Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Сербийы ‘хсæн æмгуысткæнынады тыххæй сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыны фæстæ РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли Sputnik Сербийы уацхæссæгæн радзырдта, бæстæ размæ куыд цæуы, цы бантыст саразын фæстаг дæс азы æмæ цæмæ тырнынц республикæйы цæрджытæ, уыдæтты тыххæй.

– Кæд нæ рæдийын, уæд дын дард фæсарæнтæм ацы балц у фыццаг.

– О, куыд Президент, афтæ фыццаг хатт дæн дард фæсарæнты, Сербаг Республикæйы фæрнæйдзаг зæххыл.

– Дæ балцы нысан цахæм у дæ хъуыдымæ гæсгæ?

– Фактон æгъдауæй Сербаг Республикæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны фæзынды истори рауад иугъуызон… Уыимæ уый æрцыдис иу историон рæстæджы. Махмæ уый уыд ССР Цæдисы ныппырх, ам та  Югославийы ныппырх. Уыдысты хæстытæ, национ хæдхуызондзинады, сæрибардзинады, адæмæн сæхи равзæрст фæндагыл цæуыны сæрыл тох. Уыцы историон рæстæджытæ махæн кæрæдзийыл баст сты, фактон æгъдауæй мах стæм фаззæттæ, иу азы гуырдтæ.

Мах бæтты чырыстонад дæр, бæттынц нæ Уæрæсеимæ хæлар ахастытæ, æмæ иумиагæй сисгæйæ Сербиимæ дæр . Æппæт уыдæттæ, мæ нымадмæ гæсгæ, мах хъуамæ скæной ныфсджын хæлæрттæ æмæ партнертæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, афтæ дæр уыдзæн.

– Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ ма ис ноджы иу æнгæс хъуыддаг. Уый у Хуссар Ирыстоны фæндон Уæрæсейы иу хай суæвын æмæ Сербаг Республикæйы фæндон Сербийы иу хай суæвын, цæмæй баиу уой хицон, æфсымæрон бæстæтимæ.

– Æз нæ зæгъин «æфсымæрон». Ацы ныхасы æз бынтондæр растыл нæ нымайын. Æфсымæрон нæй рахонæн иу нацийы адæмты. Уыдон сты иу адæм. Мæнмæ хатт худæг дæр фæкæсы, зæгъæм, куы фæзæгъынц Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстон æфсымæрон адæмтæ сты. Мах æфсымæрон адæмтæ не стæм, мах стæм иу адæм. Æмæ уыцы адæм хъуамæ цæрой иумæ, иу территориалон æмæ политикон тыгъдады.

Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый хауы Сербаг Республикæмæ дæр. Сербаг республикæйы сербæгтæн Серби у сæ историон райгуырæн бæстæ, куыд Хуссар Ирыстонæн Уæрæсе, афтæ.

Уыдоны мидæг ис, æвæццæгæн, æппæт уыцы проблемæты мидис, уымæн æмæ Серби дæр æмæ Сербаг Республикæ дæр Уæрæсемæ кæсынц, куыд сæ сæйраг æмцæдисон, хæлар æмæ æмбалмæ, афтæ. Ахæм цæстæй кæсы Республикæ Хусар Ирыстон дæр Уæрæсемæ.

– Æмæ ма ноджы куыд хъахъхъæнæг, афтæ дæр?

– Куыд хъахъхъæнæг, афтæ дæр, кæй зæгъын æй хъæуы.

– Фæлæ ма ис иу ахæм уавæр. НАТО-йы фæнды ацы хъуыддаджы Сербаг Республикæйы бахъыгдарын. Кавказы ситуацийы дæр НАТО йæхи хæццæ кодта. Фæлæ НАТО у тæссаг ныхмæлæууæг. Уæ бон куыд бауыдзæн йæ ныхмæ тох кæнын?

– Идеятæ куы уа æмæ сæ адæм æххæст куы уой, уæд уый ныхмæ рацæуæг блоктæ, цæдистæ, паддзахадтæн бирæ рæстæгмæ уавæрыл сæ бон вæййы æндавын. Фæлæ идея нæ фесæфы, уый цæры. Ахæм идеяйы ныхмæ НАТО кæнæ æндæр искæйы æххуысæй тох кæнын дардмæуыноны нысан нæу æмæ нæу раст дæр.

Мах иттæг хорз хъуыды кæнæм Хуссар Ирыстоны цæвиттон. Растдæр НАТО-йы блок цæттæ кодта Гуырдзыстоны æфсады, хотыхджын æй кодта, уагъта æфсæддон ахуыртæ, хуыдта специалисттæ Украинæйæ, Ныгуылæн Европæйæ. Фæлæ фактон æгъдауæй рауад афтæ, æмæ адæмы идея фæуæлахиз. Адæмы идеяйы ныхмæ тохгæнæн нæй.

Хъыгагæн, уыдысты уды зиæнттæ, уыд пырхæнтæ. Æмæ Уæрæсе Гуырдзыстоны тыхæй куынæ æркодтаид сабырдзинадмæ, уæд абон Хуссар Ирыстон нæ уаид.

Уымæн уыдис ахæм æппæрццаг реакци ардæм ме ‘рцыдмæ  Гуырдзыстоны ‘рдыгæй. Æз кастæн Турчы Гуырдзыстоны минæвары хъусынгæнинаг – уый ма у минæвар Босни æмæ Герцоговинæйы дæр. Фæлæ ахæм ахаст æвдисын нæ хъæуы. Ам, фыццаджыдæр, хъæуы хатыр ракурын, цытæ бакодтой, уыдоны тыххæй. Уый фæстæ та дзурæн уыдзæн æндæр цæуылдæрты.

– Ды дзырдтай Уæрæсеимæ баиу уæвыны фæндоны тыххæй, фæлæ уыимæ банысан кодтай, нырма кæй банхъæлмæ кæсдзыстут, уымæн æмæ сы-мах æмзæрдæ стут, Уæрæсе кæй нæ банымадта, уыцы Донецкы Адæмон Республикæ æмæ Луганскы Адæмон Республикæимæ…

– Куыдфæнды ма уа  Хуссар Ирыстон банымадта Донецкы æмæ Луганскы республикæты. Æрмæстдæр сæ мах банымадтам. Уымæ гæсгæ сæм мах кæсæм, куыд нæ партнертæ, куыд хæлар, ам зæгъæн ис, æфсымæрон паддзахадтæм. Уыдонимæ махæн ис иу идейон цæстæнгас, иугъуызон дунеæмбарынад.

Уый хынцгæйæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй ацы республикæты банымад ма аиуварс кæнæм æмæ багæпп кæнæм, Уæрæсе чи хуыйны, уыцы поездмæ. Мæн нæ бафæндид, цæмæй Хуссар Ирыстоны имидж цуда йæ ивгæ позицийæ. Кæд æмæ мах Донецкы æмæ Луганскы республикæты нымайæм æфсымæрон республикæтыл, уæд мах хъуамæ æппæт дæр саразæм, цæмæй, цас гæнæн ис, уымæй уыцы ахастытæ ма фесæфой. Мæн ныфс ис, æрцæудзæн рæстæг æмæ Хуссар Ирыстон уыдзæнис Уæрæсейы Федерацийы сконды, махæн æндæр историон фæндаг нæй. Мах хъуамæ æмбарæм, ацы идея Бибылты Анатолийы, куыд Президенты, идея нæу, уый у адæмы идея, ацы идеяимæ цæрæм мах æмæ йæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сæххæст кæндзыстæм. Фæлæ абон уавæр у ахæм.

– Сербæгтæ   бирæ нæ зонынц Хуссар Ирыстоны тыххæй,  Уæрæсейы иу хай дыууæ æнусæй фылдæры размæ куы ссис, уæдæй фæстæмæ цы фæндагыл рацыд, уый тыххæй. Фæстæдæр куыд ссис Гуырдзыстоны иу хай? Дæ хорзæхæй, радзурма бæстæйы историйы тыххæй.

– Ирыстон æнæхъæнæй, цæгат æмæ хуссарыл æнæ дихæй Уæрæсейы скондмæ бацыд 1774 азы.

– Æмæ барвæндонæй бацыд?

– О. Иууыл цымыдисондæр та цы у: Санкт-Петербургмæ ирæттæ фыццаг минæвæрттæ арвыстой 1745 азы. Ома, дæсгай азты дæргъы ацы фарсты фæдыл кæрæдзиимæ ныхас кодтой, нæ минæ-вæрттæ цыдысты уырдæм, райстой-иу сæ æмæ, æппынфæстаг Ирыстон бацыд Уæрæсейы империйы скондмæ 1774 азы. Уæрæсейы революцийы фæстæ, мидхæсты фæстæ, Советон Цæдис арæзт куы цыдис, уæд Ирыстоны адих кодтой Кавказы хохрагъыл. Хуссайраг хайы радтой Гуырдзыстонæн, цæгаттаг хай та баззад Уæрæсейы сконды. Фæлæ уый уыд иу бæстæ – Советон Цæдис. Уыимæ Ирыстоны территори уыдис абонæй бирæ фылдæр. Æппæт уыцы хабæрттæ æркодтой уымæ, æмæ йын йæ иу хай фесæфтам.

Æфсæддон-гуырдзиаг фæндагыл Кавказы хохрагъы цæгатæрдыгæй æмæ хуссарæрдыгæй дæр уыдис Ирыстон. Уый цыдис Ирыстоныл Гуырдзыстоны ‘рдыгæй. Фæлæ ныртæккæ, хъыгагæн, истори рауад афтæ, æмæ мах фесæфтам уыцы территоритæ. Истори афтæ у æмæ райсом цыфæнды дæр гæнæн ис фæива. Мах уый федтам Советон Цæдис æмæ Югославийы ныппырхы цæвиттонæй.

– Советон Цæдис куы хæлдис, уæд уæ фæндыд Гуырдзыстоны баззайын?

– Мах ауагътам референдум æмæ уыцы референдумы 99 проценты схъæлæс кодтой, цæмæй мах бацæуæм Уæрæсейы скондмæ. Фæлæ та уæддæр дунеон æмæхсæнад… адæмы фæрсын модæйы нæ уыд, куыд мæнæ ныр, афтæ. Кæд æмæ дзуапп дæтты цавæрдæр псевдонормæтæн, уæд хорз. Фæлæ сæ хъус нæ дарынц дунеон барады нормæтæм.

Мах куы фæдзурæм, зæгъæм, адæмæн ис хæдуагæвæрды бар, уæд рауайы афтæ, æмæ уый æрмæстдæр вæййы æвзæрст адæмтæн. Уый гæнæн ис хауа Косовомæ, фæлæ ницы хуызы   хауа Хуссар Ирыстонмæ, Сербаг Республикæмæ, уыцы адæмтæм, кæцытæ разы не сты сæ идеологийыл (…). Нæ тох махæн фæцис 2008 азы. Ома, 1989 азæй 2008 азмæ уыдис перманентон хæст, æдзух æхстытæ, æдзух лæгмæрдтæ æмæ афтæ дарддæр. Гуырдзыстон бабырста Хуссар Ирыстонмæ æмæ æрмæстдæр уый фæстæ Уæрæсе бакодта йе ‘фсæдтæ, цæмæй ма скуынæг кодтаиккой хуссарирыстойнаг адæмы. 8 августæй 13 августмæ Гуырдзыстоны сабырадмæ тыхæй æркæныны операцийы фæстæ  2008 азы 26 августы та Уæрæсе банымадта Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы хæдбардзинад.

– Æз хъуыды кæнын уыцы бонтæ. Уæд æз уыдтæн Хуссар Ирыстоны, федтон, уым цытæ цыдис: пырх горæт Цхинвал, алæмæттаг æрдз. Мæнмæ афтæ фæкаст, цыма Хуыцау уым ал-цыдæр радта, адæм та сæ скуынæг кодтой. Уæдæй фæстæмæ æз уым никуыуал уыдтæн æмæ цымыдис кæнын, цахæм у ныртæккæ Цхинвал, Хуссар Ирыстон иумæйагæй сисгæйæ?

– Æрцæут нæм. Æз уæ хонын, уæлдайдæр та зонын, уæ коллегæтæ уым кæй кусынц, ома Sputnik Хуссар Ирыстоны. Абон Хуссар Ирыстон размæ цæуы, нал ис фенæн хæсты фæдтæн. Рæзтимæ иумæ мах иуварс кæнæм хæсты пырхæнты. Фæзындысты инвестортæ, кæцыты ныфс бацыд, Хуссар Ирыстоны стабилондзинад кæй ис, уымæй. Уыцы стабилондзинад та рæстæгмæ нæу, фæлæ у æдзухон. Адæмы бауырныдта, паддзахад æмæ бæстæйы закъæттæ сын кæй бахъахъхъæндзысты сæ инвестициты. Адæм цадæггай здæхынц фæстæмæ. Сæ фылдæр хай æрыздæхтысты.

– Уæд уыдон Цæгат Ирыстонмæ алыгъдысты?

– О, æмæ здæхынц, хæсты фыццаг азты, 90-æм азты райдианы чи алыгъдысты, уыдон. Арæзт цæуы инфраструктурæ, фæндæгтæ, хæдзæрттæ, рæзы экономикæ, ахуырад,  медицинæ. Афтæмæй мах цæуæм царды уыцы æмвæзадмæ, кæцымæ тырнынц Хуссар Ирыстоны адæм.

– Ацы процессы цахæм у Уæрæсейы роль? Æз зонын, Уæрæсе æрвылаз дæр кæй рахицæн кæны бæрæгбæрц фæрæзтæ. Æххуыс уæм дарддæр дæр цæуы?

– О, кæй зæгъын æй хъæуы. Æнæ Уæрæсейæ махæн нæ бон ницы бауыдаид саразын. Уый, æцæгæйдæр, афтæ у. Уымæ хауы 2018-2019 азтæн Инвестицион программæ. 2015-2017 азтæн цы Инвестицион программæ уыдис, уымæн йæ 90 проценты æххæст æрцыд. Ныртæккæ мах æрæвнæлдтам инфраструктурæ рæзын кæнынмæ, фыццаджыдæр, уый баст у социалон къабазимæ: сывæллæтты цæхæрадæттæ, скъолатæ. Ис Инвестпрограммæ республикæйы экономикæйы рæзты фæдыл дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, æнæ Уæрæсейы комкоммæ инвестицитæй махæн нæ бон ницы бауыдаид бынтондæр саразын.

Уыцыиу рæстæджы цадæггай фылдæр кæнынц бюджеты хи æфтиæгтæ дæр. Æмæ ацы здæхты цæуы стыр куыст.

– Цахæм сты уæ ахастытæ Гуырдзыстонимæ? Æвзиды ма уæм? Раздæр дзырд цыдис, гæнæн кæй ис тыхæй не спайда кæныны фæдыл меморандумыл къухтæ æрфыссын, фæлæ йыл нырма дæр не ‘рфыстæуыд.

– Хъыгагæн, о, æвзиды, æртхъирæн кæны. Адæймагæн æртхъирæнгæнæджы хуыз куы уа, фæлæ дын куынæ дзура, кæй дæ ныццæвдзæн, уæддæр уый тас æвзæрын кæны. Æмæ ды дæхи куыддæрты хъуамæ сæдас кæнай.

Абоны бонмæ Гуырдзыстоны, хъыгагæн, нæ фæнды ацы меморандумыл къух æрфыссын, кæд бирæ азты дæргъы аз цалдæр хатты уагъд цæуынц консультацитæ, уæддæр. Дипломати нырма нæ уæлахиз кæны. Махмæ æвзæры ахæм хъуыды, æмæ Гуырдзыстон гæнæн ис спайда кæна тыхæй, цæмæй бандава Республикæ Хуссар Ирыстоны хъысмæтыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах уымæй тæрсæм.

Абон Уæрæсе махæн у нæ æдасдзинады гарант, къухтæ æрфыстæуыд сразыдзинадыл, мах кусæм æдасдзинады иумæйаг контуры фарстыл, арæнхъахъхъæнджытæй райдайгæйæ æмæ Гарзджын тыхтыл фæугæйæ.

– Хуссар Ирыстонæн Гуырдзыстонимæ нæдæр экономикон, нæдæр политикон ахастытæ ис. Нæй бастдзинæдтæ куыд дунеон организациты къабазы, афтæ æнæкоммерцион организациты къабазы дæр.

– Гæнæн ис Гуырдзыстонмæ цæуой, хæстæджытæ дзы кæмæн цæрынц, уыдон?

– Кæй фæнды цæуын, уыдон цæуынц. Цæгат Ирыстоныл, Гуырдзыстоны Уæрæсеимæ чи бæтты, уыцы официалон фæндагыл. Нæ территорийыл та мах сарæзтам фæхуымæтæгдæргонд уадзæн пункт, Ленингоры районы чи цæрынц, уыдонæн. Ленингойрæгтæн фадат ис Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæныл ахизынæн, цæмæй феной сæ хæстæджыты æмæ стæй фæстæмæ æрбаздæхой.

– Ныфс мæ ис, ахастытæ кæддæр кæй фæхуыздæр уыдзысты…

– Кæд æмæ политикон фæндон равдисой –  уый уыдонæн хуымæтæджы фæндон дæр нæу, фæлæ практикон æгъдауæй хъайтардзинад –  уæд ахастытæ бæстон цæудзысты.

Куыдфæнды ма уа, мах стæм сыхæгтæ, æмæ уымæй никуыдæм алидздзынæ. Алкæй дæр фæнды йæ сыхагимæ сабырæй цæрын. Фæлæ сыхаг йæ фатер  йæхиуыл куы нымайа, уæд хъуамæ сыхаджы фатер  дæр йæ хицауыл нымайа æмæ ма мæсты кæна, ма хъуыды кæна, сыхагæн йæ фатер  куыд байса, ууыл.

– Фæлæ Саакашвили ацыд…

– Политикæ нæ ивы. Политикæйæн нæй ивæн, уымæн æмæ режиссер ис Вашингтоны. Ныртæккæ Гуырдзыстоны разамынадæн бирæ ахсджиагдæр у, сæхицæн хуыздæр цы у, уый нæ, фæлæ Сем цы зæгъдзæн, уый. Сем куы зæгъа, уæд сæхицæн зиан цы уа, уый дæр сараздзысты.

Хъыгагæн, абон Гуырдзыстоны политикæ ахæм у. Кæд æмæ райсом, афæдзы,кæнæ дæс азы фæстæ политикæ фæива, уæд Хуссар Ирыстоны позици дæр ивдзæнис æмæ хæларсыхагон ахастытæ бæстон кæндзыстæм.

– Цахæмæй уыныс Хуссар Ирыстоны дæс азы фæстæ?

– Æз æй уынын дидин æфтаугæйæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсейы сконды. Ам дызæрдыгдзинæдтæн бынат нæй. Æнæмæнгæй саразын хъæуы афтæ, цæмæй ирон адæм баиу уой.  Æмæ рæза Уæрæсейы сконды, куыд иумæйагæй сисгæйæ, уæрæсейаг æхсæнад, афтæ, цæмæй уа, Уæрæсейы Федерацийы чи ис, уыцы рæсугъд национ мозаикæйы иу хай.

РХИ-йы Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.