Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты хистæр зонадон кусæг Бигъуылаты Ирæйæн куыд алы ирон адæймагæн, афтæ йæ чысылæй фæстæмæ адджын æмæ зынаргъ у ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста. Йæ мад, цъунайраг чызг Лохты Бабули (Любæ) Къостайы æмдзæвгæтæ зыдта æнæкæсгæйæ, «Сидзæргæс» дзургæ нæ, фæлæ заргæ кодта æмæ-иу йæ мадмæ хъусгæйæ, йæ чысыл зæрдæ йæхи риуы къултыл бахоста. Куы-иу æрталынг, иугæр хæдзары бинонтæ куы фынæй кодтой, уæд-иу сыстад æмæ сидзæр сывæллæтты тæригъæдæй тынг фæкуыдта. Растæндæр сывæллоны карæнæй ныххызт йæ зæрдæмæ нæ уарзон поэтмæ йæ уарзондзинад.

Бигъуылаты Ирæ астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Мæскуыйы историон-архивон институты (ныры университет). Уæлдæр ахуырад райсыны фæстæ æрыздæхт Хуссар Ирыстонмæ. Ныр тынгдæр бамбæрста Къостайы сфæлдыстады ахадындзинад, йæ тох рæстдзинады сæрыл. Мæгуыр адæмы сæрыл чи тох кæны, æппæт йе мбаргæ цард йæ иубæстон адæмы тыххæй чи снывонд кæны, уый у стыр адæймаг. Къоста та уыд ахæм æмæ ахæмæй баззайдзæн йæ адæмы зæрдæты. Бигъуылаты Иринæмæ бахатыдтæн, цæмæй цыбыртæй радзура, Хетæджы тыххæй æрмæджытæ куыд æмбырд кодта, уый тыххæй.

– Къостайы тыххæй1 цы фыстытæ фенын, уыдон мын вæййынц тынг цымыдисон. 30 азы æмбырд кодтон æрмæджытæ. Раст у, мæ хъуыдыйы никуы уыд Къостайы тыххæй чиныг бацæттæ кæнын, фæлæ-иу куы бакастæн æмæ исты ног æрмæг куы ссардтон, уæд æй фыстон, цæмæй сомбон адæммæ дæр фæхæццæ уа. Исты ногдзинад-иу куы фæхатыдтæн, уæд газетмæ уацтæ фыстон – уыдон та дзæвгар сты йæ цард, йæ куыст æмæ архайды тыххæй, стæй цы æхсæнады царди, æппæт уыдæтты фæдыл. Рæстæджы цыдимæ уыцы æрмæджытæ фылдæрæй фылдæр кодтой æмæ мæм цыма Къоста йæ мидзæрдæйы дзырдта, ныффыс, сфæлдис мыл чиныг, зæгъгæ. Нæ зонадон институты дæр Къостайы тыххæй ис æрмæджытæ æмæ мæ фыццаг фæлварæн ардыгæй райдыдтон. Нывгæнæн Академийы куы ахуыр кодта, уæд æй кæронмæ каст нæ фæци йæ царды уавæртæм гæсгæ. Цард Хъызмыдæйы æфсымæрмæ, иконæтæ ныв кодта æмæ уыцы æхцайы капеччытæй йæ мæгуыры цард кодта. Куы-иу бафæллад, уæд доныбыл стыр дуры цур улæфыд. Уым, гимназы фæрсты цæугæйæ иу чызджы бауарзта, Попова Аннæйы, йæ фыд уыд тынг хъæздыг. Уыдон уыдысты цыппар æфсымæр æмæ цыппар хойы. Иу рæстæджы йыл амбæлд æмæ йемæ базонгæ. Чызг сæхимæ куы æрцыд, уæд æм хардзау æркаст, ома мæм куыд бауæндыд. Фæлæ йæ фæстагмæ чызг дæр бауарзта.

Иу рæстæджы йæм Къоста фыстæг дæр ныффыста, фæлæ та йæм ногæй фæхъыг æмæ йын йæ фыстæг хæсгардæй лыгтæ кæнын райдыдта, æрмæст æй æппаргæ нæ акодта. Чызджы æфсымæртæй дыууæ Къостайы хæлæрттæ уыдысты æмæ æнхъæл уыд, йæ ныхмæ кæй ницы зæгъдзысты, фæлæ афтæ нæ рауад. Сæ хойы арвыстой Гуырдзыстонмæ, йæ иу хо чындзыдзыд уыд Гурмæ, иннæ дыууæ та Калакмæ. Чызг фæстагмæ смæгуыр æмæ йæ хæстæджытæй чидæр æрбарвыста, ома уæ кæд Къостайы тыххæй æрмæг хъæуы, уæд ахæм адæймагмæ сты æмæ сæ айсут. Уæд сæ нæ зонадон институт райста йæхимæ æмæ ныр махмæ сты.

Къостайы тыххæй æрмæг Гуырдзыстоны историон архивы бирæ ис. Цæвиттон, ахуыр кæнынмæ куыд ацыд, стæй «Ирон фæндыр»-ы хабар тынг ирдæй зыны архивы. «Ирон фæндыр» куы ныффыста, уæд йе ‘рдхорд Байты Гаппоимæ иу рæстæджы фембæлдысты. Гаппо йын уайдзæфы хуызы загъта, зæгъгæ, мæм дæ уацмыстæ ратт æмæ дзы сæ иуты мыхуыры рауадзæм. Къоста йæм 1888 азы 3 сентябры радта йæ къухфыстытæ дыууæ тетрады æмæ Гаппойæн уыд тынг æхсызгон, йæ рецензент та уыд Джиоты Пора. Гаппо дзы систа, йæ зæрдæ кæмæ æхсайдта, уыдонæй цыппар æмдзæвгæйы – «Додой», «Салдат», «Сидзæргæс»,  «Ракæс». Уыцы рæстæджы агуырдтой, ирон æмæ уырыссаг æвзæгтæ хорз чи зыдтаид, ахæм адæймаджы. Ахæм уыд Пора, уæд куыста Ереваны лæппуты класикон гимназы, дины хабæрттæ дæр сын амыдта, фæлæ æрцыд Калакмæ, кусын райдыдта сауджынæй æмæ гимназы дæр. Тынг фæцыд йæ зæрдæмæ «Ирон фæндыр» æмæ йыл кусын райдыдта. Паддзахы хицауад цæмæй мацы азым æрхастаид автор æмæ йæ рауадз-джытæм дæр, уый тыххæй дзы уый дæр систа æмдзæвгæ «Азар». Æдæппæт Къостайы æмдзæвгæтæ уыдысты 50 æмæ дзы 5 нал бахаудысты «Ирон фæндыр»-мæ. Фæлæ та кæцыдæр знæгтæ сдардтой сæ сæртæ, цалдæр экземпляры дзы рацыд æмæ та йын йæ фæндаг æрæхгæдтой. Ацы дыууæ адæймаджы æнцад нæ бадтысты, æвæццæгæн уыдон куынæ уыдаиккой, уæд «Ирон фæндыр» йæ удæгасæй рухс нæ федтаид.

Бигъуылаты Ирæ ма Къостайы тыххæй æрмæг æмбырд кодта Дзæуджыхъæуы, Мæскуыйы горæтон архивы, Мæскуыйы Æфсæддон-историон архивы. Йæ бирæазон æмæ æвæллайгæ куысты фæстиуæгæн 2014 азы рухс федта ацы диссаджы чиныг Цхинвалы, дыккаг хатт та мыхуыры рацыд  Дзæуджыхъæуы.

Бигъуылиан загъта, зæгъгæ, Къостайы тыххæй бирæ фыст æрцыд, фæлæ йыл нырма фыссын дзæвгар хъæудзæн. Уый ахæм стыр гоймаг у, ахæм ахадæн уыдысты йæ цард, йæ архайд, йе сфæлдыстад, æмæ уыдон фыст никуы фæуыдзысты. Афтæ æмæ Къостайы тыххæй ноджыдæр бирæ хъæудзæн бакусын.

Хуыбиаты Никъала

 

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.