Хæдзары къона. Æрмæст йæ зæгъынæй дæр нæ цæстытыл ауайынц ирон хæдзар, ирон бинонтæ. Бинонтæ та рæхысы цæгтау хъуамæ кæрæдзийы уарзондзинад æмæ хæлар ахастæй æнгом баст уой, кæрæдзийæ сын ма уа фæиппæрдгæнæн. Æмæ канд сæ кæрæдзийыл æнувыд ма хъуамæ уой, фæлæ уыцы раппæлинаг миниуджытæ æмæ ахастæй рæвдауой æмæ аргъ кæной сæ алыварс цæрæг æмбæстæгтæн дæр. Афтæ куы вæййы, уæд ныфсы хос вæййынц канд сæхицæн нæ, фæлæ æндæртæн дæр. Нæ фыдæлтæм нымады уыдысты бирæсывæллонджын бинонтæ, кадджын та уымæн, æмæ сæрбахъуыды рæстæджы ныфсы хос уыдысты сæхицæн дæр æмæ æндæртæн дæр, фæкæсинаг адæймæгтæм се ‘ххуысы къух æнæмæнг фæдаргъ кодтаиккой.

Абоны рæстæджы дæр зæрдæйæн æхсызгон вæййы, бирæ зæнæг цы хæдзары хъомыл кæны, уыдон уынын æмæ семæ æм-бæлын. Æхсызгон уымæн, æмæ Ирыстоны бинонты къонайыл ныййарджытæ фидар кæй хæцынц, сæ тых æмæ хъару кæй не ‘вгъау кæнынц райгуырæн къуымæн хæрзæгъдау зæнæг схъомыл кæнынæн. Бирæ зæнæджы хицау сты нæ горæты цæрджытæ, æмкъæйттæ Бигъуылаты Валик æмæ Сиукъаты Беллæ дæр. Уыдонæн а-дунемæ рантыст 7 сывæллоны æмæ сæхи нымайынц амондджыныл, царды цы бирæ хæрзтæ ис, уыдон сæйрагдæр хæзнатыл нымайынц сæ зæнæджы. Зæнæджы хистæр Аннæ ахуыр кæны 9-æм къласы, фырт Вениамин – 8-æм къласы, скъоладзаутæ сты Мария, Дауыт æмæ Данил, Вероникæ æмæ Динæ та нырма сывæллæтты рæвдауæндонмæ цæуынц.

Куыд алы æвзонг æмкъæйттæм, афтæ ацы дыууæ ныййарæгмæ дæр дзæвгар фарстатæ уыд сæ сомбоны цард самондджын кæныны тыххæй. Фыццæгтæй сæ иу уыд, цæмæй схъомыл кæной хорз кæстæртæ, цас фылдæр, уыйбæрц – хуыздæр, уæд нæхи амондджыныл нымайдзыстæм, зæгъгæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, кæстæртæ куыд хъомыл кæнынц, афтæ фылдæрæй фылдæр та кæнынц сæ аудинæгтæ. Уыцы ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг хæстæ скъуыддзаг кæнын, сæйраджыдæр, хауы  ныййарджытæм, уыдон æххæст кæныныл æдзухдæр мад æмæ фыд фæархайынц. Хæдзары бирæ аудинæгтæ ис сылгоймагæн: хъæуы сæ сыгъдæгæй æрвитын, хæринагæй сæ цух ма уадзын, стæй се ‘нæниздзинадмæ хъус дарын. Ацы æмæ æндæр ахсджиаг фарстатæ Сиукъиан æххæст кæны. Царды фæлтæрддзинад куыд уынын кæны, афтæмæй зæнæг бирæ куы вæййынц, уæд се ‘гъдау æмæ уагахастæй цæвиттойнагдæр вæййынц, стæй коммæгæс, кæрæдзийыл хъæцынхъом дæр нæ вæййынц. Фæлæ уæддæр сывæллон сывæллон у, дзæвгар вæййынц ныййарджытæн, уæлдайдæр та мадæн, йæ аудинæгтæ йæ рæзинæгты хъомыл кæныны рæстæджы. Зын зæгъæн у, Беллæ цал æгъуыссæг æхсæвы арвыста. Фæлæ уыдон ныййарæг мад мурмæ дæр нæ дары, æрмæст йæ чысыл хуртæ рæзæнт æнæниз æмæ хъæлдзæгæй.

Æрæнцой нæй Валикæн дæр, цæмæй бинонтæ мацы цух уой куыд хæлц, афтæ уæлæдарæсæй дæр. Кусы дзабырхуыйæгæй нæ горæты Цардуагон лæггæдты хæдзары, фæлхасгæнджытæм ын ис уæздан ахаст, цы закъазтæ райсы, уыдон кæддæриддæр æххæст кæны рæстæгыл æмæ гъæдджынæй.

Дыууæ уарзæгой æмкъайыл стыр æхсызгондзинад сæмбæлд, нæ Хицауад сын цæрæнуатæй кæй баххуыс кодта, уый тыххæй. Нæ республикæйы сæргъ Президент Кокойты Эдуард куы уыд, уæд сын Нæузæххонты уынджы 5-æм корпусы балæвар кодтой 2,5 хатæнон фатер. Уыцы арфæйаг хъуыддагыл тынг фæцин кодтой бинонтæ, æмæ бузныгæй баззадысты республикæйы уæды разамынадæй. Фæлæ уæддæр ацы бинонтæ тыхсынц, сæ фатер иуæй къуындæг кæй у, иннæмæй та къултæ кæй уымæл кæнынц. Уымæ гæсгæ цалдæр хатты бахатыдысты горæты администрацимæ, цæмæй сын сæ фарстмæ æркæса æмæ йæ аскъуыддзаг кæна рæстæгыл.

Абон у Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон бон æмæ ацы кæстæртæн нæ зæрдæ зæгъы, цæмæй рæзой сыгъдæг арвы бын, æмæ фидæны цардаразджыты æмрæнхъ лæууой сæрыстырæй.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.