Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты лектортæ æмæ студенттæн, республикæйы  уæлдæр ахуыргæнæндоны сырæзтыл 85 азы кæй сæххæст, уый цытæн.

Арфæйы дзырдæуы:

«Цытджын хæлæрттæ!

Зæрдиагæй арфæ кæнын Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректорат, профессортæ æмæ ахуыргæнджытæ, студенттæн æмæ æппæт коллективæн, университеты  сырæзтыл 85 азы кæй æххæст кæны, уый,  цытæн. Дард 1932 азы ÆКП(б) ЦК-ы уынаффæйы бындурыл арæзт æрцыд уæлдæр ахуыргæнæндон, куыд агробиологон институт, афтæ. Фæстæдæр Хуссар Ирыстоны фыццаг уæлдæр ахуыргæнæндонæй арæзт æрцыд педагогон институт дыууæ хайадимæ. 1935 азы институт рауагъта йæ фыццаг кадртæ раздæры автономон областы адæмон хæдзарадæн æмæ социалон фадыгæн. 1944 азы марты та фыццаг хатт райст æрцыдысты абитуриенттæ фæсаууоны хайадмæ. 1993 азы институтæй арæзт æрцыд университет.

Йæ уæвынады азты университет сси Хуссар Ирыстонæн квалификациджын кадртæ цæттæгæнæн куырдадз. Абоны бон уæлдæр ахуыргæнæндоны 5 факультеты ахуыр кæнынц æртæ минæй фылдæр студенты, профессортæ æмæ ахуыргæнджыты нымæц у 250 адæймаджы бæрц. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты 23 кафедрæйы æнтыстджын  зонадон-педагогон куыст кæнынц фæндзайæ фылдæр зонæдты доктортæ æмæ  кандидаттæ.

Университет у кадджын традицитæ хæссæг. Ацы уæлдæр ахуыргæнæндонæй рацыдысты академик Джусойты Нафи, зындгонд ахуыргæндтæ, профессортæ Гæбæраты Сослан, Гаглойты Зинæ, Тъехты Баграт æмæ бирæ æндæр ахуыргæндтæ. Ам ахуыр кодтой политикон, паддзахадон æмæ æхсæнадон архайджытæ.

Хуссар Ирыстоны зонады рæзт бирæбæрцæй бæрæг цæуы, академик Джусойты Нафи æмæ Джиоты Отар, зонæдты доктортæ Гæбæраты Сослан æмæ Никъала, Къæбысты Рутен, Цхуырбаты Зелим, Козаты Аквсенти, Цыбырты Людвиг, Санахъоты Мурат æмæ æндæрты куыстытæй цæттæгонд цы бындур æрцыд, уымæй.

Йæ историйы бирæ вазыгджын рæстæджытæ бавзæрста университет, уыцы нымæцы тбилисаг хицауиуæгады дискриминацион националистон политикæйы фæстиуджытæ, Гуырдзыстоны комкоммæ хотыхджын æрбабырст, сæдæгай лектортæ æмæ студенттæ сæ къухмæ хæцæнгарз райстой æмæ сæ райгуырæн бæстæ хъахъхъæдтой. Сæ адæмы кад æмæ сæ фыдæлты зæххыл сæрибарæй цæрыны бартæ чи хъахъхъæдта, уыдонæй бирæтæ фæмард сты Райгуырæн бæстæйы сæрыл тохы. Университеты бæстыхайæн йæхи дæр пырхæнтæ фестын кодта тыхгæнæг знаг.

Фæлæ нæ цæстыты раз Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет æндидзы.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты зынаргъ лектортæ æмæ студенттæ, цыбыр рæстæгмæ сымах бацæудзыстут нырыккон домæнтæн дзуаппдæттæг ифтонггæрзтæй æххæст ног университеты комплексмæ. Мах æнæрхъæцæй æнхъæл-мæ кæсæм не ‘хсæнады царды ахæм ахсджиаг  цаумæ.

Ацы нысаниуæгджын бон зæрдиагæй арфæ кæнын Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты бирæнымæц коллективæн.

Зынаргъ хæлæрттæ! Мæ зæрдæ уын зæгъы цæмæй хизат ахуырады бæрзæндтæм. Сымах аккагæй нымад цæут республикæйы интеллектуалон тыхты химæлвасæг центрыл. Ног æнтыстытæ, æнæниздзинад æмæ хæрзиуджытæ – уæхицæн дæр æмæ уæ бинонтæн дæр!»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.