Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй ног сæвзæрст Президент Бибылты Анатолийæн фыццаг пресс-конференци уыд Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры. Республикæйы æвзарджытæн, Президент Тыбылты Леонидæн, Централон æвзарæн къамисы уæнгтæн æмæ æппæт Ирыстоны адæмæн раарфæ кæныны фæстæ Бибылты Анатоли дзуаппытæ лæвæрдта журналистты фарстатæн.

Ног Президенты ног командæйы тыххæй, Бибылты Анатоли куыд радзырдта, афтæмæй паддзахадæн хъуамæ разамынд кæной æмæ бæрнон бынæтты кусой, бынæттон проблемæты чи нæ зоны, уыцы æддагон адæймæгтæ нæ, фæлæ Хуссар Ирыстоны чи цард æмæ цæры, йæ проблемæтæ йын мидæгæй чи зоны, уыдон. Фыццаг рады бынæттæм ист цæудзысты бынæттон специалисттæ. «Мах æй зонæм, абоны бон нæм кæй ис, йæ дæсныйад хорз чи зоны, ахæм кадртæ. Мах фыццаг рады хъуамæ спайда кæнæм уыдоны потенциалæй. Æз афтæ нæ зæгъын, æмæ  республикæмæ æддагон специалисттæ не ‘рхондзыстæм. Фæлæ уыдон кусдзысты уынаффæгæнджытæ æмæ хæдивджытæй, уымæн æмæ хъуамæ спайда кæнæм Уæрæсейы Федерацийы фæлтæрддзинадæй, зæгъæм, хъæууон хæдзарады. Сæйраг хъусдард здæхт æрцæудзæн хъæууон хæдзарадмæ, уымæн æмæ ацы здæхты æз нымайын приоритетоныл. Стыр хъусдард здæхт цæудзæн ахуырадмæ æмæ ахуырады план кæнынмæ, афтæ ма нæ цы специалисттæ хъæуы, уыдон цæттæ кæнынмæ. Уыдон зонындзинæдтæ исдзысты Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуыргæнæндæтты дæр æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты дæр. Хуссарирыстойнаг уæлдæр ахуыргæнæндоны эффективондзинад бæрзонд у æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ университеты рауагъдонтæ дæр уыдзысты приоритетон».

Дарддæр Бибылты Анатоли куыд загъта, афтæмæй бирæ гæнæнтæ ис нæ  республикæйы экономикæйы рæзтæн. Æрхаста ахæм цæвиттон, зæгъгæ, республикæйæн йæ бон у бынæттон продукттæй ифтонг кæна цыппæрæм æфсæддон базæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады федералон службæйы арæнхъахъхъæнæг управленийы службæгæнджыты.

«Иу æфсæддон суткæйы дæргъы 250 граммы дзидза куы хæра, уæд ма йæ банымайут, уый цас цæуы, æз нал дзурдзынæн къабускъæ æмæ картофы тыххæй, кæцытæй сæ нæ бон у ифтонг кæнын. Мах æй иууылдæр зонæм, дыргъгъуыст кæй кодта Цхинвалы район – Дменис, Сатихъар, Хелчуа æмæ æндæр хъæутæ. Цæмæй уыдон сæ продукци искуыдæм аласой æмæ сæ ауæй кæной, уыцы фадат сын абоны бон нæй. Уый та æвзæрæрдæм æндавы нæ республикæйы экономикæйыл. Фæндтæ нын бирæ ис æмæ сæ тагъд рæстæджы реализаци кæндзыстæм, архайдзыстæм нæ экономикæ алыварсонæй дæр райрæзын кæныныл», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Ног æвзæрст Президент сæйрагыл нымайы Хуссар Ирыстоны цæрджытæн куысты бынæттæ ссарын.

«Раздæр нæм куыста консерв аразæн завод. Уый уагъта дыргъы дæттæ,  компоттæ. Абон мах нæ сывæллæты цæхæрадæттæм дыргъы дæттæ ласæм Дзæуджыхъæуæй. Мах архайæм ацы проблемæ аскъуыддзаг кæныныл. Æппæт дæр сараздзыстæм, цæмæй нæ сывæллæттæ нуазой дыгъты натуралон дон. Нæ разы цы хæстæ æвæрæм, уыдонæй иууыл сæйрагдæр у адæмы кусæн бынæттæй сифтонг кæнын æмæ Хуссар Ирыстоны экономикæ райрæзын кæнын», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый радзырдта Хуссар Ирыстоны минералон дæтты республикæйæ æддæмæ аласыны планты тыххæй.

«Минералон дæтты республикæйы æддæмæ аласынæн нын ис фадæттæ. Мах æй æмбарæм, тынг хорз дон нын кæй ис. Уый дæр зонæм, æмæ нæ дон республикæйы адæмæй дарддæр æндæрты зæрдæмæ дæр цæуы æмæ сæ хъæуы. Цæй мидæг уагъд цæуы, уыцы мигæнæны афтæ сфæлындзын хъæуы, цæмæй йын товарон хуыз уа æмæ йæ зоной. Мах бацархайдзыстæм цыбыр рæстæгмæ ацы хъуыдытæ царды сæххæст кæныныл», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Йæ фыццаг барамындты тыххæй йæм журналисттæ фарст куы радтой, уæд  уый радзырдта, зæгъгæ, йæ фыццаг барамындтæй иу уыдзæн профессионалон Парламент саразыны тыххæй. Уыимæ иумæ ма банысан кодта хицауиуæгады органты æмгуыстады ахсджиагдзинад дæр.

 

«Хицауиуæгады къабæзтæ æмархайд куынæ кæной, иумæ куынæ кусой, уæд нын ницы бантысдзæн саразын. Уый тыххæй фыццаг рады  æз нымайын, цæмæй фæтк æвæрд æрцæуа хицауиуæгады къабæзты æмархайды», – загъта уый.

Афтæ ма банысан кодта, зæгъгæ, 2014 азы майы цы тæрхондонон реформæ райдыдта, уый кæронмæ бакæнын хъæуы.

«Цы закъæттæ исæм, сæ инициатор чи у, уымæ нæ кæсгæйæ, уыдон цалынмæ Парламентмæ лæвæрд æрцæуой, уæдмæ уал сыл хъуамæ æруынаффæ кæной эксперттæ. Æххæстгæнæг æмæ закъондæттæг хицауиуæгады ахæм æмархайд уыдзæн, абон куыд у, уымæй бирæ эффективондæр. Æнгом æмархайд хъуамæ уа алы фарсты фæдыл, уыцы нымæцы паддзахадон программæты фæдыл дæр, уымæн æмæ уыдон нысан сты Республикæ Хуссар Ирыстоны закъæтты. Паддзахады райрæзты фæдыл фадыгон программæтæ дæр арæзт хъуамæ уой закъонмæ гæсгæ», – бахахх кодта Бибылты Анатоли.

Журналистты цымыдис кодта республикæйы историон ном раздахыны тыххæй референдумы фæстиуджытæ æмæ ном «Паддзахад Алани»-йы дарддæры хъысмæт, уымæн æмæ политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы минæвæрттæ дæр æмæ йæ лидер Бибылты Анатоли йæхæдæг дæр уыдысты ацы номы ныхмæ. Цымыдис ма сæ кодта ирон адæм дарддæр куыд хуындзысты, уый дæр, ома алантæ æви ирæттæ?

«Æз Аланийы ныхмæ нæ уыдтæн, фæлæ уыдтæн йæ формулировкæйы ныхмæ, конкретонæй та – дзырд «паддзахады» ныхмæ æмæ ныры онг дæр нæ фæивтон мæ хъуыды. Фæлæ адæм референдумы йæ фарс рахæцыдысты, адæмы равзæрст у æмæ уый ныхмæ ничи уыдзæн», – загъта уый æмæ дарддæр банысан кодта, зæгъгæ, дунеон историйы ирæттæ арф фæд ныууагътой. Уыдон зындгонд сты сæ ахуыргæндтæй, философтæй, фысджытæй, сæ хъайтартæй, æмæ мæ уый тыххæй нæ фæнды ироны бæсты хуыйнон алан. Кæд Хетæгкаты Къоста, Плиты Иссæ, Гергиты Валери, Джиоты Вероникæ, Мамсыраты Хадзымурат ирæттæ кæй уыдысты, уымæй не ‘фсæрмы кодтой æмæ кæнынц, уæд æз цæмæн хъуамæ æфсæрмы кæнон. Чи зоны, æмæ 600 азы фæстæ историктæ зæгъой, зæгъгæ, йæ «зонут, нæ фыдæлтæ ирæттæ кæй уыдысты æмæ куыд хъæбатыр уыдысты? Уыдон бахъахъхъæдтой Ирыстоны, ирон адæмы скуынæг кæнын нæ бауагътой, уыдис сын тынг зындгонд ахуыргæндтæ æмæ бирæ хъайтартæ, Хетæгкаты Къоста уыд ирон литературæ æмæ литературон æвзаджы бындурæвæрæг. Цæй, æмæ нæхи фæстæмæ хонæм ирæттæ». Мæн уырны ахæм момент. Нæ хъæуы фæстæмæ цæуын, фæлæ хъуамæ цæуæм размæ. Нæхæдæг хъуамæ саразиккам Аланты къулдæуæрттæ, цы бынаты уыдысты, уым. Нарты кадджыты персонажтæн – Батрадзæн, Сосланæн, Уырызмæгæн, Сатанайæн æмæ иннæтæн хъуамæ саразиккам  цыртытæ», –  бахахх кодта Бибылты Анатоли.

Журналистты цымыдис кодта Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуыны тыххæй фарст дæр.

Ног æвзæрст Президент куыд загъта, афтæмæй уый у стратегион фарст æмæ лæвæрд хъуамæ æрцæуа республикæйы алы æмбæстагмæ дæр.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны архайæг Президент æмæ æз бадзырдтам, цæмæй уыцы референдум ауадзæм 2017 азы, президентон æвзæрстыты фæстæ. Æз æмбарын, ацы референдумы тыххæй цас бæрндзинад хъæуы. Мах консультацитæ ауадздзыстæм Уæрæсейы Федерацийы къахдариуæгадимæ. Ацы фарст æрмæст Президент не скъуыддзаг кæндзæн, фæлæ ма йыл уынаффæ кæндзысты адæм дæр, фæрсдзыстæм æхсæнадон организациты, æхсæнадон-политикон баиугæндты. Æппæт ацы консультациты фæстæ уын ратдзынæн лæмбынæгдæр дзуапп», – бамбарын кодта Бибылты Анатоли.

Бибылы фырт банысан кодта æхсæнадæмон æмгуыстады райрæзты ахсджиагдзинад дæр.

«Луганскы æмæ Донецкы Адæмон Республикæты кæй банымадтам, уый дæр ахсджиаг къахдзæф уыд. Хъыгагæн, абон ацы республикæтæ æмæ нæ республикæйы ‘хсæн арæзт нæма ис æхсæнпаддзахадон сразыдзинæдтæ. Мæнæн тынг бæрнон ахаст ис ацы паддзахадты ‘хсæн ахастытæм. Фыццаджы фыццаг уал мах æрбæстон кæндзыстæм нæ ахастытæ уыцы республикæтимæ, афтæ æндæр республикæтæ æмæ бæстæтимæ дæр», – загъта уый.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хъуамæ  куса активондæрæй. Уый тыххæй сын республикæйы къухдариуæгады æрдыгæй уыдзæн æмбæлон фарсхæцынад.

Дарддæр Бибылты Анатоли куыд загъта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны хæстон архайдтыты хайад чи иста, уыдоæн уыдзæн сæрмагонд æххуыс. «Уыдонæн уыдзæн социалон хатыртæ. Уымæн æмæ уыдон хъахъхъæдтой сæ зæхх, сæ хæстæджыты, мах сымахимæ, нæ сывæллæтты æмæ сын хъуамæ уа исты лæггæтдæ æмæ хатыртæ, 1989-1992 азты æви 2008 азы хæцыдысты, уымæ нæ кæсгæйæ. Уыдон се ‘ппæт дæр сты Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ æмæ сæ мах хæсджын стæм нæ царды, нæ сабырдзинады, нæ  республикæйы тыххæй. Уый фæстиуæгæн сын уыдзæн сæрмагонд æххуыс. Кæй зæгъын æй хъæуы, чи хæцыд йæ зæхх чи хъахъхъæдта, уыдонмæ куы  уа, паддзахадæн пайдайы дæсныйад, уæд сæ æнæмæнгæй дæр æрбакæндзыстæм. Æз зæгъдзынæн уый, æмæ Парламенты бакуыстæуыд  ветеранты тыххæй закъон, кæцы бæрæг кæндзæн уыцы категорийы хатыртæ. Мах æппæт дæр араздзыстæм, цæмæй уыдон сæхи хатой комфортондæр», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Журналистты ма цымыдис кодта, экс-президент Кокойты Эдуард æмæ йын йæ фарсхæцджытимæ цы ахастытæ уыдзæн, уыцы фарст дæр.

«Æхсæнад хъуамæ размæ цæуа æнæхъæнæй, ма хъуамæ дихтæ кæна хицæн политикон къордтыл. Махæн ис нæ адæм, æмæ нæм уыдон æнхъæлмæ кæсынц позитивон къахдзæфтæм, æнхъæлмæ кæсынц, цæмæй æхсæнад размæ цæуа, иу кæнæ иннæ Президенты фарсхæцджытыл дихтæй нæ, фæлæ иумиагæй.  Æз мæ сæйраг хæсыл нымайын æхсæнады консолидаци æмæ куыстмæ ахæм специалистты  æрбакæнын, кæцытæ сæ эффективондзинад фенын кæндзысты куысты», – загъта уый.

Сæрмагондæй Кокойты Эдуарды тыххæй та загъта, зæгъгæ, уый у политикон архайæг, 10 азы куыста нæ республикæйы Президентæй, фæлæ  куысты бынаты тыххæй се ‘хсæн ницы ныхас уыд – нæдæр Кокойты Эдуардимæ, нæдæр Гаглойты Аланимæ æмæ нæдæр Тыбылты Леонидимæ

Ног æвзæрст Президентмæ лæвæрд æрцыд фарст наркотикты тыххæй дæр. Уый куыд загъта, афтæмæй карзæй æмæ æгъатырæй тох кæндзæн, наркотиктæ чи парахат кæны, уыдоны ныхмæ.

Дзыллон информацион фæрæзты минæвæртты цымыдис кодта, радон парламентон æвзæрстытæ цы системæмæ гæсгæ ауагъдæуыдзысты. Ацы фарсты фæдыл Бибылты Анатоли куыд загъта, афтæмæй «РХИ-йы Президент 2016 азы Парламентмæ бавдыста æвзæрстыты тыххæй закъоны проект, цыран бæрæг æрцыд 2019 азы парламентон æвзæрстытæ кæй ацæудзысты мажоритарон-пропорционалон системæмæ гæсгæ. Ацы закъоны Парламент райста æмæ абоны бонæй 2019 азмæ фæивын хъæуы иннæ закъæтты дæр, цæмæй уыдон дæр уой ацы закъонмæ гæсгæ. Цæмæй ацы закъæттæ æмбæлон фæткмæ æркондæуа, уый тыххæй ис рæстæг. Æмæ мæ ныфс ис уыцы рæстæгмæ уыдзысты цæттæ».

Бибылты Анатолимæ лæвæрд æрцыд æндæр фарстатæ дæр.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.