Уалыты Вильгельм цард Гуырдзыстоны, Карелы районы Цъуеры хъæуы. Кусгæ та кодта Агарайы скъолайы райдайæн æфсæддон цæттæдзинады ахуыргæнæгæй. Фæлæ 1991-1992 азты йæ куыстæй расырдтой ирон ахуыргæнджыты, ирæттæ кæй уыдысты, уый тыххæй. Вильгельмы цардæмбал гуырдзиаг уыд йæ дыууæ лæппу æмæ чызг дæр гуырдзиаг æвзагыл дзырдтой, фæлæ йын уый дæр  нæ баххуыс. Уый нæ, фæлæ ма бинонты цард бынтондæр сызмæст æмæ цадæггай банымæг.

1991 азы 23-æм февралы гуырдзиаг æнæформалтæ бабырстой Знауыры районы Дидмухайы хъæумæ. Ирон лæппутимæ сын хæст бацайдагъ æмæ гуырдзиæгтæй дыууæйæ фæмард сты, иннæтæ та лидзынмæ фесты. Уыцы цауы фæстæ гуырдзиæгтæ сæ маст райсыны тыххæй агуырдтой ирон нацийæ искæйты гуырдзиаг туг райсыны нысанæн. Бацыдысты  Агарайы скъоламæ, фарстой, ома  уæм ирон мыггагимæ ничи кусы. Уым сын загътой, зæгъгæ, куыста нæм Уалыты Вильгельм, фæлæ, дам, æй куыстæй арвыстам. Бацыдысты йæм хæдзармæ æмæ йæ амынæты ракодтой. Уыцы бон ма æрцахстой Пухаты Сосо æмæ Ваняйы дæр, фæлæ уыдон цыдæр амæлттæй алыгъдысты æмæ сæхи бааууон кодтой. Вильгельмы та акодтой, Дидмухайы хъæуы цы дыууæ гуырдзиаджы амардтой, уыдоны уæлмæрдмæ æмæ йын уым йæ сæр ралыг кодтой, йæ тугæй та йын мæрдтæн рухс загътой. Уый фæстæ кæмдæр уæлæнгай уæрм ракъахтой æмæ йыл уырдæм сыджыт бакалдтой. Гуырдзиаг лæгсырдтæм уый фаг нæ фæкаст æмæ йын фæстæдæр та йæ кæстæр фырт Бесикы æрцахстой, йæ къæхтæй йæ æрцауыгътой æмæ йæ афтæмæй надтой. Дыууæ боны йын фыдмитæ фæкодтой, стæй йæ мады гуырдзиаг хæстæджыты фæрцы бæргæ раирвæзт удæгасæй, фæлæ нал сæрæн кодта уæззау низ райста æмæ уый дæр фæзиан.

Вильгельмы хистæр фырт Георги уыцы рæстæджы Ленинграды ахуыр кодта уæлдæр ахуыргæнæндоны. Йæ фыд æмæ йе ‘фсымæры хабæрттæ фехъусгæйæ, йæ ахуыр ныууагъта æмæ æрцыд Хуссар Ирыстонмæ, ам, развæдсгарджыты къордмæ бацæугæйæ, архайдта, цæмæй ссара йæ фыд æмæ йæ кæстæр æфсымæр кæй аххосæй фæмард сты, уыдон. Фæлæ та уый дæр 2005 азы гуырдзиаг полициæгтæ Дидмухайы хъæуы æрцахстой æмæ йæ фæаххосджын кодтой, Гуры уый размæ цы теракт арæзт æрцыд, уым. Гуырдзыстоны тæрхонгæнджытæ йын рахастой цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадыны тæрхон. Куыд йæ бинонтæ, афтæ нæ республикæйы хицауад дæр бирæ фæхъаст кодтой алы инстанцитæм, фæлæ уыцы хъæстытæн фæстиуæг уыд æрмæстдæр 9 азы фæстæ, Гиорги æрбаздæхт рынчынæй.

Уалыты Георгийы цардæмбал, йæхи хъæуккаг, Джиоты Маринæ  нын куыд радзырдта, афтæмæй, уыцы аз  Гуырдзыстоны фашисттæ æрмæст Уалыты бинонты цард не сæнад кодтой, бирæ æндæр ирæттæн фæфыдмитæ кодтой, сæ мулк сын байстой æмæ сæ лидзинаг фæкодтой сæ цæрæнуæттæй. «Мæхи мад æмæ фыды дæр расырдтой сæ хæдзарæй. Уыдон кусæг адæм уыдысты, æппынæдзух зæххы куыст кодтой. Бирæ дардтам фос дæр. Дардыл хæдзæрттæ ныззылдтой сæ дыууæ фыртæн. Фæлæ сын бар нæ радтой, куы сæ сырдтой, уæд, цæмæй сæ асламыл уæддæр ауæй кодтаиккой. Æндæр сын цы гæнæн уыд, æмæ ралыгъдысты афтид армæй? Ам гуырдзиаг хæдзармæ балыгъдыстæм мах дæр, æмæ уым æрцардыстæм. Фæстагмæ цы хæдзармæ балыгъдыстæм, уый хицæутты фæрсгæ-фæрсгæ ссардтам æмæ семæ бафидыдтам, цæмæй нæ хæдзæрттæ баивæм. Ныр мах хæдзары Карелы районы Цъуеры хъæуы цæрынц гуырдзиæгтæ», –  зæгъы Джиоты Маринæ.

Уый ма мын радзырдта ноджыдæр, уыцы азты Гуырдзыстоны районы цæрджытæй ирон мыггæгтæ чи хаста, уыдонæй гуырдзиæгтæ цалы бабын кодтой, уый тыххæй дæр. «Мæ хæстæджытæ уыцы азты куыстой Гуры хъуымацуафæн фабрикæйы. Уырдæм сæм фæмидæг сты Гуырдзыстоны æнæформалтæ æмæ æрцахстой Мæргъиты Саркис  æмæ йæ фырт Альберты, Годжыцаты Михаил, Сагкашвили Георги, Туаури Альберты. Фыд æмæ фырты, дам, аластой Гуры районы Плауы хъæуы уæлмæрдмæ, уым сæ амардтой. Дзырдтой, зæгъгæ, дам, марджытæй иууыл æгъатырдæр уыд Елиаури Дато. Ирон туг дзы уыд, йæ фыды мад – ирон, фæлæ йын ирон лæджы тугæй дойны уыд, уæддæр. Цал ироны мардта, уалæн, дам, лыг кодта йæ хъус æмæ сæ хал кодта. Зæгъынц, зæгъгæ, дам æм уыд 22 хъусы. Фыццаг уал, дам, ралыг кодта Саркисы хъус, фырт, ома, мæ фыдæн баххуыс кæнон, Датойыл йæхи ныццавта, фæлæ йæ Датойы æмбæлттæй сæ иу фехста. Уый фæстæ фезнæт сты æмæ Саркисæн дæр йæ хурх ралыг кодтой».

Джиоты Маринæ куыд дзырдта, афтæмæй уыцы азты Хуссар Ирыстон блокадæйы уыд, æрмæстдæр-иу райхъуыстысты, бынæтты кæй мардтой, уыдоны нæмттæ, æцæгæй та Гуырдзыстоны мидæггагон районтæй къаддæр адæмы нæ ныццагътой. Уыдон иуæй цымыдис никæй кæнынц, аннæмæй та бирæ рæстæг кæй рацыд, уымæ гæсгæ хæстæджытæ дæр сæ кой нал кæнынц. Сырдон мардæй кæй хиуæтты акодтой, уыдонæй бирæтæ абон дæр цæрынц се ‘хсæн, нæй сын сæ ныхмæ исты сдзурæн. 

Раст зæгъы Джиоты чызг, махæн нырма Гуырдзыстоны фыдракæндтыл æрдзурæн факттæ бирæ ис, уымæ гæсгæ хъæуы фыссын, агурын, чи нын сæ радзура, ахæм адæмы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.