Сочæйы авиакатастрофæйы фыдуацыл æрхæндæгæй сæмбæлдысты Хуссар Ирыстоны цæрджытæ се ‘ппæт дæр. Уый тыххæй сæ хъуыдытæ загътой цалдæрæй:

 

Плиты Инна,  пенсиисæг: 25 декабры райсомæй телевизор куы баиу кодтон, уæд базыдтон хæдтæхæджы æрхауды фыдуац. Тынг фæмаст кодтон, мæ зæрдæ фæрыст фæмардуæвджыты тыххæй æмæ æнæхъæн бон дæр ме онг нал истон. Уæлдай тынгдæр фæмаст кодтон  дохтыр Елизавета Глинкайы амæлæтыл, уымæн æмæ «дохтыр Лиза» (фырбуцæн æй афтæ хуыдтой) бирæтæн баххуыс кодта, бирæты фервæзын кодта мæлæтæй. Донбассы дæр æмæ Сирийы дæр бирæ сывæллæтты байста мæлæты дзæмбытæй. Хæст не ‘взæрста стыр æмæ чысылы. Фыдызнаджы нæмгуытæй цæф сывæллæты-иу Уæрæсейы рынчындæттæм æрласта. Уыимæ иумæ ма æмбырд кодта гуманитарон æххуыс æмæ йæ ласта Донбассмæ дæр æмæ Сиримæ дæр. Ныр дæр гуманитарон æххуыс Сиримæ ласта.

Конфликты зонæтæм цæугæйæ-иу дохтыр Лиза арæх дзырдта, зæгъгæ, гæнæн ис ацы балц мæ фæстаг балц суа, фæлæ уæддæр цæуын. Æмæ æцæгæйдæр, ацы хатт йæ билет ист уыд иуырдæм.

Диссаг уый у, æмæ гуманитарон æххуысс æндæр хæдтæхæгыл фæхæццæ Сиримæ, фæлæ йæхицæн йæ цард аскъуыд æрдæг фæндагыл…

Тынг зын мын уыд Александровы номыл ансамлы, артисттæй бирæтæ кæй бабын, уый дæр. Алы хатт дæр-иу тыхон структурæты бæрæгбонты тынг æнхъæлмæ кастæн сæ концертмæ. Ныр дæр сæм, æвæццæгæн, цинимæ тынг æнхъæлмæ кастаиккой Сирийы уæвæг уæрæсейаг æфсæддонтæ, фæлæ сæ цин фыдохмæ раивта. Уый стыр трагеди у.

Кокойты Валя, службæгæнæг: Райсомæй магазинмæ дзул æлхæнынмæ куы рацыдтæн, уæд мын мæ сыхаг æрхæндæгæй радзырдта авиакатастрофæйы тыххæй.  Тынг уæззау мын уыд ацы трангеди. Тынг мæ зæрдæ фæрыст ног азы къæсæр уыйбæрц адæмы фæмардыл.

Тынг ма фæмаст кодтон, авиакатастрофæйы цы журналисттæ уыд, уыдоны тыххæй дæр. Рухсаг уæнт се ‘ппæт дæр.

Тедеты Мухтар, пенсиисæг: Авиакатастрофæйы тыххæй куы фехъуыстон уæд мын тынг зын уыд. Уæдæй нырмæ мæ хъуыдыйæ нæ хицæн кæнынц, уымæн æмæ Ног азмæ алчи хорздзинæдтæм фенхъæлмæ кæсы. Æвæццæгæн авиакатастрофæйы фæмардуæвджытæ дæр æмæ сæ бинонтæ дæр сæхи цæттæ кодтой ногазон бæрæгбоныл хъæлдзæгæй сæмбæлынмæ, фæлæ сæ хъысмæт фæсайдта. Уыцы хæдтæхæгыл чи бадт, уыдон сæ Ног азыл нал сæм-бæлдысты, сæ хæстæджытæ æмæ хиуæттæн дæр  сæ бæрæгбон ссис æрхæндæг бон.

Дзæнæты рухсы бадæт фæмардуæвджытæ се ‘ппæт дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.