Азылдысты арæзтадон объекттыл

Ацы бонты нæ республикæмæ кусæгон балцы æрцыдысты Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министры хæдивæг Игорь Кошин æмæ Хæдбар Паддзахады Æмхæларады паддзахадтæ-хайадисджытæ Республикæ Абхаз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстонимæ социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл УФ-йы Президенты управленийы хистæры хæдивæг Денис Травин.

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмæ РХИ-йы Арæзтады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард уазджытæн фенын кодтой Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзтæрцæуæг университетон комплекс æмæ арæзтцæуæг паддзахадон драмон театры бæстыхай. Фыццаг уал уыдон бацыдысты университетон комплексмæ. Куыд зонæм, афтæмæй уый арæзт у 800 студентæн. Марты мæйы уым сæ ахуыр райдыдтой студенттæ. Игорь Кошин æмæ Денис Травин федтой ахуыргæнæн аудиторитæ, кусæгон кабинеттæ, спортивон зал æмæ хæрæндон. Бацыдысты университеты 2-аг корпусмæ дæр. Ам дæр азылдысты кабинеттыл æмæ ахуыргæнæн аудиторитыл æмæ баззадысты райгондæй. Игорь Кошин загъта, зæгъгæ, æрмæст Цæгат Кавказы хуыздæр ахуыргæнæндæттæй сæ иу нæу, фæлæ ма Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуыргæнæндæттæй дæр æмæ, зæгъгæ, дзы республикæйæн аккаг фæлтæр кæй хъомыл кæндзысты, уымæй мæ ныфс ис. Уый тыххæй та ам арæзт æрцыд æппæт уавæртæ дæр. Хуссар Ирыстоны тыххæй дæр Игорь Кошин нæ баурæдта йæ тæлмæнтæ æмæ банысан кодта, уый у диссаджы бæстæ æмæ дзы, сæйраджыдæр та, кæй цæрынц хорз адæм, кæцытæ зæрдæбынæй уарзынц сæ райгуырæн бæстæ. «Æз федтон, бæстæйы размæцыдæн, йæ цæрджыты царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынæн нырма кæй хъæуы бирæ саразын. Уый аккаг сты йæ цæрджытæ. Æмæ мæн ныфс ис республикæйы разамынады, Президенты архайды руаджы, уый къухты кæй бафтдзæн. Ацы хъуыддаджы уын æххуыс кæндзæн Уæрæсейы Федераци дæр. Æнгом æмкуыст кæнгæйæ, махæн нæ къухты бафтдзæн уæвæг проблемæтæ аиуварс кæнын», – загъта Игорь Кошин.

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик дæр йæ фæндиæгтæ загъта студенттæн, цæмæй сæ зонындзинæдтæ фылдæрæй фылдæр кæной, уый тыххæй сын арæзт кæй æрцыд æппæт уавæртæ дæр. Загъта ахæм ныфс æмæ аккагæй кæй ивдзысты хистæр фæлтæры. Уазджытæн та загъта стыр бузныджы ныхæстæ, рæстæгæй рæстæгмæ сæм кæй æрцæуынц æмæ кæй зонгæ кæнынц нæ республикæйы уавæримæ, кæй йын ахъаз кæнынц йæ размæцыдæн, уый тыххæй.

Фысымтæ æмæ уазджытæ дарддæр сæ фæндаг акодтой паддзахадон драмон театры арæзтадмæ. Уым сыл фембæлд Президент Бибылты Анатоли. Уымæн театры арæзтад æдзух ис йæ цæстдарды бын. Ныр дæр арæзтады къухдариуæггæнджытæн уый загъта, цы цухдзинæдтæ дзы бафиппайдта, уыдоны тыххæй. Аразджытæ ныфс бавæрдтой, уыдон цыбыр рæстæгмæ иуварс кæй æрцæудзысты æмæ объект эксплуатацимæ лæвæрд кæй æрцæудзæн ацы мæйы кæрон.

 

Ныхас – уазæгдон «Ирыстон»-ы арæзтадыл

Уазæгдон «Ирыстон»-ы арæзтады фæдыл Президент Бибылты Анатолиимæ дзырдтой Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министры хæдивæг Игорь Кошин, Хæдбар паддзахадты æмхæларады Паддзахадтæ-хайадисджытæ Республикæ Абхаз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстонимæ социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл УФ-йы Президенты управленийы хистæры хæ-дивæг Денис Травин, Президент цы æмбырд ауагъта, уым.

Æмбырды куысты ма хайад райстой Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь, РХИ-йы Экономикон рæзты министр Кокойты Геннади, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард, уазæгдон «Ирыстон»-ы инвестор Бердиаты Вадим æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ.

Президент райдианы раарфæ кодта уазджытæн æмæ уый фæстæ æрдзырдта, нæ адæм Хуссар Ирыстоны разамынады раз цы хæстæ æвæрынц, уыдон здæхт кæй сты республикæйы рæзтмæ æмæ сæ кæй хъæуы æххæст кæнын.

Куыд загъта, афтæмæй, райдыдта 2018-2019 азтæн Инвестпрограммæ реализаци кæныны рæстæг. План цæуы уазæгдон, сывæллæтты рæвдауæндон, фæндæгтæ æмæ æндæр социалон нысаниуæджы объектты арæзтад.

Бибылты Анатоли бузныджы ныхæстæ загъта уазджытæн, Хуссар Ирыстонмæ сæ æдзухон хъусдарды тыххæй æмæ ныфс бавæрдта, иумиаг тыхтæй æппæт объекттæ дæр реализаци кæй æрцæудзысты, уымæй.

Игорь Кошин дæр йæ раныхасы банысан кодта, æхсызгон ын кæй у Инвестпрограм-мæйы объектты арæзтады æвæрццаг динамикæ кæй æнкъардæуы, уый. Æз, зæгъгæ, райгонд дæн нæ куыстæй, регуляронæй кæй æмбæлæм æмæ кæй æруы-наффæ кæнæм карздæр проблемæтыл, кæй ссарæм фæндаг сæ аскъуыддзаг кæнын-мæ.

Уазæгдон «Ирыстон»-ы арæзтады тыххæй æмбырды хайадисджытæн радзырдта йæ инвестор Бердиаты Вадим.

«Арæзтадон документаци æмбæлон уагмæ æркæныны фæстæ махæн бар лæвæрд æрцæудзæн йæ арæзтадæн æмæ уæд ацæудзæнис аванс дæттыны хъуыддаг», – загъта уый.

Дарддæр æмбырд  уагъд æрцыд æхгæд дуæртты.

Кусæгон æмбырд Инвестицион программæ реализаци кæныны фæдыл

Зындгонд куыд у, афтæмæй ивгъуыд азы кæрон Цхинвалы ауагъд æрцыд Æхсæнхицауадон къамисы рабадт. Уым райст æрцыд 2018-2019 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ. Йæ реализаци кæныны фарстытыл дзырд цыдис, 3-æм апрелы РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй цы æмбырд  уагъд æрцыд, уым. Хайад дзы райстой  Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министры хæдивæг Игорь Кошин, Хæдбар паддзахадты æмхæларады Паддзахадтæ-хайадисджытæ Республикæ Абхаз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстонимæ социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл УФ-йы Президенты управленийы хистæры хæдивæг Денис Травин, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Хицауады æндæр бæрнон кусджытæ, подрядон организациты минæвæрттæ.

Æмбырд байгом кодта Бибылты Анатоли æмæ цалынмæ ныхасы бар Арæзтады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуардæн   радта, уæдмæ йе ‘нæразыдзинад равдыста Цæгат Ирыстонæй проектгæнджытæм. Уыдон проект кодтой Ленингоры скъола æмæ Орчъосаны рæвдауæндоны бæстыхæйттæ. Сæ куыст сын уый банымадта, куыд адæмæй, афтæ аразджытæй дæр хынджылæг кæнын æмæ банысан кодта, зæгъгæ, дарддæр афтæ куы кусой, уæд сын бахъæудзæн  хæрзбон зæгъын.

Зæгъойты Эдуарды ныхас, сæйраджыдæр, уыд Инвестпрограммæ реализаци кæныны фæлгæтты цы проектон документацийыл куыст цæуы, ууыл. Арæзтады æппæт объектты дæр хъуамæ хынцыд цæуой инженерон хызæгтæ баиу кæнын æмæ сын хъуамæ уа æмбæлон проекттæ, нысан цæуой сметæйон хæрдзтæ. Фæндæгтæ аразгæйæ хъуамæ хъахъхъæд цæуой арæзтадон нормæтæ æмæ фæткойтæ, кæцытæ хъуамæ ифтонг кæной фæндагон змæлды æдасдзинад, хæрзарæзт цы уынгтæ æмæ социалон объекттæ цæуынц, уыдон хъуамæ уой æмбæлон æмæ гъæдджын æрмæгæй арæзт. Транспортон фæрæзты лæууæн бынæтты рахицæн хъæуы инвалид адæймæгтæн бынæттæ. Афтæ ма банысан кодта къорд æндæр домæны. Президенты бахæсмæ гæсгæ уыцы домæнтæ хъуамæ æрвыст æрцæуой проектгæнджытæм.

Республикæйы мидхъуыддæгты органты кусджытæн сæ куыстмызд æмæ социалон гарантитæ фæфылдæр кæныны тыххæй радзырдта финансты министр Хæбæлаты Азæ. Уый куыд фехъусын кодта, афтæмæй Мидхъуыддæгты министрады юрист сæ коллегæтимæ Мæскуыйы кусы бардзырды текстыл, кæцымæ гæсгæ фæфылдæр уыдзысты куыстмыздтæ.

Министры ныхæстæм гæсгæ сæ фидын райдайдзысты ацы аз.

Æмбырды ма дзырд цыд  Хуссар Ирыстоны нымæцон телеуынынад ныббиноныг кæныныл дæр. Президент Бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты комитетæн бахæс кодта, цæмæй бацæттæ кæной æмæ РХИ-йы Арæзтады министрадмæ æмæ Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл УФ-йы министрадмæ бавдисой «Фæндагон картæ» республикæйы нымæцон телеуынынады хызæг сорганизаци кæныны фæдыл, кæцымæ гæсгæ республикæйы нымæцон телеуынынад хъуамæ кусын райдайа 1-æм августæй.

Æмбырды хайадисджытæ ма уынаффæ кодтой Инвестпрограммæ реализаци кæныны æндæр ахсджиаг фарстытыл.

Бестауты Валя

____________________________________________

 

БАБÆРÆГ КОДТОЙ «ИРЫСТОНЫ ДЫРГЪДÆТТÆ»

Дарддæр уазджытæ бабæрæг кодтой Цхинвалы районы Присы хъæумæ хæстæг цы фæткъуыбæлæсты дыргъдон «Ирыстоны дыргъдæттæ», зæгъгæ, арæзт æрцыд, уый.

Бæрæг куыд у, афтæмæй уыцы проектæн рахицæн кодтой 50 гектары зæхх. Уыдонæй 10 гектары фæзуатыл хъомыл цæудзысты фæткъуыйы талатæ, уыдзæн ма дзы 200 тоннæйæн дыргътæ æфснайæндон. Проекты аргъ у 265 милуан сомы, уыдонæй хисæрмагонд фæрæзтæ сты 60 милуан сомы, иннæ фæрæзтæ хицæнгонд æрцыдысты Инвестицион агентадæй. Проект среализаци кæныны руаджы фæзындзæн 50 кусæгон бынаты. Базарадон маркæ «Ирыстоны дыргъдæттæ» гæнæн ис суа дыргъты кондады къабазы Хуссар Ирыстоны бренд.

Проект «Ирыстоны дыргъдæттæ»-йы инвестор Константин Ластович уазджытæн куыд радзырдта, афтæмæй æдæппæт сагъд æрцыд 165 мин талайы.

Талатæ сагъд æрцыдысты иууыл нырыккондæр методмæ гæсгæ. Æдæп-пæт ныссагътой фæткъуыты 5 хуызы æндæр æмæ æндæр сорттæ. Талатæ иууылдæр ласт æрцыдысты Сербийæ. Уырдыгæй сæ уымæн æрластой æмæ уыдон мах климатон уавæрты хорз рæзынц. Цалынмæ талатæ бынатмæ не ‘рластой, уæдмæ æмбæлон куыст бачындæуыд мæры сахуыр кæнын æмæ йын анализ саразыны фæдыл, цæмæй талатæн, гæнæнуæвгæйæ, хуыздæр уавæртæ арæзт æрцыдаид нæ климатыл æрцахуыр уæвынæн. Сæрмагонд шлангтæ ныппæрстæуыд алы талайы бын дæр донхæр кæнынæн.

Уазджытæн ма Константин Ластович куыд дзырдта, афтæмæй проект фæстæдæр рауæрæх кæндзæн æмæ кусдзысты дыргътæй продукци уадзыныл. Фидæны, дам, фæнд кæнæм дыргъы дæттæ, джем, павидлæ æмæ æндæр хуызы продукци уадзын. Хъавæм ма, зæгъ, талахъомылгæнæн саразын дæр. Уымæй дарддæр ма Ластович загъта, ацы аз тыллæг райсынмæ кæй æнхъæлмæ кæсынц.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.