Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста фæсивæды культурон-историон æхсæннацион разыдзинады проект «Маяки дружбы. Башни Кавказа» – 2017.

Проект райдыдта 28 июлы ахæм лозунгы бын «Фыдæлты бынтæ хъахъхъæнгæйæ. Адæмты æнгомгæнгæйæ», æмæ æрбаиу кодта 80 студенты Мæскуы æмæ Кавказы аст республикæйæ. Уыдон, организатортæн хъуыдыгонд куыд уыд, афтæмæй хъуамæ хайад исой кавказаг историон æмæ культурон цыртдзæвæнтæ: зындгонд нысандæттæн, хæстон æмæ цæрæн мæсгуытæ æмæ фидæрттæ бахъахъхъæныны сæраппонд дыууæкъуырион «цæугæ зиуы».

Дагъыстан – Хуссар Ирыстоны интернационалон къорд «Горцы»-йы сконды сты Мæскуы, Республикæ Дагъыстан æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон. Йæ къухдариуæггæнæг Айхан Гасанов радзырдта Президентæн, ацы тæккæ къорд кæй цæры туристон базæ «Же-до»-йы, æмæ кусы Леты хъæуы Таймæзты мæсыг кæм ис, уым æмæ хæрзарæзт кæны йæ алфæмблайы. Уый банысан кодта, зæгъгæ, «Горцы»-йы къордæй дарддæр проекты хайад исынц ноджы æртæ къорды  «Кунаки», «Джигиты» æмæ «Орлы». Уыдон ныртæккæ сты сыхаг республикæты.

Бибылты Анатоли, йæхи ‘рдыгæй, æгасцуат загъта фæсивæдæн, бузныджы ныхæстæ та – проекты разæнгардгæнджытæн. Ацы проект, Президенты ныхæстæм гæсгæ, ахъаз у кавказаг адæмты хæлардзинад фидар кæнынæн.

«Æз бузныг дæн Руслан Гусаровæй, уый ахæм уæззау фæлæ арфæйаг  уаргъ йе уæхскмæ кæй систа, уый тыххæй. Мæнæн тынг æхсызгон у, сымах абон ам кæй стут æмæ нæ хæлардзинад кæй фидар æмæ рæзын кæнут. Мæ цæст уын уарзы, цæмæй йæ ахæссат кæ-ронмæ, кæд уын зындзинæдтæ дæр уыдзæн, уæддæр.

Иуцасдæрбæрцæй сымах политиктæй фылдæр аразут. Уый раппæлинаг æмæ раст   хъуыддаг у. Уæ куыст, дзырд дæр ыл нæй, ахъаз уыдзæн æгас Уæрæсейы фæсивæды æрбангом кæнынæн. Цы хъомыс уæм ис æмæ ацы процесстыл размæ куыд хæцут, уымæ гæсгæ мæ фидарæй уырны, ацы проектæн хорз фидæн кæй ис», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

Хорз фысымтæ сын кæй уыдысты, уый тыххæй бузны-джы ныхæстæ загътой мæскуыйаг æмæ дагъыстайнаг студент-тæ Рамазан Муланбердинов æмæ Хасбат Тилакаева.

«Æз дæн Республикæ Дагъыстаны минæвар. Фыцца-джыдæр мæ фæнды бузныг зæгъын сымахæн уæ уазæгуарзондзинады тыххæй æмæ уын салæмттæ дæттын хурæфсæст Дагъыстанæй. Нæ республикæ йæ историйы дæргъы рацыд бирæ фæлварæнты сæрты, фæлæ уæддæр мах кæддæрид-дæр цæуæм размæ. Фæнды мæ, цæмæй мах æхсæн кæддæриддæр уа кæрæдзиæмбарынад, аргъ кæнæм кæрæдзийæн, æмæ цыфæнды быцæутæ та скъуыддзаг кæнæм сабырадон уавæрты», – загъта Хасбат Тилакаева.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.