10-æм февралы уагъд æрцыд 2015-2017 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныныл контролы фæдыл штабы радон рабадт. Уагъта йæ Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти. Рабадты хайад истой профилон министрадтæ æмæ ведомствоты, подрядон организациты, контролгæнæг органты къухдариуæггæнджытæ.

Куыд фæтк, афтæ ацы рабадты дæр уынаффæ цыд, Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы объекттæ арæзт цæуынц, уыдоны куыстытæ адарддæр кæныныл, цахæм проблемæтæ сæвзæры сæ разы æмæ сæ куыд аиуварс кæнын хъæуы, афтæ ма ивгъуыд рабадты цы хæслæвæрдтæ радтæуыд, уыдон куыд æххæст æрцыдысты, уыдоныл æмæ æндæр фарстытыл дæр.

Рабадты райдианы Хицауады Сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй Инвестицион программæ реализаци кæнын у республикæйы Хицауады архайды сæйрагдæр здæхт. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Инвестицион программæ, раздæрау у нæ республикæйы рæзты, йæ инфраструктурæ йын æндидзын кæныны, экономикæйы реалон секторы рæзты бындур. «Эксплуатацимæ цы объекттæ дæттæм, уыдонæн сæ нысан у республикæйы цæрджыты царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын æмæ ацы аз, мах ахæм объекттæ эксплуатацимæ раттын хъæуы нæ царды æппæт къабæзты дæр», – загъта Хицауады Сæрдар.

Рабадты рæстæджы уынаффæ цыдис Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзтцæуæг объектты фарстытыл. Сæрмагондæй æркастæуыд республикæйы Паддзахадон исад æмæ зæххы фæдыл ахастыты комитет мæйы æмгъуыдмæ цы фарст хъуамæ аскъуыддзаг кæна, уымæ. Уый та у балансмæ райсын кæй хъæуы, уыцы арæзт объектты номхыгъд кæронмæ бакусын.

РХИ-йы Паддзахадон исады æмæ зæххы фæдыл ахастыты комитеты сæрдар хыгъд радта æмæ банысан кодта, зæгъгæ, мах кусæм ацы фарсты фæдыл цалдæр здæхты. Уыдон сты Къуайсайы уынджы 3 цæрæн хæдзары, Тæболты Сергейы уынджы 2 хæдзары, «Хурзæрин»-ы микрорайоны 20 коттеджы æмæ 9 цæрæн хæдзары та ног микрорайоны. Æдæппæт сты 34 хæдзары.

Профилон ведомствотæ æмæ министрадты къухдариуæггæнджытæн Хицауады Сæрдар бахæс кодта, цæмæй æввахс рæстæджы скъуыддзаг æрцæуа зæххы фадгуытæ дæттынæн бары гæххæтты проблемæ æмæ райст æрцæуой балансмæ.

Хицауады Сæрдар сæрмагондæй банысан кодта, арæзтадон организаци арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «СоюзСтройПроэкт» оперативонæй кæй нæ кусы хыгъдон документаци аразыны фæдыл, æмæ сæ бафæдзæхста, цас цæсгомджынæй кусынц документациимæ, уый бæрæг кæй цæудзæнис подрядчикы офисы.

Уымæй дарддæр ма йæ нæразыдзинад равдыста, кæй фæхуыдтой, уыцы къухдариуæггæнджытæ æмбырдмæ цас цæттæ уыдысты, уый тыххæй. Æмæ Хицауады аппараты къухдариуæггæнæг Гаглойты Олегæн бацамыдта, цæмæй карздæрæй контроль кæна алы министрад æмæ ведомствойыл дæр, Хицауады Сæрдары хæслæвæрттæ куыд æххæст цæуынц, уый фæдыл.

«Æрæвæргæ хæстæн æппæтварсон анализ æмæ уымæн йæ куысты фæстиуæг  – растдæр уый домын æз алы къухдариуæггæнæгæй дæр», – банысан кодта Хъуылымбегты Доменти алы форматы æмбырдмæ дæр лæмбынæг цæттæ кæныны æнæмæнгхъæуындзинадмæ æрæмбырдуæвджыты хъусдард аздахын.

Рабадты ма æркастæуыд Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадæн медицинон кластеры объектты проектгæнджыты интенсификацийы фарстмæ. Сæр-магондæй, дзырд цыд гуырæн хæдзары тыххæй, цæмæй куыстытæ баконд æрцæуой сфидаргонд æмгъуыдты. Афтæ ма уынаффæ цыдис 2017 азæн Инвестпрограммæмæ хаст æндæр объекттыл дæр.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.