Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли Петербурджы дунеон экономикон форумы фæлгæтты «РИА Новости»-йæн интервьюйы радзырдта республикæйы Уæрæсеимæ баиу кæныны перспективæты, Хуссар Ирыстон хидарынхъомдзинадмæ рахизын куыд фæнд кæны æмæ дзы уæрæсейаг ракетон комплекстæ С – 300 ис æви нæ, уыдæтты тыххæй.

– Анатоли Ильяйы фырт, ды æвзæрстыты агъоммæ æмæ йæ фæстæ дæр хъусын кодтай ирон адæмы баиу кæныны, Уæрæсеимæ баиу уæвыны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй. Ацы фарсты тыххæй уæддæр кæд уыдзæнис референдум?

– Фыццаджыдæр, уый фæдыл æз нæ хъусын кодтон, фæлæ хъусын кæны Хуссар Ирыстоны адæм 1921 азæй фæстæмæ. Ацы проблемæ йæ активон фазæмæ бахæццæ Советон Цæдисы ныппырхы рæстæджы. Уымæн æмæ уæд бæрæг уыдис, Гуырдзыстон йæ реваншистон бахъавдтытæ кæй нæ ныууадздзæн. Хуссар Ирыстоны адæмæн гæнæн уыдаид трагикон кæрон æмæ уый афтæ дæр уыд, хъуыддаг цыдис уымæ. Уымæ гæсгæ ирон адæмы баиу кæнын æмæ Уæрæсейы Федерацийы скондмæ Хуссар Ирыстоны бацыды тыххæй инициативæ Бибылты Анатоли Ильяйы фырты политикон архайды рæстæджы нæ райгуырд. Уый уыдис адæмы идея дихгонд ирон адæмы æппæт рæстæджыты дæр.

Референдумыл куы дзурæм, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, æз нымайын афтæ æмæ йæ хъæуы ауадзын. Махæн уыдис референдум ауадзыны фадат (уый тыххæй æз хъусын кодтон уартæ 2014 азы), фæлæ дзы, хъыгагæн, не спайда кодтам. Абон алцыдæр хъæуы ногæй аразын. Алцыдæр бакæнын хъæуы уымæ, цæмæй нын уыцы референдум æрхæсса фæстиуæг. 2017 азы æвзæрстыты фæстæ мах референдум кæй хъуамæ ауадзæм, уый тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны экс-президентимæ бадзырд, кæй зæгъын æй хъæуы, у актуалон. Фæлæ Хуссар Ирыстоны политикон тыхтимæ æнæ консультацитæй, Уæрæсейы политикон тыхтимæ, йæ къухдариуæгадимæ æнæ консультацитæй, цалынмæ не сбæлвырд кæнæм нæ фидæны хæдхуыз фæндагон картæ, уæдмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, зын у цавæрдæр къахдзæфтæ саразын. Фæлæ уæддæр хъусын кæнын: йæ къух ничи исы референдум аразыны идеяйыл, Хуссар Ирыстоны адæмы фæнды йæ ауадзын æмæ уымæ, абон уа æви сом, уæддæр æрцæудзыстæм.

– Ома, ацы фарст скъуыддзаг не ‘рцæудзæн азы кæронмæ? Гæнæн ис ахаст æрцæуа дарддæры перспективæмæ?

– Зоныс, абон дуне афтæ тагъд ивы æмæ алцæмæ дæр æнхъæлмæ кæсæн ис. Æмæ мах хъуамæ æмбарæм, Хуссар Ирыстоны алыварс цы ситуаци æвзæры, уый. Хъуамæ æмбарæм, Хуссар Ирыстон экономикон ахастытæ кæй æрбæстон кодта иуæй-иу, зæгъæм æй афтæ, æнæнымад бæстæтимæ. Махæн бар нæй æмæ сын сæ интерестæ ма хынцæм, уы-мæн æмæ Хуссар Ирыстон дæр знон уы-дис, абон уыдон цахæм ситуацийы, ца-хæм уавæры сты, ахæм уавæры. Уымæ гæсгæ сæ рох кæнын нæ хъæуы, семæ хъæуы консультацитæ уадзын, мах референдум куы ауадзæм æмæ Уæрæсейы скондмæ куы бацæуæм, уæд цы уыдзæн, уый тыххæй. Ноджыдæр ма зæгъын: Рæстæг тагъд тæхы, дуне тынг тагъд ивы. Æмæ ацы фарстыл дзурдзыстæм, райс-дзыстæм уынаффæ. Æмæ сымах, журналисттæ, уый тыххæй базондзыстут фыццаг. – Сусæггаг нæу, Хуссар Ирыстоны бюджет бирæ-бæрцæй арæзт кæй цæуы Уæрæсейы хардзæй. Хъуыддæгты ахæм уавæр кæдмæ афтæ хъуамæ уа? Хуссар Ирыстонæн фадат ис, цæмæй йæхи чи дара, ахæм республикæ суа? Æмæ цахæм ресурсты руаджы?

–  Абон мæ хайадист ам, форумы, растдæр дзурæг у ууыл, æмæ мах кæй арæм цавæрдæр фæндæгтæ ацы ситуацийæ рахизынæн. Уæрæсейы федералон хицауиуæгадимæ нын цы сразыдзинæдтæ архайынц, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Президенттæ æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй цы сразыдзинæдтыл бафыстой сæ къухтæ, уыдон царды хъуамæ æххæст цæуой. Куыд æй хъæуы аразын?

Абон мах хъæуы Уæрæ-сейы Федерацийы регионтимæ нæ ахастытæ бæстон кæнын æмæ уый ныридæгæн аразæм. Абоны бонмæ инвестицитæ ис Владимиры областимæ, уый зæгъæн ис, æрбацыд Хуссар Ирыстонмæ. Форумы фæлгæтты мах фембæлдыстæм æмæ ныхас кодтам Татарстаны Президентимæ, ис проекттæ, кæцытæ гæнæн ис реализацигæнæн Хуссар Ирыстоны территорийыл.

Тынг бирæ проекттæ ис æндæр регионтимæ дæр, кæцыты, кæй зæгъын æй хъæуы, реализаци кæндзыстæм. Æмæ араздзытæм афтæ, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон цард фæрсæрдыгæй æххуысы руаджы нæ, фæлæ йæхи руаджы цасдæрбæрцæй уæддæр аразынхъом уа. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, дзурæг нæу цавæрдæр политикон хæдбардзинадыл, уый хъæуы Уæрæсейы Федерацийæн йæхи дæр. Æмæ кæд мах саразæм аф-тæ, цæмæй республикæйæн йæхи æфтиæгтæ цыбыр рæстæгмæ, фондз азмæ 40-50 проценты онг уæддæр фæфылдæр уой, уæд æз нымайын афтæ, æмæ уый уыдзæн иттæг хорз фæстиуæг. Уымæ мах тырндзыстæм, уæлдайдæр та Уæрæсе йæхæдæг Хуссар Ирыстоны рæзтмæ  йæ экономикæмæ, йæ инфраструктурæмæ хæссы æхцатæ.

Хуссар Ирыстонæн Уæрæсейæ хуыздæр инвестор нæй. Петербурджы дунеон экономикон форумы, стæй æрмæст уым нæ, Уæрæсейы Федерацийы регионты къухдариуæггæнджытæй кæимæ æмбæлдыстæм, уыдон иууылдæр цæттæ сты инвестицитæ æрбакæнынмæ, иумæйаг куыстуæттæ саразынмæ. Ахæм уавæрæй мах спайда кæндзыстæм. Абон мах бирæ субъекттимæ уыцы фæндагон картæйыл уынаффæ кодтам.

– Цахæм ног проекттыл цæуы дзырд, зæгъæм, уыцы Татарстанимæ?

– Татарстан ныридæгæн уæвы Хуссар Ирыстоны. Арæзтадон компанитæ кусынц республикæйы Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры бæстыхайы аразы Татарстан æмæ, Хуссар Ирыстоны зонгæйæ, хъуамæ æрæрвитой се специалисты, цæмæй бынаты базонгæ уой экономикон ахастыты рæзты гæнæнтимæ.

– Гæнæн ис Хуссар Ирыстоныл Уæрæсейæ Гуырдзыстонмæ транзит байгом кæнын? Цахæм уавæртыл? Цы хъæуы уый тыххæй саразын?

– Æз Уæрæсейæ æрмæст Гуырдзыстонмæ транзитыл нæ дзурин. Гуырдзыстонæй дарддæр ма Фæскавказы сты Азербайджан, Сомихстон, ис дзы Иран, Турк. Кæй зæгъын æй хъæуы, Хуссар Ирыстоныл фæндаг хæрзвадат у Туркæн дæр, Азербайджанæн дæр, Сомихстонæн дæр æмæ Гуырдзыстонæн дæр.

Цæмæй фæндаг гом æрцæуа, уый тыххæй хъæуы политикон уынаффæ, фыццаджыдæр та Гуырдзыстоны ‘рдыгæй. Не ‘рдыгæй фарсмæ нымадмæ гæсгæ, ницы проблемæтæ фæзындзæн. Гуырдзыйы фарс цы иунæг проблемæ раразмæ кæной, уый гæнæн ис уа Хуссар Ирыстоны статус. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах фадат нæ ратдзыстæм æмæ уый никуыдæр уыдзæнис, цæмæй Хуссар Ирыстон Европæ æмæ Азийы ‘хсæн бастдзинады фæндагон картæйы ма уа куыд æмбар партнер. Хуссар Ирыстон хъуамæ уа æмбар партнер, хъуамæ дзы хайад иса, куыд иннæ бæстæтæ, афтæ. Куы зæгъæм, уæд Хуссар Ирыстонæн ницы проблемæ ис.

Мæн хатт фæазымджын кæнынц, зæгъгæ, ацы фæндаджы тыххæй ист нæ цæуынц политикон уынаффæтæ, ноджы ма уыдон сæ къух не ‘рфыстой тыхæй не спайда кæныны тыххæй меморандумыл. Фæлæ мах, фыццаг рады, хъуамæ хъуыды кæ-нæм уыцы адæмыл, кæцытæ цæрынц Сомихстоны, Азербайджаны, Уæрæсеимæ базарадон ахастытæ рæзын кæ-нын Иран æмæ Туркы кæй фæнды, уыдоныл. Махæн нæ хъуыдыйы æрмæст Гуырдзыстон хъуамæ ма уа. Æндæр хъуыддаг у, абоны бонмæ Уæрæсе æмæ Гуырдзыстонæн нæй дипломатон ахастытæ, фæлæ экономикон ахастытæ рæзынц æмæ дзы æз ницы проблемæтæ уынын. Кæд æмæ Гуырдзыстон архайа, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон ма уа æмбар партнер, уæд хъæуы цавæрдæр консультацитæ, баныхæстæ уадзын æмæ йын бамбарын кæнын, афтæ кæй нæу бынтондæр. Мах стæм республикæ æмæ мах уыдзыстæм æмбар партнер.

– Ды дæхæдæг службæ кодтай фидауынгæнæгæй Хуссар Ирыстоны. Ныртæккæ уым ис уæрæсейаг базæ. Æрмæстдæр уыцы базæ, йæ хотыхтæ фаг сты республикæйы æдасдзинад ныфсджынæй ифтонг кæнынæн? Цы ма хъæуы ноджы? Цымæ раст у, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны уæвынц уæрæсейаг комплекстæ С-300?

– Ды зондзынæ, журналисттæ кæй уарзынц æгæр карз кæнын. Дзурынц, зæгъгæ, махмæ ис «Тополь-М» дæр, стратегион бомбæзгъалджыты аэродром дæр æмæ афтæ дарддæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ Республикæйы цы хотыхтæ æмæ æфсæддон службæгæнджыты контингент ис, уыцы нымæцы УФ-йы Æдасдзинады федералон службæйы арæнгæрон управленийы дæр, уыдон фаг сты, цæмæй хъахъхъæд цæуа Хуссар Ирыстоны æдасдзинад. Уыдонимæ ма  республикæйы Гарзджын тыхтæ. Иумæ фаг сты гæнæнуæвæн агрессорæн ныхкъуырд радтынæн.

Бынтондæр ницы æнæмæнгхъæуындзинад ис Уæрæсейы Федерацийæ кæнæ Хуссар Ирыстонæн йæхи мидæг цавæрдæр тыхты уæлæмхас мобилизацийæн. Хуссар Ирыстоны ис Гарзджын тыхтæ, ныртæккæ дзы цæуы æрсидтон кампании, республикæйы æппæт нæлгоймаг цæрджытæй 25 азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыдон рацыдысты хæстыл, алкæмæ дæр дзы ис бæрзонд индивидуалон цæттæдзинад. Мах сын республикæйы уæвæг закъæтты фæлгæтты ауадзæм ахуыртæ. Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты хæстон цæттæдзинад ифтонг у, æфсæддон службæгæнджыты ахуыр кæнынц республикæйы Гарзджын тыхты хæстон цæттæдзинады фæлгæтты. Афтæ, æмæ нæ территорийыл уæвæг тыхтæ æххæстæй га-ранти дæттынц Хуссар Ирыстоны æдасдзинадæн. Уыимæ ма, чизоны сымах зонут, ба-куыст кæй æрцыд УФ æмæ Хуссар Ирыстоны территориты йæ арæнтæм хауæг комплексон æдасдзинады план. Уый абон æххæстæй у ифтонг, нæ æфсæддон ведомст-воты ‘хсæн бадзырдтыл къухтæ æрфыстæуыд, къухтæ æрфыстæуыд уæлæмхас сразыдзинæдтыл дæр. Уыцы сразыдзинæдты фæлгæтты куыст цæуы Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы контурон æдасдзинад сифтонг кæныныл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.