7-æм июлы уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады рабадт. Сæрдариуæг ын кодта РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид.

Рабадт райдыдта организацион фарстæй. РХИ-йы Паддзахадон таможнæйон комитеты сæрдары хæдивæгæй нысан æрцыд Гуыцмæзты Алан Русланы фырт. Гуыцмæзты Аланæн хорз характеристикæ радта Хицауады Сæрдары хæдивæг Козаты Димитр. Банысан ын кодта йæ профессионалон æмæ адæймагон миниуджытæ профилон структурæйы йæ куысты фæлтæрддзинад.

Дарддæр рабадты хайадисджытæ уынаффæ кодтой æрæджыйы тæрккъæвдаты фæстиуæгæн кæй хæдзæрттæн разианчындæуыд, уыдонæн материалон æххуыс бакæныныл. Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Плиты Алан куыд банысан кодта, афтæмæй Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытимæ иумæ банымадтой, Гуджабары хъæуы цы æртæ цæрæн хæдзары æмбæрзтытæн разианчындæуыд, уый. Уыцы зиан та у алкæцы бинонтæн дæр 63 мин сомы.

«Мах ссардзыстæм фæрæзтæ, цæмæй баххуыс кæнæм æрдзон æнамонддзинадæй зиæнттæ кæуыл æрцыдис, уыцы æмбæстæгтæн, уый у нæ хæс, – загъта Тыбылты Леонид. – Фæлæ ма ноджыдæр ис цалдæр ахæм цауы æмæ курæг дæн, цæмæй бæрнон службæтæ саразой иууон номхыгъд проблемæ комплексон æгъдауæй аскъуыддзаг кæнынæн.

Рабадты РХИ-йы Финансты министр Хæбæлаты Азæ дзырдта «2016 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проектыл. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ивындзинæдтæ хаст æрцыдысты, сноггонд Фиддонты кодекс йæ тыхы кæй бацыд, афтæ ма 2015-2017 азтæн Инвестпрограммæмæ коррективтæ хаст кæй æрцыдысты æмæ æндæр ахæмты тыххæй дæр. Уымæй дарддæр ма бюджеты хæрдзты хайыл фæзындзысты бæрзондтехнологион медицинон æххуыс бакæнынæн, ведомствæйон уагдæттæ цалцæг кæнынæн, паддзахадон ансамбль «Симд»-æн баххуыс кæнынæн æмæ æндæр ахæмтæн фæрæзтæ рахицæн кæнын. Рабадты хайадисджытæ хорзыл банымадтой закъоны проекты æмæ райст æрцыд уынаффæ, цæмæй æрвыст æрцæуа Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламентмæ æркæсынмæ.

Министр куыд фехъусын кодта, афтæмæй фиддонтæй æфтиæгтæ план цæуы 14993,9 мин сомы фæфылдæр кæнын, æнæфид-донон æфтиæгтæ та – 14384,2 мин сомы.

Дарддæр рабадты хайадисджытæ сфидар кодтой 2016 азы 2-аг æмбисæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады закъондæттынады архайды план. Афтæ ма фидар æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны таможнæйон комитеты структурæ æмæ кæройнаг штатон нымæц, зæххыты фæдыл паддзахадон мониторинг æххæст кæныны тыххæй Уагæвæрд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон унитарон куыстуæтты финансон-хæдзарадон архайд бæстон кæныны тыххæй йæ раныхасы æрдзырдта РХИ-йы Экономикон рæзты министр Зæгъойты Вильям. Йæ раныхасы сæйраг мидис уыдис паддзахадон куыстуæтты финансон-хæдзарадон архайды план аразын, æркæсын æм æмæ йæ сфидар кæныны фæткыл.

Зæгъойты Вильям ма рабадты хайадисджытæн дзырдта республикæйы унитарон куыстуæтты архайды контролы фæдыл æхсæнведомствæйон къамис саразыны тыххæй дæр.

Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти куыд банысан кодта, афтæмæй уыдоны хъæуы фæивын хæдзариуæгады формæ, уымæн æмæ ахæм хуызтæ сты чысылэффективон. Кæцы куыст-уæттæ хæссынц пайда æмæ скуынæг кæнын кæй хъæуы, уыдæттæ сбæлвырд кæныны тыххæй та арæзт æрцыд æхсæнведомствæйон кусæгон къорд, кæцы хъуамæ анализ сараза, уыцы куыстуæтты финансон хæдзарадон архайдæн.

Президент куыд банысан кодта, афтæмæй паддзахадон унитарон куыстуæтты фæдыл фарстыл фаг нæ куыстой, кæмæ фидар цыдысты, уыцы министрадты.

«Ахæм проблемæтæ хъуамæ скъуыддзаг цæуой оперативондæрæй, хицауиуæгады æппæт æмвæзадты æнгом архайдæй» – загъта уый.

РХИ-йы Хъæууон хæдзарады министр та рабадты хайадисджыты базонгæ кодта РХИ-йы Хъæууон хæдзарады министрады куыстимæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй цæмæй республикæйы цæрджытæ бынæттон хъæууон хæдзарадон продукттæй æххæстæй ифтонг цæуой, уый тыххæй нæмыгон культурæты хуымзæххытæ хъæуы фæфылдæр кæнын.

Рабадты ма уынаффæ цыдис республикæйы дарддæр газификаци кæныны фарстыл.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, ацы хъуыддаджы къухты бафтыд бæрæг æнтыстытæ. Уæрæсейаг фарс, бæлвырддæрæй та акционерон æхсæнад «Газпром»-ы сæргълæууæг Алексей Миллер æмбаргæ ахаст дары республикæйы разамынады фæндæт-тæм, фæлæ ис хæстæ хуссарирыстойнаг фарсыл дæр, кæцытæ æххæст гуырахстæй æххæст нæ цæуынц.

«Республикæйы газотранспортон хызæджы рæзты фарст у ахсджиагдæр уавæр экономикæйы иумæйаг рæзтæн æмæ мах дарддæр дæр кусдзыстæм ацы хъуыддагыл нæ уæрæсейаг коллегæтимæ иумæ. Хъæуы банысан кæнын, нæхи фарсæрдыгæй мах цы хъуамæ аразæм, уый æххæстæй кæй нæ аразæм. Æз дзурын Уæрæсейы энергоресурстæ æрвитджыты раз хæсы тыххæй, кæцы схызт 300 милуан соммæ. Æмæ дарддæр дæр рæзы, рæстæгыл сæ алчи кæй нæ фиды, кæнæ та бынтондæр кæй нæ фиды, уый аххосæй», – загъта Тыбылты Леонид. Æмæ профилон структурæтæй карзæй æрдомдта, цæмæй ахадæн мадзæлттæ райсой бахардзгонд электроэнерги æмæ газы тыххæй æхцайы æмбырдты бæрц фылдæр кæныны тыххæй.

Паддзахады сæргълæууæг ма хъусдард аздæхта æхсæнведомствойы æмархайды æмæ æмбæстæгты куырдиæттимæ кусыны культурæ фæбæрзонддæр кæныны æнæмæнг-хъæуындзинадмæ.

«Æмбæстæгты куырдиæттимæ куысты организаци цас раст æмæ гъæдджынæй æвæрд уа, уымæй æвдисы бирæ паддзахадон æмæ æхсæнадон проблемæтæ куыд скъуыддзаг цæуынц, уый. Уымæ гæсгæ æз сидын алкæмæ дæр, цæмæй рæстæгыл лæвæрд цæуа цæрджыты куырдиæттæн дзуапп æмæ хъахъхъæд цæуой не ‘мбæстæгты законон интерестæ» – загъта Президент Тыбылты Леонид.

 

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.