РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон универси-теты ирон æвзаджы кафедрæйы профессор Битарты Зойæйæн йæ юбилейы цытæн.

Паддзахады сæргълæууæг æрбацыд Битарты Зойæмæ ХИПУ-мæ æмæ йын ректор Теде-ты Вадим æмæ йæ коллегæты цур загъта арфæйы ныхæстæ. Бафæндыд æй уымæн æнæниз-дзинад æмæ ног æнтыстытæ.

«Мæ зæрдæ дын зæгъы, Зойæ Александры чызг, фидар æнæниздзинад, тыхтæ, энерги, ног цымыдисон зонадон куыстытæ Ирыстоны фæрныгадæн, æнтыстытæ педагогон архайды æмæ ирон ахуыргæндты æвзонг  фæлтæр схъомыл кæныны», – загъта Президент.

Уагдоны ректор Тедеты Вадим фехъусын кодта, зæгъгæ, Битарты Зойæ ХИПУ-йы филологон кафедрæйы доцент Остъаты Розæимæ (Джульеттæ) æмавторæй ныртæккæ цæттæ кæны чиныг ХИПУ-йы тыххæй. Чиныджы рауагъд план цæуы уæлдæр ахуырадон уагдоны юбилеймæ, кæцы ХИПУ банысан кæндзæн ацы аз.

 

***

Цытджын Зойæ Александры чызг!

Айс мын мæ зæрдæбын арфæтæ дæ гуырæн боны сæраппонд. Ды дæ курдиатджын ахуыргонд-филолог, уникалон гоймаг, ахæм адæймаг, кæцы æппæт йæ рæстæг нывонд кæны мадæлон æвзаджы рæзт æмæ бахъахъхъæнынæн, кæцыйæн йæ архайд здæхт у мадæлон культурæйы позицитæ фидардæр кæнынмæ. Де стыр патриотизм, бæрндзинад æмæ намысы руаджы дæуæн стыр аргъ кæнынц коллегæтæ, де ‘мзæххонтæ куыд Ирыстоны Хуссары, афтæ Цæгаты дæр. Ды кусыс ахæм темæтыл, кæцытæ абон æнæмæнгхъæуæг сты нæ зонадæн, нæ адæмæн.

Стыр бузныг дын! Нæ цæст дын уарзы æнæниздзинад, дарддæры æнтысгæ куыст, æппæт хъуыддæгты дæр æнтыстытæ.

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы Администрацийы къухдариуæггæнæг Челехсаты Рустем

 

***

Цытджын Зойæ Александры чызг!

Бирæ азты дæргъы ды, дæ профессионалон хæсыл æнувыдæй баззайгæйæ, арæхстджынæй хъахъхъæныс æмæ хъæздыгдæр кæныс ХИПУ-йы лингвистикон скъолайы зонадон традицитæ, цæстуарзонæй дæ зонындзинæдтæ дæттыс студенттæн. Æвзагзонынады рæзты ногдзинæдты лæмбынæг æнкъаргæйæ, дæуæн кæддæриддæр вæййы дæхи цæстæнгас бирæ актуалон фарстыты фæдыл æмæ йæ бахъахъхъæнын дæ бон свæййы.

1989-192 азы Хуссар Ирыстоны национ-сæрибаргæнæн змæлды активон хайадисджытæй сæ иу уæвгæйæ, дæуæн кæддæриддæр уыдис активон æмбæстагон позици, æвдыстай æцæг пат-риотондзинад æмæ райгуырæн бæстæмæ æнæхин уарзт.

Мах аргъ кæнæм дæ фæлтæрддзинад, дæ зонындзинæдтæ æмæ адæймагон миниуджытæн.

Зæрдæбынæй дын нæ цæст уарзы амонд, рæсугъддзинад, хæрзиуæг. Уадз, сæхæст уæт дæ иууыл хуыздæр фæндиæгтæ æмæ бæллицтæ.

Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты коллектив

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.