Ивгъуыд къуырийы кæрон мах, информацион фæрæзты  минæвæрттæ, бабæрæг кодтам Ленингоры районы поселок, фæлхасадон товартæй куыд ифтонг у, цæрджыты царды уавæртæ  куыд сты æмæ сæ цы тыхсын кæны, уыдæттæ базоныны тыххæй. Ацы районы цæрджытæй бирæтæ стыр æнæразыдзинад æвдисынц Гуырдзыстонимæ арæныл контролон-уадзæн пункт «Раздæхæн» ивгъуыд аз сентябры мæйæ фæстæмæ æхгæд кæй уыд, уый фæдыл. Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад ацы уадзæн пункт рæстæгмæ æрæхгæдта Гуырдзыстоны архæйдтытæн дзуаппæн – гуырдзиаг тыхон структурæтæ Хуссар Ирыстоны территорийыл Знауыры районы Уисты хъæуы æнæзакъонон полициæгты пост куы æрæвæрдта, уымæн.

Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад йæ районы цæрджыты социалон æмæ æндæр уавæртæ хынцгæйæ, цалдæр боны байгом кодта бæрæг цæрджыты категорийæн уадзæн пункт – уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг æмбæстагдзинад цы цæрджытæн нæй, уыдонæн. Уыдон, сæйраджыдæр, сты пенсийы кары адæм, пенситæ дæр исынц Гуырдзыстоны территорийыл  æмæ сæ уый тыххæй æрвылмæй бахъæуы уырдæм цæуыны сæр.

Ленингоры цæрджытæ йемыдзаг микроавтобустыл тагъд кодтой…

Ацы хъуыддагæн æвдисæн систæм мах дæр. Ленингоры поселочы бæрæг бынаты сæумæрайсомæй рæгъæй лæууыдысты «Газель» маркæйы микроавтобустæ. Уыдонæй алкæцыйы дæр уыд дурнад голджытæ, егъау хызынтæ – зымæгмæ хæлцадон фæсауæрцтæй. Ацы нывтæм кæсгæйæ, мæ зæрдыл æрлæууыд, раздæры Еред æмæ Чъехы хъæутыл цæугæйæ, Уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхтæ колоннæйæ куы хизын кодтой нæ цæрджыты, уыцы тыхст рæстæджытæ.

Ам дæр афтæ – хæдтулгæты бадт дыууæйæ фондз адæймагмæ, иннæ бынат ахстой æрвитæггæгтæ, чи та æрмæст хызын æрвыста йæ хиуæттæн – фæлæ дзы уыдонæн дæр бынат нал уыд. Стæй дæр уыцы шофыртæ æрвитæггæгтæй бæрæг фылдæр аргъ исынц, бæлццæттæм абаргæйæ. Шофыртæй сæ иу гуырдзиаг æвзагыл снаггаг кодта ацæргæ сылгоймаджы, зæгъгæ: «дæ чъизи хызын ма кæм æвæрыс, нæ уыныс, бынат дзы нал ис?». Шофыртæ дæр,  мах куы федтой, уый сын бынтон æхсызгон нæ уыд æви уадзæн пункт куы æрæхгæной, уымæй тарстысты – бынтон дзураг нæ разындысты – тагъд кодтой…

Уыдонæй сæ иу – Тенгиз куыд дзырдта, уымæ гæсгæ Гуырдзыстонмæ тагъд кæны йæ сывæллæттæ æмæ уыдон сывæллæттæм. Нæ фарстæн, ома, атæппæт уæзтæ кæдæм æмæ цæмæн ласыс? – дзуапп радта, зæгъгæ, сæ ласын мæ сывæллæттæн, сты мæхи цæхæрадонæй æркæнгæ хъæууонхæдзарадон продукци. Бынæттон къухдариуæгад цахæм хъусдард здахы йæ районы цæрджытæм, цахæм проблемæтыл æмбæлынц æрвылбонон царды – æппæтæй дæр уыд райгонд, нæ районы къухдариуæгад нын, зæгъгæ, кæнынц алыфарсон æххуыс.

«Уадзæн пунктыл иу адæймагæн бар ис æмæ сæдæ килограммы уæз аласа», – дзырдта Тенгиз.

Бæлццæттæй сæ иу Манолия Хинчагашвили нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ уый дæр йæ сывæллæттæн Гуырдзыстонмæ ласы картоф, хъæдур, цыхт, фæткъуытæ…

«Раздæр куыд цардыстæм, ныр дæр афтæ цæрæм. Иу проблемæ нын æнцойад нæ дæтты, уадзæн пункт æхгæд кæй вæййы, уый. Уымæн æмæ нæ куы дохтыртæм цæуыны сæр бахъæуы, куы нæ сывæллæттæм ацæуын, кæй зæгъын æй хъæуы, æрымысæм сæ, сæхицæн ардæм æрбацæуыны бар нæй, арæны уагæвæрдмæ гæсгæ» – дзырдта уый.

Районы гуырдзиаг цæрджыты бартæ мыййаг  хæлд цæуынц? – ацы фарст кæронмæ не схауд нæ дзыхæй, афтæ нын æмхъæлæсæй загътой, зæгъгæ, – ницæй тыххæй, цæрæм, раздæр куыд цардыстæм, афтæ. Бирæ бæлццæттæ нæ сæхи æмбæхстой, бирæтæ та нын æппындæр нæ дзуапп кодтой, ома, нæдæр иронау æмбарæм, нæдæр уырыссагау.

Базуашвили Серго дæр хæлцадон продукттæ ласта Гуырдзыстонмæ йæ цæуæтæн. Мæ пенси, зæгъгæ, райсдзынæн, æмæ фæстæмæ æрбаздæдзынæн абон. Гуырдзыстонмæ цæрынмæ ацæуыны фæнд кæны æви нæ, уый тыххæй нын афтæ загъта: «Ницæй тыххæй, мæнæн мæ хæдзар ис ам  æмæ никæдæм  цæуын ардыгæй». Поселочы цæрæг, ацæргæ Дзебысаты Гурам бирæ рæстæг цард æмæ куыста Норильскы горæты. Йæ фырт ныр дæр уым цæры, æмæ мын, зæгъгæ, афтæ «Уæрæсейы территорийыл дæ кæм хъæуы хæдзар, уым дын балхæндзынæн», фæлæ æз ам райгуырдтæн, ам фæцардтæн æмæ ардыгæй никуыдæм цæуынвæнд кæнын.

Гуырдзыстонмæ цæуæг бæлццæттимæ аныхас кæныны фæстæ мах дæр араст стæм сæ фæдыл суанг фæхуымæтæггонд уадзæн пункт «Раздæхæн»-ы онг. Уым æнхъæлмæ кæсгæйæ баййæфтам дыууæ нæлгоймаджы. Уыдон уыдысты æфсымæртæ, сæ иу цæры Гуырдзыстоны  æмæ æрбацыд Ленингормæ йæ фыды дыууиссæдзæм кæнды бонмæ. Семæ ныхасгæнгæйæ, уыдон дæр банысан кодтой иу проблемæ –  арæн æмæ ууыл хизыны хъуыд-даг.

Дуканиты нæй хæлцадон продукттæ æмæ æндæр хъæуæг

фæсауæрцты хъуагдзинад

Поселочы цы дуканитæ ис – хæлцадон, фæлхасадон, афтиæгтæ – уыдоныл азилгæйæ æмбæрстгонд уыд иу хъуыддаг, бирæ «зæрдæрисгæ» æхсæнадон активисттæ куыд фыссынц, ома Гуырдзыстонимæ арæн æхгæд кæй у, уымæ гæсгæ Ленингоры ис хæлцадон æмæ æндæр цæрынæн фыццаградон фæсауæрцты егъау хъуагдзинад, уый мæнг провокаци кæй у. Базарадыл хæст æмбæстæгтæ сæ уæйгæнæн объекттæм товартæ ласынц Хуссар Ирыстонæй. Хъаст дæр ма кæнынц, æлхæнæг сын уадиссаг кæй нæй. Мах абарст сарæзтам горæт æмæ ацы районы цахæм æргътæ ис, уыдон æхсæн, æмæ нæ дисы ницы бафтыдта, уый нæ, фæлæ ма республикæйы æндæр районты хатт фенæн ис, ацы районимæ абаргæйæ, сæ æргътæ фылдæр кæй сты продукттæ, медицинон препараттæ   æмæ æндæр цардуагон фæрæзтæн.

Рынчындоны нæ уыд иунæг грипп кæнæ æндæр вирусон низæй рынчыны дæр 

Ленингоры районон рынчындоны медицинон персонал райгондæй сæмбæлдысты информацион фæрæзты минæвæрттыл. Рынчындоны сæйраг дохтыр Гобозты Зураб нын куыд ра-дзырдта, уымæ гæсгæ сæм горæтмæ абаргæйæ иу рынчын дæр нæй грипп æмæ æндæр вирусон низтæй. Æрмæст поселочы нæ, фæлæ æгас районы дæр. Уымæ гæсгæ скъолатæ æмæ сывæллæтты рæвдæуæндæттæ кусынц штатон режимы. Ацы хæрзиуæгон хъуыддаг сæйраг дохтыр бæтты, йæ рæстæджы цæр-джытæ низты ныхмæ æмбæлон вакцинаци кæй сарæзтой, уыимæ.

Рынчындоны нæ уыд бирæ рынчынтæ. Зурабы ныхæстæм гæсгæ æрвылбон дæр рынчындоны вæййы дæс адæймаджы бæрц. Æнæниздзинад хъахъхъæныны объект ифтонг у æнæмæнгхъæуæг медицинон ифтонггæрзтæй. Фæлæ хатт кæцыдæр рынчыны бæрзонд-технологон æххуыс бакæныны тыххæй æрвитынц горæт Цхинвалмæ.

Ныртæккæ æргом дзырд цæуы республикæйы цæрджыты æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл бирæ медицинон препаратты хъуагдзинады тыххæй. Ацы хъуыддаг ацы уагдоны куыд у, уый фæдыл сæйраг дохтыр афтæ радзырдта: «Абоны онг  нæ баййæфтам хъуагдзинад. Æрмæстдæр, хатырон уавæрты æнæаргъæй ифтонг цы æмбæстæгтæ цæуынц хостæй, уыдонæй æртæ препаратæй стæм цух, фæлæ æввахс рæстæджы уыдон дæр райсдзыстæм».

Поселочы рынчындонæй дарддæр ма районы хъæуты архайынц ФАП-тæ. Уыдон дæр ифтонг сты, фыццаградон æххуыс бакæнынæн цы хъæуы, уыцы медицинон фæрæзтæй», – дзырдта Гобозы фырт.

Куыд ма банысан кодта, уымæ гæсгæ бирæ рынчынтæн сыхаг бæстæйы цы медицинон хостæ рафыссынц, уыдон нæ вæййынц рынчындоны, фæлæ сæ цы уæрæсейаг препараттæ ивынц, уыдон сын раттынц, фæлæ ууыл нæ фæразы кæнынц бирæтæ…

Районон рынчындон кæд алыварсонæй ифтонг у æнæмæнгхъæуæг фæрæзтæй, уæддæр хъуаг æййафы специалисттæй, нæй дзы педиатр, гинеколог, кæд ифтонг у УЗИ – йы нырыккон ифтонггарзæй, уæддæр дзы нæй уыцы УЗИ аразæг, рентгенолог, лаборант æмæ æндæртæ.  Операцион блок дæр ифтонг у æнæмæнгхъæуæг фæрæзтæй, фæлæ дзы операцитæ нæ арæзтæуы. Ам бынаты арæзт цæуы бирæ алыгъуызон анализтæ, фæлæ уыдон дæр æххæстæй нæ. Бирæты дзы æрвитынц Цхинвалы лабораторимæ.

Рынчындоны сæйраг дохтыр æхсызгонæй банысан кодта, æрæджы сын бæстæйы къухдариуæгад «тагъд æххуыс»-ы УАЗ хæдтулгæтæ кæй балæвар кодта, уый. Уымæн æмæ уымæй размæ архайдтой «Газель» хæдтулгæтæй, æмæ уыдон уæздандæр фæндæгтæн кæй сты, уымæ гæсгæ арæх хæлдысты. Ныр сæ уавæр бæрæг хуыздæр уыдзæн, уымæн æмæ æххуыс бахъæуы районы дæрддаг хъæуты цæрджытæн.

Мах азылдыстæм рынчындоны палатæты. Рынчынтимæ аныхас кодтам, куыд райгонд сты уавæртæй, медперсоналæй. Сæ иу – Фаризæт нын арфæтæ ракæныны фæстæ загъта, зæгъгæ, мæ ме ‘нæниздзинад дæр афтæ куынæ тыхсын кæнид, дохтыртæ æмæ иннæ кусджытæй куыд райгонд дæн.

Районы рынчындоны сæйраг дохтыр æмæ иннæ медперсонал хатынц æмæ сидынц, нæ бæстæйы медицинон ахуырад кæмæ ис, æмæ йæ æмбæстæгты æнæниздзинадыл аудын кæй зæрды ис, чи сыл тыхсы, æппæт уыдонмæ. Æхсызгон сын уаид, цы специалисттæй æййафынц хъуагдзинад, уыдон сæм куы ‘рцæуиккой, уый.

Рынчындоны нервопатолог Бедойты Джемал цард горæт Казаны, ныр æрцыд æмæ кусы ацы рынчындоны. Терапевтæй дзы кусы бынтон æвзонг лæппу, уый дæр горæтæй ацыд уырдæм кусынмæ, (хъыгагæн нын нæ бантыст йемæ аныхас кæнын, йæ рынчынæй йæ кæй не ‘вдæлд, уымæ гæсгæ).

Иуныхасæй, Ирыстоны хуссар хай – Ленингоры район дæр бонæй бонмæ ивы йæ хуыз. Республикæйы иннæ районтæ æмæ горæттау уый дæр рæзы, раст цыма йæ зæронд пæлæз аппæрста æмæ ног скодта, афтæ. Поселочы сæйраг фæндæгтæ капиталон цалцæг кæй æрцыдысты, уымæй сулæфыдысты цæрджытæ, науæд уыдон дæр тыхстысты рыгæй. Дарддæр Инвестпрограммæйы фæлгæтты ноджыдæр рæздзысты бирæ социалон нысаниуæджы объекттæ, адæмы хæрзвадат цард æмæ уавæртæ фæхуыздæр кæныны нысанæн.

Уæдæ нын рæз æмæ æндидз ноджыдæр Ирыстоны уазæгуарзон къуымтæй сæ иу – Ленингор!

Фæстæмæ здæхгæйæ…

Рæдау фысымтæй нæхи раскъуыдтам æмæ нæ балц ракодтам нæ куыстытæм. Алчидæр йæ мидхъуыдыты тагъд кодта йæ кусæн бынатмæ, зæгъгæ, тагъддæр равдисæм нæ репортажтæ, чи – гæххæтмæ, чи интернеты хызæджы алы сайттæм. Фæлæ лæг куыд хъуыды кæны, бынтон афтæ нæ вæййы.

Ленингоры районмæ фæндаг бæрзонд, хæххонвадат у.  Фæстæмæ здæхгæйæ, раст цыма зымæг уæдмæ дард балцы уыд æмæ йæ бартæ уæд райста, афтæ митуард нал лæууыд. Фæндагыл дыууæ метрмæ дæр адæймаджы цæст тыххæй æвзæрста йæ развæндаг. Митуардæн уыд фæстиуджытæ – æрдæгвæндагыл фæсвæд цы пырх хæдтулгæ урæд уыд, уый йæхи, æвæццæгæн, бетъон къулыл бацавта, æмæ æнхъæлмæ каст, кæд æй аласдзысты, уымæ. Сабыргай, фæлæ цыдыстæм мах дæр, кæм ныл фæндагыл рувас æмбæлд, кæм – цы…

Иурæстæджы нæ фæрсты фæсарæйнаг уагъд хæдтулгæ ацъелф кодта.  Цасдæр ма ауадыстæм, æмæ йæ æрæййæфтам. Хъыгагæн фæндагæн рахизфарс ахауд, зымæгон цæлхытæ йыл кæй нæ уыд, уый аххосæй. Йæ шофыр, хорз у æмæ  ницы ныццавта, цыд Хъанчаветæй, уым службæ кæны уæрæсейаг æфсады æмæ йæ сменæйæ тагъд кодта хæдзармæ, Цæгат Ирыстонмæ.

Шофыр шофыры фæндагыл тыхст рæстæджы нæ уадзы – уый ноджыдæр федтам мах, кæд уазал уыд, тагъд кодтам, уæддæр нæ шофыр йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кодта, уæззау уавæры цы лæппу бахауд, уымæ. Фæдзырдта Уæлвæткон уавæрты министрадмæ, уыдон рарвыстой ирвæзынгæнджыты бригадæ. Уымæн æмæ фæндаггоны машинæ фæсвæндагæй сласыныл архайдта йæ хæдтулгæйы руаджы Громы скъолайы директор Къусраты Дауыт, фæлæ – дзæлгъæды.

Ахæм уыд нæ цымыдисон балц, журналистты къордæн Ленингоры поселокмæ æмæ фæстæмæ.  

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.