СКЪОЛАДЗАУТЫ ЦЫТДЖЫН ХЪАРАГЪУЛ

Абон æрыгон беларусæгтæ стыр кадыл нымайынц сæ бæстæйæн службæ кæныны хъуыддагæн æмæ сæ истори фидарæй сахуыр кæнынæн. Традицион сын ссис, дардыл йæ кой кæмæн айхъуыст, уыцы Бресты фидары Æнусон арты цур цытджын хъарагъулы ралæуд, кæцыйы хайад исынц, æрмæстдæр г. Бресты скъолаты хуыздæр ахуыргæнинæгтæ  æмæ афтæмæй арынц Фыдыбæстæйон хæсты быдырæй чи нал æрæздæхт, Бресты фидар хъахъхъæнгæйæ йæ мæлæт чи ссардта, уыдон рухс нæмттæ. Алы бон дæр райсомæй изæрмæ, ссæдз минутæй ссæдз минутмæ хъарагъулы ивынц 25 ахуыргæнинаджы. Уыдонæй алкæмæндæр ацы традици у, куыд патриотикон æмæ сæрыстырдзинады æнкъарæнтыл хъомыл кæнын, сæ хъахъхъæнджытæн кад кæнын, афтæ. Уыдон стыр кадыл нымайынц сæ райгуырæн бæстæйæн кæй службæ кæнынц, уый. Цытджын хъарагъулы архайды традици у, куыд бæстæйы визитон карточкæ æмæ уымæй дардыл айхъуыстис сæ кады ном.

ÆВИРХЪАУ ХÆСТ ÆМÆ БРЕСТЫ ФИДАРЫ ХЪАХЪХЪÆНДЖЫТЫ ХЪАЙТАРДЗИНАД

Бресты фидары хъайтардзинады истори райдыдта 1941 азы 22 июны немыцаг фа-шистты фыццаг æвирхъау мæлæтдзаг цæфтæ йæхиуыл куы бавзæрста, уæд. Хъахъхъæнджытæ æнæмсæр тохты куыд сæ бон уыдис, афтæ  кæронмæ лæууыдысты знаджы ныхмæ æмæ йын аккаг ныхкъуырд лæвæрдтой, немыцæгтæ æнхъæл куыд нæ уы-дысты, афтæ.

Немыцаг фашистты æрбабырсты фыццаг бонты Бресты горæты дæр иттæг уæззау уавæр сæвзæрд. Немыцаг æфсад æрбаввахс сты фидармæ æмæ уырдыгæй хæст самадтой. Зындгонд Барбаросы планмæ гæсгæ фидар хъуамæ систаиккой 8 сахатмæ æмæ уырдыгæй та сæ ных сарæзтаиккой Мæскуымæ. 22-æм июны райсомæй раджы 4:15 сахатыл Бресты фидары алыгъуызон артиллерион æхсæнгарзæй райдыдта æхсын, Гитлер сæрыстыр кæмæй уыд, уыцы немыцаг фистæг æфсады 45-æм элитон дивизи. Ацы дивизи фюрерæн уыдис равзаргæдæр, уымæн æмæ йын æххæст кодта йæ домæнтæ. Знаг æнæнхъæлæджы атакæ кæй сарæзта Бресты фидарыл, уый тынг æвзæр бандæвта йæ хъахъхъæнджытыл. Æвиппайды нæ фæцарæхстысты æмæ нæ сорганизаци кодтой ныхмæлæуд æмæ гарнизоны æфсад цалдæр дихы фæцис. Бæрæг куыд у, афтæмæй уыцы рæстæджы Сырх Æфсады æхсæг æмæ артиллерион дæлхæйттæ, афтæ уæлдæр командæгæнджыты сконд дæр, планмæ гæсгæ уыдысты æфсæддон ахуырты, ома, фидарæй ацыдысты раздæр. Бресты фидары ма баззадысты æфсадæн се ‘рдæгæй къаддæр, се ‘хсæн уыдысты сылгоймæгтæ, сывæллæттæ æмæ госпиталы чи хос кодтой, уыцы салдаттæ, зæрæдтæ. Фæстæдæр æфсæддон историктæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй Бресты фидары Сырх æфсады рæнхъыты уыдис 30 нацийы минæвæрттæ, уыдон æхсæн ирæттæ, беларусæгтæ, украинæгтæ, узбектæ, гуырдзиæгтæ, уырыссæгтæ, тæтæйрæгтæ, цæцæйнæгтæ æмæ æндæртæ. Æмæ сæм ныббырста немыцаг хотыхджын æфсад, кæцыйы сконды уыдис 19 мин адæймаджы.

Бресты фидар цы уавæры ис, куыд арæзт у æмæ куыд хъахъхъæд цæуы, уый немы-цæгтæ тынг хорз зыдтой, уымæн æмæ цалдæр азы размæ уыдис сæ къухы. Фашисттæ куыд нымадтой, афтæмæй тыхджын артиллерион æхстыты, авиабомбæты æркалдæй, адæмы фæтæрсын кæндзысты æмæ рацæудзысты æдтæмæ. Уæд та, зæгъгæ, тынг æнцонтæй бацахсдзысты Бресты фидары æмæ йæ асыгъдæг кæндзысты йæ хъахъхъæнджытæй. Ам немыцæгтæ спайда кодтой уæззау артиллерион æхсæнгарз «Карл»-æй дæр, кæцы дæрæн кодта бæзджын къулты æмæ пырх цыдис, нырма фынæй кæм кодтой, уыцы фидар. Сыгътой æмæ пырх кодтой сæ разы цыдæриддæр уыдис, уыдон. Фæнык-иу фестын кодтой хæдзæртты, мардысты пырхæнты бын æфсæддон службæгæнджытæ, сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ. Бресты фидары хъахъхъæнджытæ æнæнхъæлæджы цæф кæй баййæфтой, уый тыххæй нал зыдтой, цы ма акæной, уый. Нал сын уыдис казармæтимæ бастдзинад дæр æмæ афтæмæй хицæн къордтæй ихуарæгау нæмгуыты бын архайдтой хæсты артæй сæхи ратоныныл æмæ исты амæлттæ скæнын, сæ фидар бахъахъхъæныныл æмæ знаджы ма рбауадзыныл. Ныр дунейæн зындгонд чи у, уыцы афицер, 44-æм æхсæг полчы командир Петр Гавриловæн уæд бантыст куыддæрты йæхи æфсæддон хаймæ баивæрзын, фæлæ адæмы фидарæй рахизын кодтаид, уый гæнæн дзы нал уыд…

Бресты фидары ныгуылæнæрдыгæй арæнхъахъхъæнджытæ аккагæй æрлæууыдысты знаджы ныхмæ, фæлæ пырхытæ, кæрæдзийæ иппæрд кæй уыдысты, уый тыххæй сæ бирæ рæстæг сæ бон не ссис бауромын. Æмæ уæд Тересполаг дыуæрттыл атакæгæнджытæ æрбабырстой Цитадельмæ. Уайтагъд немыцæгтæ бацахстой кæцыдæр казематты, афицерты хæрæндон æмæ клуб.. Афтæмæй сыл æрхъула кодтой хъахъхъæнджытæ æмæ сæ нысанмæздæхтæй æхстой. Немыцæгтæ уæд архайдтой, цæмæй фæстæмæ алæууыдаиккой æмæ та сыл арæнхъахъхъæнджытæ сæмбæлдысты карз тохимæ. Сæхиуæттæм сын ахизыны фадат кæй нал дæттой, уый тыххæй бамбæхстысты æмæ сын сæ артиллери баххуыс кодтаит, уый сæ бон нæ уыд, уымæн æмæ гæнæн уыдис æмæ ныццагътаиккой сæхиуæтты – немыцæгты. Немыцæгтæ ацы атакæйы фесæфтой сæ хæстонты. Сырх Æфсады хæстонтæ плæнттæ кодтой сæ дарддæры тохæн, нæ дызæрдыг кодтой сæ позицитæ кæй хъуамæ ма суадзой, ууыл æмæ æнхъæлмæ кæсой цалынмæ сæм æххуысмæ нæ фæзындаиккой, уæдмæ. Уыдонæн бастдзинад кæй нæ уыдис æдтейæ, уымæ гæсгæ-иу нæ райстой дзуаппытæ сæ фæдисон фарстытæн. Кæд æмбис бонмæ горæт немыцæгты къухты уыдис, Сырх Æфсадæн сæ фæндæгтæ æхгæд уыдысты, уæддæр фидарæй лæууыдысты сæ ныхмæ æмæ уæд знаг бамбæрста куыд хъавыдысты, афтæ уæлæнгæйтты сæ къухты кæй нæ бахаудзæнис фидар æмæ уæд немыцаг командæгæнджытæ тохмæ æрбакалдтой резерв – 133-æм фистæгон полчы. Уый дæр сын стыр æххуыс нæ разынд æмæ сæ дивизийы командæгæнæг Фриц Шлипер æрбацыдис, йæ салдаттæ кæй бацахстой, уыцы фадыгмæ, цæмæй йæхи цæстæй федтаит æмæ саргъ кодтаит ситуацийæн. Уый бамбæрста, сæ бон кæй не суы-дзæнис Цитадель сисын æмæ радта бадзырд, цæмæй талынджы алæууой фæстæ-мæ æмæ та сног кæной æхстытæ уæззау æхсæнгæрзтæй. Уый немыцæгтæн уыдис сæ фыццаг алæуд фæстæмæ. Уæдмæ Бресты фидары хъахъхъæнджытæ та организаци кодтой контратакæтæ. Афтæ суткæ рацыдис хæстæй.

Дыккаг бон Бресты фидары алыварс æрхъула сты немыцæгтæ. Уыдон сæм мидæмæ рупортæй хъæр кодтой, цæмæй сæхи радтаиккой амынæты, кæннод сæ тох кæй фæкарздæр кæндзысты. Сæ фылдæр не сты немыцæгты фæндоныл æмæ фидарæй æрлæууыдысты знаджы ныхмæ. Уыдис дзы ахæмтæ дæр æмæ сæхи радтой амынæты (1900 адæймаджы). Хæстонтæ сылгоймæгты æмæ сывæллæтты куы бааууон кодтой, уæд уый фæстæ тохы бацыдысты æмæ мардтой фидармæ чи рбатыдта, уыцы фа-шистты. Ам уæд хæстон архайдтытæн къухдариуæгад кодтой хъæбатыр лейтенанттæ: Андрей Кижеватов, Александр Потапов, Анатолий Виноградов, полчы къамисар Ефим Фомин, хистæр лейтенант Николай Щербаков æмæ æндæртæ.

Бресты фидары ныккæндты уæвæг адæм, уæлдайдæр та цæфтæ, сывæллæттæ æмæ сылгоймæгтæ хъизæмарæй мардысты тæвды æмæ фæздæгæй, афтæ ма сæ фарсмæ цы мæрдтæ æвзæр кодтой, уыдон тæфæй. Иууыл стырдæр фыдæвзарæн та сын уыд, дойныйæ кæй мардысты, уый. Знаг фыццаг ныппырх кодта доны хæтæл æмæ цæугæдонмæ та кастысты топпы кæсæнтæй æмæ-иу донмæ чи рацыд, уыдонæй-иу фæхынджылæг кодтой æмæ-иу сæ афтæмæй фехстой. Æххормаг æмæ дойны адæмæн алкæцы доны æртах дæр æлхæд цыдис царды аргъæй.

Æнæрлæугæйæ Бресты фидары алфæмблай хæлдысты бомбæтæ, минæтæ, снарядтæ, фæлæ уæддæр Советон Æфсад хъæбатырæй карз тох кодтой æнæмсæр тохы. Цалдæр боны куы рацыд æмæ хъахъхъæнджытæ куы бамбæрстой сывæллæтты æмæ сылгоймæгты аивæрзын кæнын сæ бон кæй нал суыдзæн, уæд æппынфæстаг рахастой фæндон, цæмæй ма дзы чи уыдис, уыдоны дæр радтаиккой амынæты. Сылгоймæгтæм уæд æрсидт лейтенант Кижеватов æмæ сын загъта, зæгъгæ, сымах сылгоймæгтæ, фыццаджыдæр, стут ныййарджытæ æмæ Райгуырæн бæстæйы раз уе стырдæр хæс у, цæмæй аивæрзын кæнæм сывæллæтты. Лейтенант йе мкъайæн та загъта фидарæй: мæныл ма тыхсут, æз амынæты нæ бахаудзæн. Мæ фæстаг туджы æртахы онг дæр тох кæндзынæн Бресты фидар бахъахъхъæныны тыххæй, ам чи фæмард, уыдон рухс нæмтты тыххæй. Уæд знаджы къухтæй фæмард сты лейтенант Кижеватовы мад Кижеватова Анастасия, йе ʻмкъай Екатерина æмæ се ртæ хъæбулы. Мæйы кæрон лейтенант йæхæдæг дæр мæлæтдзаг цæф фæцис æмæ йын йæ амæлæты фæстæ радтой Советон Цæдисы Хъайтары ном.

29-30 июны та немыцæгтæ æнæрынцойæ авиацийы æххуысæй 2 боны штурмæй истой фидары, æркалдтой сыл 500 кг æмæ 1800 кг уæзæн бомбæтæ æмæ ныппырх кодтой бæстæ. Немыцаг штурмовиктæ батыдтой иу фортмæ æмæ ма ракодтой амынæты 400 адæймаджы. 30-æм июны немыцаг фистæг æфсады 45-æм дивизи фехъусын кодтой, Бресты фидар ныр сæ контролы бын кæй ис, уый.

Немыцаг рапорты куыд фыст уыдис, уымæ гæсгæ майор Гавриловы отряд 30-æм июнæй æртæ къуырийы бæрц хæцыдис фашистты ныхмæ.

СОВЕТОН ЦÆДИСЫ ХЪАЙТАР ПЕТР ГАВРИЛОВ

ИУНÆГÆЙ СÆ НЫХМÆ

Фæстаг хатт ма 23-æм июлы Бресты фидары хъахъхъæнджытæй немыцæгтæм амынæты чи бахауд, уый уыд майор Петр Гаврилов. Хъæбатыр афицер хæсты фыццаг уысмты бацархайдта, цæмæй аирвæзын кодтаид тырыса æмæ сусæг документтæ. Уый фæстæ æрбатымбыл кодта йæ алыварс кæрæдзийæ иппæрд чи уыдысты, уыцы дæлхæйтты командирты, хæстонты къордты æмæ афтæмæй карз тохы бацыдысты немыцаг фашистты ныхмæ. Ам кæд пырх æмæ дæрæн цыдысты, уæддæр Гавриловмæ разынд уыцы хъайтардзинад æмæ та цалдæр хæстонимæ куыддæртæй сæхи ратыдтой знагæй æмæ æрбынат кодтой, зæххы бын цы æмбæхсæн бынæттæ уыд, уым æмæ та уырдыгæй дæр тох кодтой немыцæгты ныхмæ.

Фæстагмæ Гаврилов иунæгæй баззад казематы цалдæр бон,  ныфс æй уыд блокадæ кæй сисдзысты æмæ йæ куы сисой, уæдмæ, цæмæй партизантимæ баиу уыдаид.

Æнæ донæй æмæ æххормагæй хъæбатыр хæстонæн йе уæнгты тых нал уыдис æмæ йæ уæд афтæмæй ссардтой немыцæгтæ. Кæд уæззау уавæры уыд, уæддæр та ам дæр тохы бацыд семæ. Цы гранатæтæ æмæ йæм пистолет уыд, уыдонæй йæ бон бацис цалдæр немыцаджы амарын. Хæствæллад афицер бынтондæр сæдых æмæ бавзæр. Гаврилов афтæмæй бахаудта йе знæгты къухтæм.

1957 азы Гавриловæн йæ хъайтардзинады тыххæй лæвæрд æрцыдис Советон Цæдисы Хъайтары ном. (амард 1979 азы)

1965 азы майы мæйы Бресты фидарæн радтой хъайтары ном æмæ дзы 1971 азы та баконд æрцыдис егъау мемориалон комплекс.

ÆНÆНХЪÆЛÆДЖЫ ССАРÆГГАГ – СУСÆГГАГ АРХИВ

Бресты фидар знагæй чи хъахъхъæдта, уыдон сæ фылдæр уыдысты райгуырæн бæстæйы патриоттæ æмæ сæ туджы æртах ныппырх ис фыдыбæстæйы сæрвæлтау. Фæлæ Бресты фидары хъæбатырдзинады факт афтæ тагъд нæ базыдтой СССР-ы. 1942-æм азы февралы мæйы контрабырсты фæстæ Мæскуы бынмæ Орелы районы æрцахстæуыд немыцаг фистæг æфсады 45-æм дивизийы штабы архив, цыран уыд документаци Бресты горæты æмæ фидары хæстон архайдтыты тыххæй. Уыдоны бæстонæй фыст уыдис сæ дивизийыл цавæр зиæнттæ æрцыд æмæ Сырх Æфсады хæстонтæ куыд хъæбатырæй тох кодтой, æппæт уыдæттæ. Немыцæгтæн мин æмæ æрдæгы бæрц уы-дысты сæ мæрдтæ æмæ цæфты нымæц, Советон æфсадæй та фæмард 2 мины æмæ амынæты та бахаудтой 7 минмæ æввахс адæймаджы. Уыдон дæр куыд рабæрæг, афтæмæй мард æрцыдысты. Аивæрзт дзы иугæйттæ. Бресты фидар Беларусы зæххимæ сæрибар æрцыд 1944 азы сæрды æмæ уæд æргом кодтой ацы фидары цы диссæгтæ æрцыд, уыдон дæр.

ДОНЫ БÆСТЫ ДИДИНДЖЫТÆ

Бресты фидар æрмæст тохы бынат нæ уыд, фæлæ уыд æппæт хæстонты хъæбатырдзинад æмæ æхсардзинады символ дæр. Афтæ ма стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианы трагикон цауты символ дæр. Уæд немыцаг фашисттæ бамбæрстой Советон Æфсад басæттын афтæ æнцон кæй нæу Гавриловы хуызæн хъайтартæ кæм ис æмæ цæттæ кæй сты Райгуырæн зæхх куыдфæндыйæ дæр бахъахъхъæнынмæ. Æмæ афтæ дæр рауад, æцæг стыр тугкалд æмæ бирæ фæмардуæвджытимæ. Абон Бресты фидары фенæн ис хæсты фæдтæ. Ногæй та дзы цы  егъау мемориалон комплекс сарæзтой, уый адæймаджы хъуын барц абадын кæны. Цымыдисон скульптурон композици «Жажда», зæгъгæ, дзурæг у ам дойныйæ чи хъизæмар кодта, афтæмæй знаджы ныхмæ чи лæууыд, уыдон стыр хъæбатырдзинадыл. Салдат фæстаг тыхтæй архайы, йæхи ивазы, цæмæй йе ‘фсæддон худы дон истыхуызæттæй самал кодтаит. Ныр уыцы каскæйы адæм сæвæрынц дидинджытæ. Фидары территорийыл ма сты 823 хæстонты ингæнтæ дæр, кæцытæй æрмæст 201 бæрæг сты сæ нæмттæ. Адæймаг ма дзы дисы бахауы музеймæ бахизгæйæ. Уым æвæрд сты хæсты æвдисæндартæ, фыстæджытæ, хисæрмагонд дзаумæттæ, бонæгтæ. Цæсты хауынц къултыл хæстонтæ цы фыстытæ ныууагътой, уыдон дæр. Сæрмагонд бынат ссардтой музейы ахæм рæнхъытæ: «Я умираю, но не сдаюсь. Прощай, Родина! 20 июль 1941 год» æмæ ахæм æнгæс фыстытæ. Уыдонæн абон дæр бæрæг не сты сæ автортæ, фæлæ сæ хæстон кад баззад æнустæм.

Æрмæг бацæттæ кодта

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.