Хуссарирыстойнаг лидер эксклюзивон интервьюйы «Спутник»-æн радзырдта Мæскуыйаг æмæ æппæт Уæрæсейы Патриархимæ йæ ныхасы фæстиуджыты тыххæй.

РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийæн фембæлд уыд Мæскуыйаг æмæ æппæт Уæрæсейаг Патриарх Кириллимæ Мæскуыйы Патриархы резиденцийы.

Паддзахады сæргълæууæг æруынаффæ кодта Мæскуыйы Патриархатимæ æмархайды, Цхинвалы Уырыссаг чырыстон аргъуаны арæзтады фарстытыл, афтæ ма Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты Уæрæсейы духовон семинарты æмæ академиты ахуыр кæныны фадатыл.

Бибылты Анатоли дины фарст аскъуыддзаг кæнын банымадта Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейæн иумæйаг хæсыл. Президент банысан кодта, зæгъгæ, чырыстонад цæры республикæйы æмæ хицауиуæгады фæнд у, цæмæй активонæй фидардæр кæной Уырыссаг чырыстон аргъуанимæ бастдзинæдтæ.

«Конкретон проблемæтæ скъуыддзаг кæнынæн хъæуы рæстæг. Цæмæй бæрæг бындур æвæрд æрцæуа, уый тыххæй бирæ саразын хъæуы. Фæлæ æз Хуссар Ирыстоны чырыстонады проблемæтæ критиконыл бынтондæр нæ нымайын. Уый у нæ иумæйаг проблемæ. Чырыстонад у республикæйы сæйраг дин æмæ йæ мах, кæй зæгъын æй хъæуы, фидардæр кæндзыстæм», – фехъусын кодта Президент йæ интервьюйы.

Паддзахады сæргълæууæг ма банысан кодта, зæгъæ, Хуссар Ирыстоны территорийыл сты уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæ, арæнгæрон управленийы кусджытæ, кæцытæй бирæтæ сты чырыстон диныл хæст.

«Патриархимæ мах æруынаффæ кодтам ахæм фарстыл дæр, цахæм аргъуантæм уаид сæ бон цæуын Хуссар Ирыстоны цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгтæн. Уыдонæн Цхинвалы сæрмагондæй арæзт цæуы аргъуан. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ мах æмархайд кæндзыстæм Хуссар Ирыстоны, Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны дины кусджытимæ. Чырыстон диныл хæст адæймæгтæ кæрæдзийы хъуамæ зоной æмæ æххуыс кæной кæрæдзийæн», – банысан кодта уый.

Уыимæ Бибылты Анатоли загъта, зæгъгæ, чырыстонад ирæттæн фадат дæтты, куыд республикæйы, афтæ Уæрæсейы Федерацийы аргъуантæм цæуынæн.

«Куыдфæнды ма уа – Хуссар Ирыстон у чырыстон бæстæ. Абоны бонмæ Хуссар Ирыстоны ис аргъуан, кæцымæ адæм цæуынц, кувынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, ис бирæ проблемæтæ, кæцыты хъæуы скъуыддзаг кæнын, фæлæ чырыстон диныл хæст адæймæгтæн сæ бар ничи байсдзæн Уырыссаг аргъуан кæнæ Хуссар Ирыстоны аргъуанты кувынæн», – кæронбæттæны банысан кодта Президент.

Бибылты Анатоли уыдис Мæскуыйы дыууæбонон кусæгон балцы. Раздæр уый бацыд Уæрæсейы Хуссар Ирыстоны минæварадмæ. Бузныг загъта дипломаттæн сæ æнтысгæ куысты тыххæй, афтæ ма банысан кодта Хуссар Ирыстоны æддагполитикон архайды параметртæ, Уæрæсейы нысаниуæг, куыд республикæйы сабырад æмæ стабилондзинады гарант, афтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.