РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы сæргълæудæй ауагъд æрцыд Хицауады радон рабадт.

Сæ профессионалон бæрæгбон дипломатон кусджытæ, арæнхъахъхъæнджытæ, библиотекæты кусджытæ кæй банысан кодтой, уымæ гæсгæ ацы фадгуыты кусджытæн ракодта зæрдæбын арфæтæ. Хицауады Сæрдар уæлдай райгондæй банысан кодта 29 майы нæ республикæйы Хæдбардзинады тыххæй Акт расидыны бон.

Уый фæстæ Пухаты Эрик æрдзырдта ихуард æмæ тыхдымгæ нæ республикæйы цæрджыты хæдзæрттæн, бæлæстæн æмæ цъæхдарæнтæн цы зиæнттæ ракодта, уыдоны тыххæй. Бафæдзæхста горæты æмæ районты администрациты сæргълæуджыты, цæмæй цæрджытыл æрдзы хивæнд миты аххосæй цы зиæнттæ æрцыд, уыдонæн арæзт æрцæуа номхыгъд æмæ бацæттæ кæной сметæйон документаци сæ аиуварс кæныны тыххæй.

«Уый тыххæй Хицауады фондæй цы фæрæзтæ рахицæн æрцæуа, уыдон хъуамæ хардз æрцæуой æмбæлонæй, æнæпаплойæ», – банысан кодта Пухаты Эрик йæ раныхасы.

Горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан æмæ Хицауады уæнгтæ æмхъæлæсæй сразы сты Фидауынгæнджыты уынгыл 12-æм бирæуæладзыгон хæдзары уæлхæдзары арæзтадæн 2 милуан 661 мин сомы рахицæн кæныны тыххæй. Пухаты Эрикы хæслæвæрдмæ гæсгæ арæзтадон бригадæ уайтагъд æрывнæлдтой куыстытæм.

Нæ республикæйы Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георги рабадты хайадисджытæн фехъусын кодта, Цоциты Аллæ Русланы чызджы йæ фыццаг хæдивæгæй снысан кæныны тыххæй.

«Уымæй размæ та уыд хæдивæг æмæ уыцы бынаты Аллæ йæхи равдыста цæсгомджын æмæ, бæрндзинад чи æнкъардта, ахæм адæймагæй. Уый руаджы раст организаци цыдысты фыццаг æххуысы медикаменттæ æмæ хостæ. Ныр та йæм æнхъæлмæ кæсы ноджы стырдæр æмæ бæрнондæр хæстæ», – загъта Тотчиты Георги.

Хицауады Сæрдар ныфс бавæрдта, йæ ног бынаты Цоциты Аллæ йæ куыстмæ йе ‘ргом тынгдæр кæй аздахдзæн, уымæй.

Дарддæр Хицауады уæнгтæ æркастысты «Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты цæрæнуат хынцын æмæ дæттыны цæрæнуатон политикæйы тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проектмæ. Йæ раныхасы Коцты Алан куыд банысан кодта, афтæмæй дзырд цæуы 29-æм цæрæнуатон-арæзтадон кооперативы уæнгты рады лæуджыты номхыгъдмæ хицæн категорийæ ба-хæссыныл. Уыдонæн сæ хæдзæрттæ, гуырдзыйы агресси кæй райдыдта, уымæ гæсгæ кæронмæ арæзт не ‘рцыдысты. Фарстыл уынаффæ кæныны рæстæджы скъуыддзаг æрцыд, цæмæй æргъæвд æрцæуа фæстæдæр æмгъуыдмæ, Закъоны проектыл кæронмæ бакусын кæй хъæуы, уымæ гæсгæ. Рабадты фидар æрцыд «Постон бастдзинады тыххæй» закъоны проект, кæцыйы бавдыста бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты комитеты управленийы хистæр Бететы Роберт. Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы закъон райсын фадат ратдзæн цæрджытæн посты лæггæдты реализаци кæныны фæдыл закъондæттынады цухдзинад аиуварс кæнын æмæ социалон-экономикон æмæ политикон ахастыты хайадисджыты æмархайд фидардæр кæнын.

Бетейы фырт куыд банысан кодта, афтæмæй нырыккон дунейы постон лæггæдтæн ис уæлдай стырдæр нысаниуæг, уымæн æмæ эффективонæй ифтонг кæнынц хæдзарадон субъектты æмархайд. Постон бастдзинады æмвæзад, йæ ныхæстæм гæсгæ, у национ экономикæйы уавæры гъæдон характеристикæтæй сæ иу.

Хицауады рабадты уынаффæ цы фарстытыл цыд, уыдоны ахсджиагдæртæй сæ иу уыд 2019 азы фыццаг кварталы паддзахадон бюджет куыд æххæст æрцыд, уый.

Финансты министр Хæбæлаты Азæйы хыгъдмæ гæсгæ бюджеты æфтиæгты хай уыдис 1259 544 67 мин сомы, хæрдзты хай та 1 120 431, 51 мин сомы. Афтæмæй профицит уыдис 139 113, 16 мин сомы. Ивгъуыд азимæ абаргæйæ паддзахадон бюджеты æфтиæгты иумиаг гуырахст, ивгъуыд азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, фæфылдæр ис 55 822, 50 мин сомы, ома 4,6 проценты.

Хицауады уæнгтæ æмхъæлæсæй сфидар кодтой хыгъды, кæцыйыл ныр та уынаффæ цæудзæнис республикæйы Парламенты.

Ивындзинæдтæ бахастæуыд «2017-2019 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны рæзгæ фæлтæры удварнон-хæрзæгъдауон хъомылады» паддзахадон комплексон нысанмæ-здæхт программæмæ.

Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали йæ раныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй дзырд цæуы программæмæ грант-тæ бахæссыныл, ахуыргæнинæгтæ æмæ фæсивæды хуыздæр социалон нысаниуæджы проекттæ реализаци кæныны тыххæй.

Рабадты фидар æрцыд Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрады тыххæй уагæвæрд, кæцы бæстон кæны, министрады раз цы хæстæ лæууы, уыдоны, æмæ фадат дæтты хуыздæр сæ æххæсткæнынæн. Ивындзинæдтæ хаст æрцыдис «Республикæ Хуссар Ирыстоны фæлхасгæнджытæн лæвæрдцæуæг цæрæнуатон-коммуналон лæггæдтæн тарифтæ сфидар кæныны тыххæй» 2018 азы 26 декабры уынаффæмæ гæсгæ. Уынаффæ кæнынмæ йæ рахаста Хицауады Сæрдары хæдивæг, Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади.

Рабадты уынаффæ цыдис, хъæууон амалиуæггæнджытæн 2011 азы экономикон рæзты министрад хъалмыхъхъаг ставд фосы мыггаг товарон кредиты хуызы раттыны фæдыл хæстыл дæр.

Хъæууон хæдзарады министр Пухаты Лев фæндон бахаста, цæмæй уыдонæй кæнгæ чи нæ уыд, уыцы аххосæгтæм гæсгæ цы стуртæ амард, уыдоны фæдыл кредитон хæслæвæрдты иу хай сфыстæуа. Уыцы фосæй амардис низты æмæ транспортировкæйы фæстиуæгæн.

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли уы-мæй размæ дæр бахæс кодта, цæмæй чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады хæстæ товарон кредитты бадзырдты фæдыл бæстон æрцæуой.

Пухаты Левы ныхæстæм гæсгæ ацы фарстыл уынаффæ цыдис прокуратурæ æмæ юстицийы министрадимæ. Уый фæстæ Хицауадмæ бацыдысты ахæм фæндонимæ, цæмæй административон æфхæрдтæ æмæ пенитæй сæрибар æрцæуой уыцы фермерон хæдзарадтæ, кæцыты Ветеринари æмæ фосдарды управленийы хатдзæгмæ гæсгæ, æдæппæт, амард 242 стуры.

Министры фæндоны æвварс Хицауады уæнгтæ иууылдæр рахæцыдысты.

Рабадты ма фидар æрцыд «Сывæллон райгуырды тыххæй æрвылмæйон æххуыс 1,5 азмæ сфидар кæныны тыххæй» Хицауады Уынаффæ.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георгийы ны-хæстæм гæсгæ æххуыс уыдзæн 2000 сомы æрвылмæй, 2019 азы январæй фæстæмæ чи райгуырд, уыцы сывæллæттæн. Сæ ныййарджытæ та, азæй рацæугæ 5 мæйæн райсдзысты фæйнæ 10 000 сомы.

Рабадты ма дзырд цыдис æндæр æмæ æндæр ахсджиаг фарстытыл.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.