РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæу-уæг Битарты Вячеславæн РЦИ-Аланийы Республикæйы æмæ горæт Дзæуджыхъæуы боны цытæн.

Арфæйы дзырдæуы:

«Цытджын Вячеслав Зелимханы фырт!

Æрвитын дæуæн æмæ Цæгат Ирыстоны æппæт цæрджытæн мæ иууыл хуыздæр арфæтæ РЦИ-Аланийы Республикæйы æмæ горæт Дзæуджыхъæуы Боны цытæн.

Ацы бæрæгбонтæ æрвыл аз дæр нысан цæуынц, æмæ сты адæмы иудзинад, Рай-гуырæн бæстæмæ уарзондзинады нысан, республикæйы цæрджыты цардмæ æрбахæссынц хъарм, циндзинад æмæ хæрзæбон.

Абон Цæгат Ирыстон-Алани у, йæ экономикон, социалон æмæ культурон фадгуытæ чи рæзын кæны, йæ инвестицион ахадындзинад чи бæрзонд кæны, ахæм республикæ. Уый æппæт хъарутæ дæр хардз кæны,  цæмæй республикæйы алы цæрæг дæр йæхи æнкъара æдас æмæ ныфсимæ кæса йæ фидæнмæ.

Ирыстоны хуссар æмæ цæгаты адæм æнгом баст сты кæрæдзиимæ тугхæстæгдзинадæй, иумæйаг истори æмæ монон иудзинадæй. Фидарæй мæ уырны, нæ иумæйаг хъаруты фæрцы не ‘фсымæрон ахастытæ бонæй бонмæ ноджы кæй фидар кæндзысты ирон адæмы хæрзиуæгæн.

Ацы бæрæгбон дæуæн, цытджын Вя-чеслав Зелимханы фырт, æмæ æфсымæрон Цæгат Ирыстоны адæмæн мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ хæрзиуджытæ».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.