Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав арфæйы фыстæг æрæрвыста Бибылты Анатолимæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны территоримæ фидауынгæнæг тыхты æрбакондыл 25 азы кæй сæххæст, уый цытæн.

Арфæйы фыстæджы дзырдæуы:

«Цытджын Анатоли Ильяйы фырт!

Абон мах нысан кæнæм нысаниуæгджын бон – Республикæ Хуссар Ирыстоны территоримæ фидауынгæнæг тыхты æрбакондыл 25 азы сæххæсты бон. Уыдон æрцыдысты, цæмæй æруромой дарддæры тугкалд, бахъахъхъæной сабыр цæрджыты, аиуварс кæной, развæлгъау базонæн цæмæн нæй, ахæм катастрофæйæ тæссаг æнамонддзинад.

Æхсæрдæс азы дæргъы, кæдон уыдысты зын, вазыгджын æмæ æндыгъд, ахаста фидауынгæнæг тыхты мисси. Æхсæрдæс азы дæргъы æртæ мотоæхсæг батальоны хæстонтæ æппæтдæр арæзтой, цæмæй конфликты зонæйы бахъахъхъæной стабилондзинад æмæ сабырад. Сæ цытджын хъахъхъæнджыты нæмттæ Хуссар Ирыстоны адæм, кæцы абон аразы ног, ныфс мæ ис, амондджын цард, никуы ферох кæндзысты.

Уадз, Республикæ Хуссар Ирыстоны территоримæ фидауынгæнæг тыхты æрбаконды 25 азы сæххæсты бон суæд фæмардуæвджыты мысæн бон æмæ сын сæ хъæбатырдзинадмæ, ныфсхастдзинад æмæ æхсармæ Ирыстоны бирæнацион адæмы стыр цыты ахасты бон».

Республикæ Хуссар

Ирыстоны Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.