Уæрæсейы зындгонд амалиуæггæнæг, не ‘мзæххон Боллоты Владимир 2013 азы Хуссар Ирыстоны цы куыстуат байгом кодта, уый нымад цæуы социалон проектыл. Йæ бакондæй та БТК-4 цæвиттон равдыста Хуссар Ирыстоны гæнæн кæй ис æмæ дзы куса инвестор. БТК-4 абон нымад у нырыккон æнтыстджын  куыстуатыл.

Ивгъуыд къуыри ацы куыстуаты минæвæрттæн фембæлд уыд журналисттимæ Sputnik-ы. Пресс-конференцийы рæстæджы куыстуаты операцион директор Денис Мелехин, акционерон æхсæнад «БТК-групп»-ы цæстдарды советы къухдариуæггæнæг Дзансолты Ермак æмæ сæ пресс-службæйы къухдариуæггæнæг Виктория Петрова, семæ æрбахастой, ныртæккæ фабрикæ цы сæрмагонд дарæс хуыйы, уыдонæй цалдæр экземпляры. Уый фæстæ Денис Мелехин радзырдта БТК-4 куыстхъомдзинады тыххæй «2020 азы рауагътам 225 мин иуæджы цæттæ продукци. Уый 20% фылдæр у 2019 азæй. Цы инфекцион низ апарахат, уый нын кæд рæстæгмæ зындзинæдтæ æрхаста, уæддæр фабрикæ йæ куыст кодта. Фабрикæйы кусы 500 адæймаджы бæрц. Зынгæ фæрæзтæ хæссæм паддзахады бюджетмæ, кусджытæ цы мыздтæ исынц, уымæй сæрибарæй дарынц сæ бинонты. Астæуккаг нымадæй амы кусджыты куыстмызд у 34 мин сомæй фылдæр. Кусджытæн ис æххæст соцпакет, ома, официалонæй сты  фидаргонд, сæ бон у ацæуой радон улæфты, рынчынтæн хъахъхъæд цæуы сæ мызд æмæ а.д. Зæгъæм, ивгъуыд аз куыстуат хъалонтæ бафыста æмæ паддзахадон бюджет баххæст кодта 35 милуан сомæй. Иумæйагæй сисгæйæ та мызд бафыста кусджытæн 166 милуан сомы. Зæгъын мæ фæнды уый æмæ хуыйæн фабрикæ æфтиæгтæ кæй нæ исы. Проект йæ сырæзтæй нырмæ у социалон æмæ филиал ам саразыны нысан дæр уыд æрмæстдæр уый тыххæй, цæмæй раздæр Ирыстоны цы хуыйæн фабрикæ уыд, уый «раудгас» кодтаид уе ‘мзæххон Боллоты Таймураз. Экономикон æгъдауæй кæд пай-да куыстуат не стæм нæхицæн, уæддæр куыстæй цы адæмы ифтонг кæнæм, уыдон нæ райгонд сты. Райдианы фабрикæ йæ куыст ногæй, ног уавæрты куы райдыдта, уæд кусджыты ахуыр кæнын хъуыд ног япойнаг хуыйæн машинæтыл кусын. Ныртæккæ уыдон сты сæ куысты дæснытæ. Махмæ нырма дæр кусы, Советон рæстæджы фабрикæйы чи куыста, ахæм цалдæр кусæджы. Уыдоныл кæд 70 азтæй фылдæр цæуы, уæддæр нырма куыстхъом кæй сты, уый тыххæй æнтыстджынæй сæ куыст кæнынц æмæ ма сæ фæлтæрддзинад, ногæй чи æрбацæуы кусынмæ, уыдонæн дæр амонынц. Цалдæр азы размæ фабрикæйы территорийыл баконд æрцыд фирмæйон магазин. Уым уæй цæуы куыд нæлгоймаджы, афтæ сылгоймаджы уæлæдарæс дæр, стæй ма скъолайы ахуыргæнинæгты æрвылбонон уæлæдарæс дæр. Рæстæгæй-рæстæгмæ уыцы ассортимент ноджы рауæрæх кæнæм», – дзырдта БТК-4 операцион директор.

БТК-4 – ахсджиаг социалон проект

Денис Мелехин куыд загъта, афтæмæй фабрикæ кусдзæн æмæ кусæгон бынæттæ хъахъхъæд цæудзысты.

Фабрикæйы пресс-службæйы сæргълæууæг Виктория Петрова та  æрдзырдта 2013 азæй, БТК-4 йæ куыст куы райдыдта, уæдæй нырмæ æмткæй проектыл æмæ уый фæстæ куыстытыл кæй бахардз 1,3 миллиард сомы. Уыцы нымæцмæ хауынц куыстмыздтæ, радон баулæфтытæ, медицинон лæггæдтæ æмæ афтæ дарддæр. 300 милуаны бæрц ахыгъд æрцыд Паддзахадон бюджетмæ. Фабрикæйы фидæныл иуæй-иутæ гуырысхо кæнынц, фæлæ уый æнæхъуаджы у. Æцæг Зæрæмæджы таможнæйыл хизгæйæ нæ товарæн ласгæ-ласын сæвзæры бæрæг зындзинæдтæ. Уыцы фарстатыл хъуамæ куыст цæуа æмбæлонæй æмæ уæд махæн дæр нæ уавæртæ фæрогдæр уыдзысты.

Таможнæйон проблемæтыл дзырдта Дзансолты Ермак дæр. «Цæмæй Санкт-Петербург æмæ Шахтæй хомыс æрласæм бынатмæ, уый тыххæй хардз æрцæуы дзæвгар æхцайы фæрæзтæ. БТК-4 Ростовы кæнæ Краснодары областæй искуы арæзт куы æрцыдаид, уæд нæ хæрдзтæ бæрæг къаддæр уыдаиккой. Мах уадзæм бадзырдтæ Хуссар Ирыстоны Хицауадимæ, цæмæй нын ацы фарсты баххуыс кæной, æмæ бæстон æрцæуой фиддонтæ æмæ таможнæйон нормæтæ. Ацы фарстыл лæмбынæг хъуамæ бакуса базарадон-сæудæджерадон палатæйы орган. Цас ацы фарстыл тагъддæр куыст æрцæуа, уый бæрц уыдзæн пайдадæр æрмæст БТК-4 кондадæн нæ, фæлæ ма алы кусæгæн дæр. Журналистты цымыдисгæнæг фарста, ома, БТК-4 хъавы æви нæ филиалтæ бакæнын республикæйы районты, Дзансолты Ермак дзуапп радта, зæгъгæ, ууыл дзурæн уыдзæн, ацы фадыджы хъуыддæгтæ куы æрнывыл уой, æрмæстдæр уæд.

БТК-4-ы минæвæрттæ ма радзырдтой, пандемийы рæстæджы республикæйы медперсоналæн сæрмагонд хъахъхъæнæн уæлæдарæсæй кæй баххуыс кодта 350 костюмæй, кæцыты иумæйаг аргъ уыд æртæ милуан сомы. Уыдон лæвæрд æрцыдысты Æнæниздзинад  хъахъхъæныны министрадмæ. Медперсонал куыд загътой, афтæмæй уыдысты гъæдджын.

Дзырдтой ма, зæгъгæ, БТК-4 къухдариуæгад кондады хъахъхъæдта æппæт нормæтæ дæр, цæмæй хæцгæ низ ма апарахат уыдаид кусджытыл. Æрвылбон дæр дезинфекци цыдысты кусæн хатæнтæ, хуыйæн машинæтæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.