Хайад райста чемпионат гом кæныны церемонийы

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли бацыд хæдбар футболон ассоциаци ConIFA-2019 Конфедерацийы эгидæйы бын уагъд-цæуæг Европæйы чемпионаты гом кæныны цытджын церемонимæ, кæцы уагъд цæуы Республикæ Арцахы.

Ерысты хайад исынц аст командæйы, уыцы нымæцы Республикæ Хуссар Ирыстоны командæ дæр. Чемпионаты байгом кæныны церемони уагъд æрцыд Арцахы столицæ Степанакерты стадионы. Футболисттæ трибунæты цурты рацыдысты сæ бæстæты паддзахадон æмæ сæ командæты тырысатимæ. Спортсментæ æмæ уазджытæн арфæ ракæн-гæйæ, Арцахы президент Бако Саакян банысан кодта, зæгъгæ, ConIFA-2019 у масштабон æмæ нысаниуæгджын цау. «Арцахмæ æр-цыдысты бирæ уазджытæ алы бæстæтæй, уыцы нымæцы паддзахадон архайджытæ дæр. Фæнды мæ арфæ ракæнын ам, махимæ чи ис, уыдонæн   æфсымæрон Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы Президент Бибылты Анатоли, ConIFA-йы президент Пер-Андерс Блинд, европæйаг структурæйы къухдариуæггæнæг Альберто Ришио æмæ нæ уазджытæн се ‘ппæтæн дæр. Махæн стыр кад у сымах арцахаг зæххыл райсын», – загъта Бако Саакян.

Хуссарирыстойнаг командæйы фыццаг матч уыд 2-æм июны. Уый размæ хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæг фембæлд футболисттимæ, бафæндыд æй уыдонæн рæсугъд, æнгом хъазт æмæ уæлахиз чемпионаты.

Бацыд музейтæм

Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй бабæрæг кодта Республикæ Арцахы горæт Шушийы. Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Масис Маилян æмæ культурæйы министр Лерника Ованисянимæ делегаци федта горæты музейтæ. Геологийы музейтæм сын экскурси сарæзта геологон-минералогон зонæдты доктор, раздæры Советон Цæдисы геологийы министр Григорий Габриэлянц. Уый радзырдта Арцахы æмæ иумиагæй Кавказы æрдзон къахæггæгты тыххæй. Бибылты Анатоли æмæ Григорий Габриэлянц уынаффæ кодтой Хуссар Ирыстоны геологон развæдсгæрст, пайдайы къахæггæгты æфтиæгты æмæ сæ бакусыны гæнæнуæвæг фадæттыл. Президент ахуыргонды фæхуыдта Цхинвал-мæ.

Уый фæстæ делегаци федта нывкæнынады аивады музей. Уымæн дæр Арцахы бындур æрæвæрдта Григорий Габриэлянц. Музейы коллекци конд у, цы нывтæ сын балæварчындæуыд, уыдонæй, кæцыты ‘хсæн сты сомихаг æмæ фæсарæйнаг нывгæнджыты куыстытæ. Бибылты Анатоли бахæс кодта нывкæнынады аивады ирон дæсныты нывтæ музейæн балæвар кæныны тыххæй.

Хуссар Ирыстоны делегаци ма уыд гауызты æмæ сомихаг драмы музейты.

Бибылты Анатоли Республикæ Арцахы ис æртæбонон визитимæ.

Арцахы егъаудæр куыстуаты

Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй базонгæ Республикæ Арцахы Кашены хæххон-хъæздыггæнæн комбинаты куыстимæ.

Куыстуат у иууыл егъаудæр, кусы дзы 2 мин адæймагæй фылдæр, хъалонты ахыгъдтытæ сты Арцахы хисæрмагонд æфтиæгты 40 проценты. Компанийы минæвар куыд радзырдта, уымæ гæсгæ «къахæггæгты гуырæн бынаты фæсауæрцтæ сты æрзæты 47 милуан тон-нæйы, кæцыйы ис æрхуыйы 0,45 проценты. Уый фадат дæтты азы дæргъы 5 милуан тоннæйы онг æрзæт скъахынæн. Æрзæты фыццаг бакуыст уагъд æрцæуы фабрикæйы». – загъта уый.

Бибылты Анатоли бацымыдис кодта кондады экологондзинадмæ. Специалисты ныхæстæм гæсгæ, куыстуаты архайы кондадон дæттæй спайда кæныны æххæст цикл, кæцытæ тæссаг сты экологийæн æмæ уыдон нæ рацæуынц комбинатæй æддæмæ. Президентæн ма радзырдтой къахæггæгты гуырæн бынаты развæдсгæрсты методты тыххæй. Бибылты Анатоли Хицауады Сæрдары хæдивæг  Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннадийæн бахæс кодта Хуссар Ирыстоны ресурстæ раиртасыны тыххæй мадзæлтты план бацæттæ кæнын æмæ Республикæ Арцахы фæлтæрддзинадæй спайда кæныны тыххæй. Балцы ма делегациимæ уыд Республикæ Арцахы экономикæйы министр Левон Григорян.

Президенты арфæ – нæ футболисттæн

Президент Бибылты Анатоли арфæ ракодта Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæйæн футболæй Европæйы чемпионат ConIFA-2019 æнтыстджын хъазты тыххæй.

Хуыцаубоны, 2-æм июны Республикæ Арцахы Мартунийы стадионы Хуссар Ирыстоны командæ рамбылдта Ныгуылæйнаг Сомихстоны командæйы 2:1 хыгъдæй. «Уый уыд хорз хъазт. Командæ равдыста характер, аккагæй фæлæууыд ныхмæлæууæг коман-дæйы ныхмæ, кæцыйы фæстиуæгæн сæ къухы бафртыд уæлахиз. Арфæ кæнын нæ командæйæн ацы уæлахизы тыххæй», – загъта Бибылты Анатоли.

Бако Саакян дæр арфæ ракодта йæ коллегæйæн Хуссар Ирыстоны æмбырдгонды уæлахизы тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, уый уыд рæсугъд æмæ раст хъазт.

Стадионы Хуссар Ирыстоны делегацимæ æрбаиу Цхинвалы районæй рацæугæ Елдзарты Заирæ. Сылгоймаг президентæн радзырд-та Арцахы царды тыххæй. Уый дæр арфæ ракодта хуссарирыстойнаг футболисттæн сæ уæлахизы тыххæй.

РХИ-йы Президент æмæ

Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.