Аивгъуыйгæ азы РХИ-йы Хъалонтæ æмæ фиддонты фæдыл комитет цы куыст бакодта, уый тыххæй хыгъд радта йæ сæрдар Къадзты Владимир. Ведомствойы хыгъдон коллегийы хайад райста РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли.

Комитеты сæрдар æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта афæдзы дæргъы сæ бакæнгæ куысты статистикон зонæнтимæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, 2018 азимæ абаргæйæ, 2019 азы хъалонтæ чи фидынц, уыдон фæфылдæр сты 117. Ныртæккæ комитеты хыгъды лæууынц 4941 хъалонфидæджы, уыдонæй 2081 сты юридикон цæсгæмттæ,  2860 та индивидуалон амалиуæггæнджытæ. Хыгъдон рæстæджы та регистраци æрцыдысты 382 хъалонфидæджы.

РХИ-йы паддзахадон бюджетмæ фиддонтæй бацæугæ фæрæзты рæзты динамикæ банысан кæнгæйæ, загъта, зæгъгæ, Паддзахадон бюджеты æфтиæгты хай бæстон цыдис хъалонты æртæ сæйрагдæр хуызты хыгъдæй: физикон цæсгæмтты æфтиæгтыл хъалонтæ – 435 751,3 мин сомы (йæ размæ азимæ абаргæйæ, фарон ацы хуызы хъалонтæ фæфылдæр сты 23 893,1 мин сомы); бафтаугæ аргъыл хъалон – 289 725,4 мин сомы (2018 азмæ абаргæйæ фæфылдæр сты 6633,1 мин сомы) æмæ куыстуæтты æфтиæгтыл хъалон – 309 724,9 мин сомы (ацы бæрæггæнæн фæкъаддæр 18375,9 мин сомы).

«2018 азимæ абаргæйæ аивгъуыйгæ азы хъалонты æмбырдкæнынад фæфылдæр 14504,1 мин сомы, кæнæ та 1,4 проценты. 2019 азы РХИ-йы паддзахадон бюджетмæ бахастæуыд 1 062823,3 мин сомы, планы 1 021830,8 мин сомы бæсты æмæ уый та у планон бæрæггæнæнæн йæ 104 проценты», – банысан кодта комитеты сæрдар.

Президент бузныг загъта Хъалонтæ æмæ фиддонты фæдыл комитеты кусджытæн бакæнгæ куысты тыххæй æмæ загъта, зæгъгæ, республикæйы бюджет кæнгæ у хъалонтæ æмбырдгæнæг службæйы алы кусæджы архайдæй дæр.

«Мæ позици у ахæм æмæ республикæйы бюджетмæ  бацæуæг алы къапекк дæр у сыгъзæрин къапекк. Сымах иттæг хорз зонут, цæрджытæн куыд ахсджиаг сты сывæллæтты цæхæрадæтты, медицинон уагдæтты цалцæг кæнын, хосгæнæн фæрæзтæ амал кæнын, пенситæ, сывæллæттæн æххуыстæ фылдæр кæнын æмæ æндæр ахæмтæ. Паддзахадæн бирæ социалон хæстæ ис, кæцытæ ницы хуызы æххæст æрцæудзысты, бюджетмæ æфтиæгтæ куынæ цæуа, уæд.

Паддзахадон бюджет 745 милуан сомæй 1 миллиард 425 мин соммæ кæй фæфылдæр кодтам, уый тынг серьезон бæрæггæнæн у. Уый бирæбæрцæй баст у æфтиæгты администриркæнынадимæ», – загъта паддзахады сæрглæууæг.

Фæлæ ма уый банысан кодта, æфтиæгты администриркæнынадæн кæй ис йæхи арæн, æмæ дарддæр зындæр кæй уыдзæн ахæм фæдыздæхты бюджет фылдæр кæнын.

«Алы хъалонфидæг дæр хъуамæ йæ хайбавæрд хæсса республикæйы, Хуссар Ирыстоны бюджеты рæзтмæ. Алчи дæр хъуамæ æмбара, уыцы æхцатæ кæйдæр дзыппмæ кæй нæ цæуынц, фæлæ дзы алы къапекк дæр бюджетмæ кæй цæуы æмæ уыдоны руаджы паддзахад кæй æххæст кæны йæ социалон хæстæ», – банысан кодта Президент.

Хыгъдон коллегийы ма дзырд цыдис фæсарæйнаг æмбæстæгты æфтиæгтæй хъалонтæ исыны тыххæй фарстыл. Президент бацымыдис кодта, æмбæстæгты ацы категори хъалонтæ куыд фидынц, уымæ.

Къадзты Владимир куыд радзырдта, афтæмæй фæсарæйнаг æмбæстæгтæй æфтиæгтæ фæфылдæр сты. Кæд раздæр  уыдон 300 мин сомæй фылдæр нæ уыдысты, уæд ныр та схызтысты 7 милуан 200 мин соммæ.

«Уый уæд æмæ 2019 азы бынат кæй уыдис бæрæг эксцесстæн. Тынг бирæ фæсарæйнаг æмбæстæгтæ ацыдысты республикæйæ. Афæдзæн нæ прогноз уыд 10-15 милуан сомы, фæлæ, хъыгагæн, махæн алы хатт нæ бантысы, фæсарæйнаг æмбæстæгтæ цы бынæтты сты регистраци, уым сæ ссарын», – загъта уый.

Президент уый фæдыл равдыста йе ‘нæразыдзинад. Банысан кодта, зæгъ-гæ, фæллойадон мигрантты тыххæй хъуамæ дзуапп дæтта, Республикæмæ фæхоныны тыххæй сын гæххæттытæ чи саразы, уый.

Паддзахады сæргълæууæг Паддзахадон æдасдзинады комитеты Арæн-хъахъхъæнæг службæ æмæ Миграцион службæйæн бахæс кодта, цæмæй ба-кусой ацы фарст æрбæстон кæныны механизм.

Уымæй дарддæр ма Президент загъта, ныфс æй кæй ис, Хъалонтæ æмæ фиддонты фæдыл комитеты алы кусæг æппæтдæр кæй сараздзæн, цæмæй паддзахады фадæттæ фæхуыздæр уой республикæйы цæрджытæн куысты комфортон уавæртæ аразын æмæ хъалонты фæдыл закъондæттынад æххæст кæныны хъуыддаджы.

РХИ-йы Президент æмæ

Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.