Дзæуджыхъæуы уагъд æрцыд спорты сгуыхт дæсны Гасситы Мураты призтæ рамбулыны сæраппонд регионалон турнир боксæй. Ерысты 6 сыгъзæрин майданы рамбылдтой хуссарирыстойнаг спортсментæ. Фыццаг бынæттæ бацахстой Коцты Андрей, Гуыцмæзты Тамерлан, Гуыцмæзты Руслан, Цхуырбаты Арсен, Джиоты Марат æмæ Дзигойты Гурам. Уый тыххæй хъусын кæны Боксы скъолайы директоры хæдивæг Кокойты Ирбег. Турниры ма «Хуыздæр техникæйы приз»-æй та хорзæхджын æрцыд Гæджиты Гурам.

Спортсменты бацæттæ кодтой Куымæридтаты Родион, Тедеты Александр æмæ Дзигойты Ацæмæз.

КУЫСТ ЦÆУЫ СТАДИОНЫ АРÆЗТАДЫЛ

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг социалон хызæгты йæ официалон фарсы куыд фехъусын кодта, афтæмæй дарддæр дæр куыст цæуы Дзæуджыхъæуы стадион «Спартак»-ы арæзтадыл. Ныртæккæ куыстытæ цæуынц хурскæсæн æмæ хурныгуылæйнаг трибунæтыл. Кусджытæ архайынц дыууæ сменæйы.

«Арæзт цæуынц хурскæсæйнаг трибунæйы вертикалон монолитон конструкцитæ. Афтæ ма куыст цæуы дыууæ контролон-уадзæн пункттыл», — ныффыста Сергей Меняйло.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, подрядон план кæны инженерон коммуникацитæ æмæ скæсæйнаг трибунæты гæрæнтæ (перегородка) саразынмæ æрæвналын. Республикон стадион «Спартак»-ы реконструкци планмæ гæсгæ фæуыдзæн 2023 азы. Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ стадионы цæудзæн 15 мин спортуарзæджы бæрц. Уæрæсейы премьер-къорды уагæвæрдмæ гæсгæ чемпионаты архайæг командæты стадионы хъуамæ æппын къаддæрæй цæуа 10 мин спортуарзæджы.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.