Хатт горæты цæрджыты бынтондæр æрбайрох вæййы, адæймаг кæй у æрдзы хъæбул, бæлвырддæрæй та — стыр хъомысджын системæйы иу хай, кæцыйы фæзындтыты мах банкъарæм дымгæ куы фæдымы, къæвда кæнæ мит куы фæуары, уæд. Æмæ мах цасфæнды нæхи ма хизæм æрдзы фæзындтытæй, уæй уæддæр уый нæ къухты æххæстæй никуы бафтдзæн.

Уымæн æвдисæн у боныгъæды æндæвдад адæймаджы æнæниздзинадыл. Ахæм фæзындтытæ, куыд атмосферон æлхъывдад, уæлдæфы уымæлад æмæ температурæ куыд æндавынц нæ хиæнкъарынадыл, уый тыххæй дзырд цæуы ацы уацы.

Боныгъæды æндæвдад адæймаджы æнæниздзинадыл кæддæриддæр у индивидуалон

Ис ахæм адæймæгтæ, кæцытæ сæ царды уавæртæ æмæ архайдмæ гæсгæ арæх цæуынц иу ранæй иннæ ранмæ, иу бæстæйæ иннæ бæстæмæ æмæ бахауынц куы тæвд бынатмæ, куы та — уазал бынатмæ. Æмæ бирæтæ уый æппындæр ницæмæ æрдарынц. Бирæтæ та йæ зынтæй сфæразынц æмæ хуыздæрыл банымайынц ахæм балцыты нæ цæуын.

Ис ахæмтæ дæр, æмæ боныгъæды фæивдимæ фæивы сæ зæрдæйы уаг дæр, чидæртæ та бынтондæр нæ фæхатынц атмосферон æлхъывдад æмæ температурæйы фæивд. Вæййы афтæ, æмæ, хæдзарæй ра-хизгæйæ, бирæтæ рынчын кæнын райдайынц, атмосферæйы чысыл ивындзинæдтæ куы ‘рцæуынц, уæд дæр. Ахæм бæрзонд æнкъарынады хонынц метеодæлбардзинад. Ахæм адæймæгтæм, куыд фæтк, афтæ хауынц зæрдæдадзинты низтæй рынчынтæ, бирæ чи кусы æмæ цъус чи улæфынц, афтæ ма æдзух чи фæллайынц, ахæмтæ.

Адæймаг цас фылдæр низтæй рынчын у, уыйас йе ’нæниздзинадыл боныгъæд æндавы тынгдæр. Ахæм стыр æндæвдадмæ та æркæнынц тугда-дзинты атеросклероз, улæфæн органты низтæ, аллерги, неврастени, афтæ ма æрхæгты кæцыфæнды низтæ дæр. Уы-мæй дарддæр ма тамако дымын æмæ наркотикты зиан уый мидæг дæр ис, æмæ кæй фæтынгдæр вæййы метеоæнкъарындзинад.

Атмосферон æлхъывдады æндæвдад

Махæн алкæмæй комфортон дæр у атмосферон æлхъывдад 750 мм джынасуйы (ртуть) цæджындз. Иу чысыл дæр иннæрдæм куы фæуа, уый дæр гæнæн ис æвзæрæрдæм бандава адæймагыл. Атмосферон æлхъывдад куы фæкъаддæр вæййы, уæд æй фыццаг банкъарынц, туджы æл-хъывдад ныллæг кæмæн у æмæ зæрдæнизджынтæ чи сты, уыдон. Хатт уый бандавы астмæйæ рынчынтыл дæр.

Уæлдæр кæй кой ракодтам, уыдонмæ фæзыны лæмæгъдзинад æмæ сын нæ фæфаг кæны улæфт. Ныллæг атмосферæйон æлхъывдад иууыл тынгдæр бандавы гипертониктыл, кæцытæ хъизæмар кæнынц сæры рыстæй.

Ахæм бонты хорз у бирæ дон нуазын, уæлдайдæр, цъæх цай, раджы бафынæй кæнын æмæ хиæнкъарынад фæхуыз-дæр кæныны тыххæй кæрдæджыты донбадтæ нуазын. Атмосферон æлхъывдады бæрзонд æмвæзад дæр бандавы, гипертонийæ чи тыхсы, уыцы адæймæгтыл.

Ахæм рæстæджы æрхауы иммунитет æмæ туджы фæкъаддæр вæййы лейкоцитты бæрц. Уыцы бонты хи бахизын хъæуы стресстæй, хæрын хъæ-уы, кали кæм ис, ахæм продукттæ, фылдæр рæстæг хъæуы улæфын.

Температурæйы ивындзинæдтæ

Уæлдæфы температурæ цæхгæр раив-баив кæны уал-дзæджы æмæ фæззæджы æмæ адæмæй бирæтæн бандавы сæ зæрдæйы уагыл психологон æгъдауæй. Уæлдæфы температурæ тынг куы фæ-хъарм вæййы, уæд уый æвзæ-рæрдæм бандавы астматиктыл. Æнæнхъæлæджы уазæлт-ты рæстæджы фæкарздæр вæййынц хроникон низтæ. Адæмæн сæ фылдæрæн фе-хæлы сæ зæрдæйы уаг, хиуыл нал фæконтрол кæнынц. Дохтыртæ уый бæттынц организмы бæлвырд буарадты сæвзæр-димæ.

Уалдзæг кæнæ фæззæджы фæзыны ахæм фарст: цы аразын хъæуы рагъыстæг (позвоночник) куы рисса, уæд? Фылдæр хатт йæ аххосаг вæййы боныгъæды æндæвдад. Уый тыххæй рагацау хъæуы байхъусын боныгъæды прогнозмæ, кæд атмосферон æлхъывдад æмæ уæлдæфы температурæ раив-баив кæна, уæд сплан кæнут уыцы бон уæ хъуыддæгтæ, аргъæвут ахс-джиаг фарстатæ.

Температурæйы ивындзинæдты рæстæджы сывæллон æвзæр куы фынæй кæна, уый дзурæг у метеоæндæвдадыл. Сывæллон куыд рæза, афтæ уыцы æндæвдад дæр æрбай-сæфы.

Магнитон тымыгътæ

Алчидæр æй зоны, магнитон тымыгътæ адæмæн сæ фылдæры кæй хъыгдарынц, уый. Куыд ис уымæн бамбарæн? Фылдæр хатт, боныгъæд æмæ магнитон тымыгътæ чи хъусын кæны, уый зæрдыл дарын кæны алыгъуызон космикон æмæ геофизикон факторты, кæцытæ æндавынц æнæниздзинадыл. «Геомагнитон фон у знæт», — ацы фразæ нысан кæны уый, æмæ гипертониктæ æмæ тугдадзинтимæ баст æндæр низтæй рынчынтæ тыхсдзысты. Ахæм бонты фылдæр адæймæгтæ бахауынц рынчындæттæм, сæ уавæр февзæрдæр вæййы зæрдæни-зæй рынчынтæн дæр.

Боныгъæды æндæвдад рабæрæг вæййы уымæй, æмæ ги-пофизы куыст февзæрдæр вæййы. Уый та ахъаз кæны нæ алфæмблайыл æрцахуыр уæ-вынæн æмæ буарадты ивдæн. Уый фæстиуæгæн гæнæн ис æмæ фехæла биологион ритм æмæ адæймаг æдзух уа фæтыхджындæргонд стрессы уавæры. Ахæм бонты бирæтæн зын вæййы æгъуыссæгдзина-дæй фервæзын, вæййынц фæлладгъуыз, мæстыгæр.

Куыд фервæзæн ис метеоæндæвдадæй?

Ис фервæзæн боныгъæды раив-баивæй? Кæй зæгъын æй хъæуы, æмæ хъæугæ дæр кæны. Алы адæймаджы дæр фæнды, цæмæй уа йæ хиæн-къарынады, йæ зæрдæйы равджы хицау. Боныгъæды æндæвдад ын ма хъуамæ хала йæ плæнттæ.

Уæдæ цæмæй адæймаг сæрибар уа зæрдæйы равджы раив-баивтæй æмæ æндæр æппæрццаг æнкъарæнтæй, уый тыххæй аразын хъæуы ахæм процедурæ, куыд донæй организмы фæлтæрын. Уымæй дарддæр ма тынг хорз æххуыс кæны ленк кæнын, спортивон цыд æмæ спорты æндæр хуызтæ. Уыдон бирæ тых хардз кæнын нæ домынц. Хорз у фылдæр сыгъдæг уæлдæфмæ тезгъо кæнын, афтæ ма фаг фынæй кæнын дæр.

Сæрмагонд хъусдард аздахын хъæуы психологион уавæрмæ дæр. Боныгъæд кæуыл æндавы, уыдоны хъæуы эмоционалон коррекци — аутогенон фæлтæрæнтæ, йога, алыгъуызон медитацион техникæтæ. Боныгъæд цæхгæр куы фæива, уæд бирæ хæрын нæ хъæуы, хи хизын хъæуы эмоционалон æмæ физикон уæззау фæлварæнтæй, аразын хъæуы хи лæмæгъгæнæн массажтæ.

Рæсугъд æмæ уындджын уæвын сæ бæллиц кæмæн у, уыцы сылгоймæгтæн ахæм фæдзæхстытæ баххуыс кæндзысты канд се ’нæниздзинад сфидар кæнынæн нæ, фæлæ ма фæхуыздæр уыдзæн сæ бакаст дæр. Хорз зæрдæйы уаг у æвзонгад бахъахъхъæныны хуыздæр фæрæз. Уæдæ боны-гъæдæн фадат ма дæттут уæ хиæнкъарынад æвзæрдæр кæнынæн. Адæймаджы æнæниздзинадыл боныгъæды æндæвдад бирæбæрцæй æвдисы йæ мидæнкъарæнтæ æмæ царды активондзинадæй. Кæд æмæ цæттæ стут уе ’нæниздзинад фидардæр кæнынмæ æмæ уæ ныфс ис æнтыстытæ къухты бафтын кæнынæй, уæд уын ницахæм боныгъæдтæ уыдзысты тæссаг.

Мыхуырмæ йæ бацæттæ кодта Дзебысаты Гуло

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.