РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли хайад райста, Хетæгкаты Къостайы райгуырæн боны цытæн Хъæрæсе-Черкесты Лабæйы хъæуы цы бæрæгбонон мадзæлттæ ауагъдæуыд, уыдоны. Лабæйы хонынц поэты, ирон литературон дзырды бындурæвæрæджы дыккаг райгуырæн бæстæ.

Хъæрæсе-Черкесты Республикæйы Бибылты Анатолийыл фембæлд республикæйы Сæргълæууæг Рашид Темрезов. Уыдон æруынаффæ кодтой Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Хъæрæсе-Черкесты Республикæйы ‘хсæн ахастыты рæзтыл.

Фæстæдæр Президент æрбаиу Лабæйы цæрджытæм, кæцытæ хуыцаубоны нысан кодтой Хетæгкаты Къостайы 158-æм гуырæн бон, уыимæ иумæ ма сæ хъæуы бон дæр. Куыд зонæм, афтæмæй ацы хъæу хæссы поэты ном.

Хъæумæ бацæуæны уазджытыл фембæлдысты ирон æгъдаумæ гæсгæ – æртæ хæбизджынимæ. Уый фæстæ Къостайы цырты раз æмæ Беслæны терракты фæмардуæвджыты монументыл сæвæрзтой дидинджытæ. Дидинджытæ сæвæрдтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты монументыл дæр.

Уыдон бацыдысты Леуан Елызбары фырты – поэты фыды, Хъæрæсе-Черкессийы ирон хъæуы бындурæвæрæджы  ингæнмæ дæр.

Хетæгкаты Къостайы гуырæн боны цытæн ауагъдæуыд цытджын митинг.

«Æз фыццаг хатт дæн ацы диссаджы хъæуы, цыран хъахъхъæд æрцыдысты традицитæ, лæмбынæг ахаст дарынц национ æргъадтæм, цыран цыт кæнынц ахæм адæймагæн, куыд ирон литературон дзырды бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайæн», – загъта митинджы Бибылты Анатоли.

Хъæрæсе-Черкессийы Республикæмæ ацæуæг Хуссар Ирыстоны делегацийы сконды уыдысты депутаттæ Гæбæраты Юри æмæ Диакъонты Амыран, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим, Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон.

Бæрæгбонон мадзæлтты хайад райста Цæгат Ирыстоны делегаци, Хъæрæсе-Черкесы Республикæйы Парламенты спикер Александр Иванов æмæ ацы республикæйы  Хицауады Сæрдар Аслан Озов.

Бæрæгбонон программæйы уыдысты Хъæрæссе-Черкессийы Республикæйы æмæ Ирыстоны сфæлдыстадон коллективтæ, ралæудтытæ, алыгъуызон конкурстæ æмæ викторинæтæ æмæ æндæр культурон номыртæ. Бæрæгбонон мадзæлттæ аххæсыдысты æмбисæхсæвмæ.

Хъæрæсе-Черкессийы Республикæйы  Хетæгкаты Къостайы хъæуæн (Лабæйæн) бындур æвæрд æрцыд 1868 азы. Бындур ын æрæвæрдтой Цæгат Ирыстоны Нары комæй чи алыгъд, уыцы цæрджытæ.

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.