10-æм майы Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци, йæ сæргъ РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли, афтæмæй кусæгон визитимæ уыдис Луганскы Адæмон Республикæйы. Делегацийы сконды уыдысты РХИ-йы Парламенты Сæрдары æххуысгæнæг Габадты Алан æмæ парти «Иууон Ирыстон»-ы политсоветы уæнг Козаты Игорь.

Луганскы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæг Игорь Плотницкийæн официалон фембæлд уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Бибылты Анатолиимæ. Фембæлды хайад райстой Луганскы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæджы администрацийы къухдариуæггæнæг Ирина Тейцман æмæ Адæмон Советы Сæрдар Владимир Дектяренко.

— Тынг æхсызгон мын у Луганскы Адæмон Республикæмæ уæ визит, — уазджытæм сидгæйæ загъта Игорь Плотницкий. — Хуссар Ирыстоны адæмы фæлтæрддзинад мах разæнгард кæны нæ равзæрст фæндагыл, — банысан кодта уый.

Игорь Плотницкий стыр аргъ скодта Хуссар Ирыстон Луганскы Адæмон Республикæйæн цы æххуыс бакодта, уымæн æмæ Бибылты Анатолийæн радта Кады нысан «От благодарного народа ЛНР».

— Фæнды мæ банысан кæнын, махæн нæ къахдзæфтæ здæхт кæй уыдзысты Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы дарддæр æввахс кæнынмæ, — фехъусын кодта РХИ-йы Парламенты спикер Бибылты Анатоли.

Фембæлды рæстæджы æруынаффæ кодтой дыууæ республикæйы æмгуысткæнынады перспективæтыл, сæрмагондæй фæрстæ æруынаффæ кодтой Хуссар Ирыстон æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы æмархайд закъонсфæлдыстады куысты.

Хуссар Ирыстоны делегаци ма бацыд Луганскы Адæмон Республикæйы музеймæ æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы аивæдты галлереймæ, афтæ ма дидинджытæ сæвæрдтой Хъайтарты Кады аллейæйыл, кæцытæ сæ сæр нывондæн æрхастой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æмæ 2014-2015 азты хæсты хъайтарты цыртдзæвæныл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.