Бæрæг куыд у, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли официалон балцы уыд Абхазы æмæ фембæлд Республикæ Абхазы Президент Рауль Хаджимбаимæ.

Фембæлды рæстæджы Рауль Хаджимба «æгасцу» загъта Бибылты Анатолийæн æмæ йын раарфæ кодта, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентæй æвзæрст кæй æрцыд, уый тыххæй.

«Цытджын Анатоли Ильяйы фырт, мæнæн æхсызгон, у Абхазы дæ кæй уынын, уый æмæ дын ноджыдæр зæрдиагæй арфæ кæнын, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентæй æвзæрст кæй æрцыдтæ, уый сæраппонд. Куыд нæ бæстæйы хæлар æмæ æмахастыты дарддæры рæзты фарсхæцæг, ахæмæй дæ хорз зонынц Абхазы. Абоны бон махæн бирæ саразын бантыст, æппæт нæ архайдтытæ хъуамæ фæахъаз уой, нæ республикæты адæмтæн фылдæр фадæттæ аразынæн,  уыдон рæзын æмæ фидар кæнынæн», – загъта уый.

Рауль Хаджинба банысан кодта, зæгъгæ, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны адæмты бæттынц бирæ моменттæ, кæцытæ «арæзт æрцыдысты абон нæ, фæлæ знон»

«Нæ ахастытæ традиционæй арæзтой нæ фыдæлтæ. Нæ иумиаг ахастытыл куы дзурæм, кæцытæ арæзт цæуынц Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн, уæд уыдон æвдисæн сты, уыцы ахастыты интенсивондзинад дæр бынтон хорз кæй нæу, уымæн. Къухтæ бафыстæуыд аст дыууæфарсон документыл, фæлæ нырма ис, бакусын цæуыл хъæуы, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, абон мах дзурдзыстæм экономикон æмахасты-тыл, культурæйы фарстатыл, гуманитарон сферæйыл, не ‘хсæнады минæвæртты бастдзинæдтыл, кæцытæ активонæй хъуамæ кусой бирæ здæхтыты», – загъта Абхазы Президент.

Бибылты Анатоли бузныджы ныхæстæ загъта йæ абхазаг коллегæйæн, зæрдиагæй йæ кæй райста, уый тыххæй.

«Стыр бузныг дын. Абхазы æнæхъуаджы “уды бæстæ” нæ хонынц. Ардæм уазæгуаты чи æрцæуы, уыдонæй алчи дæр, уыцы нымæцы куыд Президент, афтæ æз дæр, уыцы хъарм уды ахаст банкъарын.  Æз демæ разы дæн, мах бæттынц æрмæст хæлардзинад нæ, кæцы, кæй зæгъын æй хъæуы, сфидар кодта нæ ахастытæ, фæлæ нæ иумиаг тох дæр, аб-хазæгтæ Абхазы территорийыл цæрой, хуссайраг ирæттæ та – Хуссар Ирыстоны территорийыл, уый кæй нæ фæндыд,  уыдоны ныхмæ фæлæууын нæ куы хъуыд», – загъта уый.

Хуссар Ирыстоны Президент банысан кодта, зæгъгæ, дыууæ бæстæйы адæмтæ абон хъуамæ ноджыдæр райрæзын кæной сæ ахастытæ.

«Мах хæсджын стæм æрмæст нæ ахастытæ рæзын кæныны хъуыддаджы нæ, нæ адæмты баввахс кæнын æмæ æмахастытæ рæзын кæныны фронт стыр у. Фæдыздæхтытæ алыгъуызон сты. Уыдон сты экономикæ, социалон сферæ, æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыг, культурæ. Æппæт уыцы здæхтыты мах кусдзыстæм. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ уыцы куысты фæстиуджытæ мах тагъд фендзыстæм», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Уый фæхуыдта Рауль Хаджинбайы, цæмæй официалон балцы æрцæуа Хуссар Ирыстонмæ.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли Сухумы уыд йæ фыццаг официалон балцы. Рауль Хаджинба Бибылты Анатолийыл фембæлд Президенты Администрацийы бæстыхайы раз. Хуссар Ирыстоны делегацийы цытæн æфсæддон оркестр сæххæст кодта дыууæ республикæйы гимнтæ, президенттæ кæрæдзийæн базонгæ кодтой сæ делегациты минæвæртты.

 

РЕСПУБЛИКÆ АБХАЗЫ ПРЕЗИДЕНТ ÆМÆ РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ ‘ХСÆН ОФИЦИАЛОН БАДЗЫРДТЫ ФÆСТИУДЖЫТЫ ФÆДЫЛ ИУМИАГ ХЪУСЫНГÆНИНАГ

Республикæ Абхазы Президент Рауль Хаджинба æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы ‘хсæн хæларадон уавæрты цы официалон бадзырдтæ уыд, уыдон рабæрæг кодтой сæйраг здæхтыты дыууæфарсон æмгуысткæнынады фæдыл дарддæры диалог фæактивондæр кæныны иумиаг фæндондзинад.

Дыууæ паддзахады сæргълæуджытæ лæмбынæг æруынаффæ кодтой дыууæфарсон æмгуысткæнынады рæзты уавæр æмæ перспективæтыл, афтæ ма регионалон æмæ æхсæнадæмон сидтытыл.

Дыууæ паддзахады сæргълæуджытæ банысан кодтой абхазаг-хуссарирыстойнаг ахастыты историон хæларадон характер, кæцытæ арæзт цæуынц æфсымæрдзинад æмæ кæрæдзийæн æх-хуысы фидар бындурыл,  æмæ разыдзинад равдыстой базарадон-экономикон, культурон æмæ ахуырадон фадгуыты дыууæфарсон æмкуысткæнынады динамикон рæзтмæ, афтæ ма кæрæдзийæн цымыдисон æндæр фарстатæм дæр.

Дыууæ фарсы цымыдисдзинад равдыстой дыууæфарсон ахастыты бадзырдон-барадон базæ дарддæр сфидар кæнынмæ æмæ æруынаффæ кодтой æмахас-тыты иу къорд здæхтытыл, кæцыты тыххæй саразын хъæуы дыууæфарсон сразыдзинæдтæ. Уыцы здæхтыты нымæцы ис барадхъахъхъæнæг, физикон культурæ æмæ спорты, фæсивæдон политикæйы фадгуыты, афтæ ма транспортон бастдзинады фадыджы æмгуысткæнынад.

Дыууæ фарсы бадзырдтой дунеон аренæйы ахастытæ координацийы фæдыл куыст адарддæр кæныныл, сæрмагондæй – Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы форматы.

Дыууæ фарсы иумиаг цымыдисдзинад равдыстой бæрзонд æмвæзадыл контакттæ регуляронæй æххæст кæнынмæ.

 

ХУССАР ИРЫСТОН ÆМÆ АБХАЗЫ ФÆСАРÆЙНАГ ХЪУЫДДÆГТЫ МИНИСТРАДТÆ ÆМÆ ÆХСÆНАДОН ПАЛАТÆТÆ СÆ КЪУХТÆ ÆРФЫСТОЙ КЪОРД СРАЗЫДЗИНÆДТЫЛ

Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадтæ æмæ æхсæнадон палатæтæ сæ къухтæ æрфыстой къорд сразыдзинæдтыл. Сразыдзинæдтыл къухтæ æрфыстæуыд президенттæ Бибылты Анатоли æмæ Рауль Хаджинбайы хайадистæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Республикæ Абхазы æд-дагполитикон ведомствотæ сæ къухтæ æрфыстой 2017-2018 азтæн Консультациты планыл. Документыл сæ къухтæ æрфыс-той республикæты Фæсарæйнаг хъуыддæгты министртæ Медойты Димитр æмæ Даур Кове.

Дыууæ паддзахады æхсæнадон палатæты ‘хсæн æмгуысткæны-нады тыххæй Сразыдзинадыл сæ къухтæ æрфыстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Æхсæнадон палатæйы сæрдар Джиджджойты Анатоли æмæ Республикæ Абха-зы Æхсæнадон палатæйы сæргълæууæг Нателла Акаба.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты официалон сайт

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.