Уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады радон рабадт. Сæрдариуæг ын кодта Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

Рабадты раныхас кодта РХИ-йы Финансты министр Хæбæлаты Азæ æмæ æрæмбырдуæвджытæн фехъусын кодта, ацы азы фыццаг æмбисæн паддзахадон бюджет куыд æххæст æрцыд, уый тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы æм-гъуыдмæ бюджеты æфтиæгтæ уыдысты  2 миллиард 502 милуан 489, 2 мин сомы. Уыдонæй фиддонон æмæ æнæфиддонон æфтиæгтæ уыдысты 451 милуан 115, 2 мин сомы.

Паддзахадон бюджеты хæрдзтæ та, министры ныхæстæм гæсгæ, уыдысты азы фыццаг æмбисæн 2 миллиард 754 милуан 905, 6 мин сомы.

Хæбæлаты Азæ куыд банысан кодта, афтæмæй фиддонон æмæ æнæфиддонон æфтиæгтæ ивгъуыд азы уыцы æм-гъуыдмæ абаргæйæ, фæфылдæр сты 94, 7 милуан сомы. Уый, сæйраджыдæр, баст у фæсарæйнаг юридикон цæсгæмттыл фиддонтæ æвæрыны æмæ физикон цæсгæмтты фиддонтæй æфтиæгты рæзтимæ.

Бюджетон фæрæзтæ хардз кæныны приоритетон здæхтытæ, министры ныхæстæм гæсгæ, сты куыстмызд фидын, цæрджытæн социалон æгъдауæй æх-хуыс кæныны тыххæй хæрдзтæ, сывæллæтты ахуырадон æмæ хосгæнæн уагдæтты хæлцадон продукттæй ифтонг кæнын æмæ медикаменттæ æмæ хъæдгомбæттæн фæрæзтæ амал кæнынæн. Афтæ ма банысан хи æфтиæгты рæзты тенденци.

Уый ма фæндон бахаста, цæмæй фи-нансты министрадæн æххæстбартæ лæ-вæрд æрцæуой, бюджетон фæрæзтæ чи исынц, уыцы организациты хæдзарадон архайдыл контроль кæныны тыххæй.

«Бюджеты тыххæй закъоны нысан ис министрады ахæм орган саразын, кæцы контролгæнæн функцитæ æххæст кæна, бюджеты фæрæзтæ куыд æххæст цæ-уынц, ууыл. Райдианы ахæм бæрнджын къорд цалдæр адæймаджы скондæй бацæттæ кæндзæн нормативон-барадон базæ контролы эффективон системæ саразыны тыххæй. Закъонмæ гæсгæ ацы функцитæ хъуамæ æххæст цæуой министрадты æмæ ведомствоты дæр, фæлæ уый уыдзæн радон этап», – банысан кодта Хæбæлаты Азæ.

Министры ацы инициативæйы æвварс рахæцыдысты Хицауады уæнгтæ.

Пухаты Эрик Хицауады уæнгты хъусдард аздæхта республикæйы районты цæугæ æмбырдтæ арæхдæр организаци кæныны тыххæй РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы хæслæвæрдтæм.

«Хъæуы регуляронæй хъæутæм цæ-уын, цæмæй цæрджыты проблемæтимæ хуыздæр зонгæ чындæуа. Æрмæстдæр комкоммæ бынæттон цæрджытимæ ны-хас кæнгæйæ, рабæрæггæнæн ис хъуыд-дæгты æцæг уавæрæн, æцæгæй сæ цы тыхсын кæны æмæ хицауиуæгадæй цæмæ æнхъæлмæ кæсынц», – загъта уый.

Хицауады Сæрдар æрдомдта къухдариуæггæнджытæй, цæмæй йæм дыууæ боны æмгъуыдмæ бавдисой цæугæ рабадтыты плантæ.

Рабадты рæстæджы ивындзинæдтæ хаст æрцыдысты арæнгæрон зонæмæ цæуыны фæткойтæм, кæцытæ здæхт сты сæ фæкарздæр кæнынмæ, арæнхъахъхъæнджытæ агурæн æмæ оперативон-фæдагурæн мадзæлттæ куы æххæст кæной, уыцы рæстæджы. Ахæм рæстæджы райсгæ уынаффæмæ гæсгæ, гæнæн ис æмбæстæгтæн бар лæвæрд ма цæуа арæнгæрон зонæмæ бацæуын. Гуырдзыстонмæ паддзахадон арæнгæрон 100 метрон уаццаджы уæвæг цæрæн пунктты цæрджытæн сæ бон у, арæнгæрон органы æввахсдæр дæлхайы хисдæрæй бар нæ райсгæйæ, уой ацы банысангонд бынæт-ты цæрæн пунктты.

Рабадты уынаффæ цыдис бынæттон газеттæ æмæ журнал рафыссыны фарстыл дæр. Ацы фарст ныр бирæ азты дæргъы карзæй лæууы  сæ тиражтæ сты тынг цъус.

Хицауады Сæрдар æрсидт министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæм, цæмæй рафыссын кæной бынæттон периодикон мыхуыр. «Республикæйы министрадтæ æмæ ведомствоты æппæт кусджытæ дæр хъуамæ рафыссой бынæттон газеттæ æмæ журнал», – загъта уый.

 

УАЗÆГДОНЫ БЫНАТЫ УЫДЗÆН НОГ УАЗÆГДОНЫ

РХИ-йы Хицауады рабадты дзырд цыд уазæгдон «Ирыстон»-ы арæзтады фарстытыл. Хицауады Сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйы сæйраг горæтæн йæ историон, централон хай у йæ визитон карточкæ æмæ йæ мах ногæй аразæм куыд иууон ансамбль, афтæ, йæ архитектурон хуыз ын бахъахъхъæнгæйæ. «Уазæгдон «Ирыстон», дæр, историон цыртдзæвæнтæм хаугæйæ, ис ацы ансамблы æмæ мах хъуамæ æппæт дæр саразæм, цæмæй йын бахъахъхъæнæм йæ раздæры хуыз», – банысан кодта Хицауады Сæрдар. Йæ ныхæстæм гæсгæ закъазгæнæджы, кæцы у экономикæйы министрад, æппæт домæнтæ дæр дырысæй æххæст æрцæудзысты. Куыд рабæрæг, афтæмæй экспертты хатдзæгмæ гæсгæ уазæгдоны бæстыхай ис аварион уавæры  æмæ йæ хъæуы ныппырх кæнын. Фæлæ проектгæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ног цыппарстъалыджын уазæгдоны арæзтады рæстæджы спайда кæндзысты фасады раздæры дизайнæй, ома, йын аразджытæ бахъахъхъæндзысты йе ‘ддаг хуыз. Ныртæккæ куыст цæуы проектыл, кæцы хъуамæ фæуа октябры мæймæ, декабры та цæттæ уыдзæнис æппæт проектон сметæйон документаци. Аразджытæ бæстыхай пырх кæнынмæ æрæвналдзысты сентябры мæйы.

Проекты инициатор у компани «Интурист-Осетия», кæцыйы сæргъ лæууы Бердиаты Вадим. Уый ацы хъуыддаджы æвæлтæрд нæу. Проект бацæудзæн 2018-2019 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг программæмæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.