты. Уыцы уавæры уыдыстæм мах дæр æмæ сын уый фæстиуæгæн мах тынгдæр æнкъарæм сæ зындзинад.  Абоны бон Хуссар Ирыстон у иунæг паддзахад, кæцы сын банымадта сæ хæдбардзинад. Уыцы республикæтимæ бастдзинæдты мах хъуамæ фидарæй фидардæр кæнæм».

«Санкт-Петербурджы форумы мын бадзырдтæ уыдис иуæй-иу республикæты къухдариуæггæнджытимæ, нæ бон у нæхи уыцы республикæты равдисын. Уый тыххæй æппæт бæрндзинад ис Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадыл. Плангонд цы бадзырдон процесс ис, уый афæдзы кæронмæ бæстонгонд хъуамæ æрцæуа», – загъта Бибылты Анатоли æмæ сын ноджыдæр загъта бузныджы ныхæстæ сæ куысты тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, йæ ныфс ис, дарддæр дæр кæй кусдзысты республикæйы кад бæрзонддæр кæныныл, кæй архайдзысты, цæмæй нæ республикæйы хæдбардзинад банымайой æндæр бæстæтæ дæр, афтæ ма æппæт æгъдауæй дæр кæй архайдзысты нæ республикæйы позици Жене-вæйы дискусситæм фæхæццæ кæныныл. Уый, зæгъгæ,  у тынг ахсджиаг.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæн Президент ныфс бавæрдта, республикæйы къухдариуæгады æрдыгæй сын кæй уыдзæн алыварсон æххуыс, цæмæй нæ разы цы хæстæ ис, уыдон æххæст æрцæуой. Уый ноджыдæр бахæс кодта дипломатон ведомствойы кусджытæн, цæмæй бакусой Донецк æмæ Луганскы республикæты министрадтæ æмæ ведомствотимæ сразыдзинæдты тексттыл.

Президент ноджыдæр банысан кодта, зæгъгæ, 25 азы дæргъы министрад æцæгæй дæр фенын кодта йæ куысты æвæрццаг фæстиуджытæ, фенын кодта нæ дипломатты цæттæдзинады æмвæзад.

Уый фæстæ Бибылты Анатоли министрады къорд кусæджы схорзæхджын кодта паддзахадон хорзæхтæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты фыццаг министр Джиоты Уы-рызмæг хорзæхджын æрцыд Хæлардзинады Орденæй, Медойты Димитр, Джиоты Мурат æмæ ма ноджы цалдæр кусæгæн лæвæрд æрцыд Дипломатон службæйы сгуыхт кусæджы кадджын ном, цалдæрæн та лæвæрд æрцыд Кады грамотæтæ.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр йæ рады бузныджы ныхæстæ загъта Бибылты Анатолийæн министрадмæ йæ хъусдарды тыххæй.

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.