Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ве-теран Гатыгкоты Захарæн йæ сæдæазон юбилейы цытæн.

Уый юбилярмæ фæуазæг хæдзармæ æмæ йын бакодта зæрдылдарæн лæвæрттæ ар-фæйы ныхæстимæ æппæт адæмы номæй.

«Айс нæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ æмæ бузныджы ныхæстæ де сгуыхтдзинады тыххæй. Фашизмы ныхмæ чи лæууыд, йæ Райгуырæн бæстæйы сæрыл чи тох кодта, уыдоны хъæбатырдзинадæн аргъ кæндзысты нæ фидæны фæлтæртæ. Бузныг уын, æнæниз æмæ амондджынæй цæрут ноджы бирæ азты дæргъы», – загъта Бибылты Анатоли юбилярæн.

Ветеран радзырдта Президентæн Финляндийы æмæ Германы зæххыл йæ хæстон азты тыххæй.

Гатыгкоты Захары номыл йæ хæдзары æртымбыл сты æгас бинонтæ, æрцыдысты йæ цоты цот æмæ уыдоны цот.

Ветеранæн ма раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмæ Парламенты Сæрдар Гасситы Петр.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.